Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

150 Псалом

1 Алилуйа!
      Стаут Хуыцауы Йӕ рухс Кувӕндоны;
      стаут Ӕй хъомысджын уӕлӕрвты.
2 Стаут Йӕ тыхджын хъуыддӕгтӕ,
      стаут Йӕ ӕгӕрон стырад.
3 Стаут Ӕй сыкъауадындзы зӕлтӕй;
      стаут Ӕй дыууадӕстӕнонтыл
      ӕмӕ дала-фӕндыртыл.
4 Стаут Ӕй дала ӕмӕ цӕугӕзардӕй,
      стаут Ӕй хъисфӕндыртыл ӕмӕ уадындзыл.
5 Стаут Ӕй ӕмдзӕвдгӕнӕнты зӕлтӕй,
      стаут Ӕй ӕмдзӕвдгӕнӕнты зылангӕй.
6 Алы удгоймаг дӕр стауӕнт Хуыцауы!
      Алилуйа!