Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

67 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
      Давиды псалом.
      Зарӕг.
2 Рацӕуӕд Хуыцау ӕмӕ ныффӕйлауӕд Йе знӕгты;
      Йӕ фыдгултӕ лидзинаг фӕуӕнт Йӕ разӕй!
3 Фӕздӕг куыд апырх вӕййы,
      афтӕ сӕ Ды апырх кӕн;
      мыдадз артмӕ куыд атайы,
      афтӕ фӕтары уӕнт фыдлӕгтӕ
      ӕмӕ Хуыцауы цӕсгомы раз мауал уӕнт.
4 Рӕстгӕнджытӕ та цин кӕндзысты,
      хъӕлдзӕг уыдзысты Хуыцауы раз
      ӕмӕ фырцинӕй райдзысты.
5 Зарут Хуыцауӕн, ӕппӕлут Йӕ номӕй.
      Скадджын кӕнут ӕврӕгътыл Цӕуӕджы,
      Йӕ ном – Дунедарӕг; сцин кӕнут Йӕ цӕстыты раз.
6 Хуыцау – сидзӕрты фыд
      ӕмӕ идӕдзты сӕрылхӕцӕг –
      Йӕ сыгъдӕг цӕрӕнбынаты ис.
7 Хуыцау иунӕджыты бахоны хӕдзармӕ,
      ахстытӕн суадзы сӕ рӕхыстӕ;
      змӕнтджытӕ та баззайынц хурсыгъд зӕххыл.
8 О Хуыцау, Дӕ адӕмы разӕй-иу куы рахызтӕ,
      ӕдзӕрӕг быдыры-иу разӕй куы цыдтӕ, ||
9 Уӕд зӕхх ӕнкъуысыди,
      суанг арв дӕр лӕдӕрсӕнтӕ кодта Хуыцауы раз,
      Синайыл[14] Чи уыди, уыцы Хуыцауы,
      Израилы Хуыцауы раз.
10 Ды ӕруагътай бӕркады уарын, Хуыцау;
      Дӕ хуыскъ бындуртӕн уыдтӕ ӕгасгӕнӕг,
11 Дӕ дзуг уым ӕрцарди;
      Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ, Хуыцау,
      мӕгуыртӕм уыдтӕ рӕдау.
12 Хуыцау радта Йӕ ныхас,
      ӕмӕ уый хъусын кодтой стыр дзыллӕтӕ:
13 «Паддзахтӕ ӕмӕ се 'фсӕдтӕ
      лидзынц ӕмӕ лидзынц,
      хӕдзаргӕс сылгоймӕгтӕ та
      ныридӕгӕн амӕддаг уарынц.
14 Кӕд кӕртытӕй ӕддӕмӕ нӕ рахызтыстут,
      уӕддӕр, бӕлонӕн йӕ базыртӕ ӕвзист бамбӕрзта,
      йӕ систӕ та – сызгъӕрин.
15 Уӕд Ӕппӕтхъомыс[15] ныппырх кодта паддзӕхты,
      ӕмӕ уый уыди митуарынау Селмоны хохыл».
16 Басаны хох – бӕрзонд хох,
      Басаны хох – бирӕфцӕгджын хох!
17 Хӕлӕгӕй цӕмӕн кӕсут, цыргъсӕр хӕхтӕ,
      Хуыцауы цӕрын кӕуыл бафӕндыди
      ӕмӕ Дунедарӕг мыггагмӕ
      кӕуыл цӕрдзӕн, уыцы хохмӕ?
18 Хуыцауы хӕстон уӕрдӕттӕ –
      ӕнӕнымӕц, мингай-минтӕ;
      Дунедарӕг ӕрцыд Синайӕ
      Йӕ Сыгъдӕг Кувӕндонмӕ.
19 Ды схызтӕ бӕрзӕндмӕ, ракодтай уацайрӕгты;
      адӕмӕй райстай лӕвӕрттӕ,
      суанг ныхмӕцӕуджытӕй дӕр –
      Дунедарӕг Хуыцау уым куыд цӕра.
20 Арфӕгонд у Хуыцау,
      нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау,
      Уый ӕрвылбон дӕр хӕссы нӕ зынтӕ. ||
21 Нӕ Хуыцау ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау у;
      Хицау Хуыцау ракӕны мах мӕлӕтӕй.
22 Бӕлвырд, Хуыцау ныссӕтдзӕн Йе знӕгты сӕртӕ,
      йӕ азымыл чи нӕ сӕтты,
      уыдоны ӕнӕлвыд тенкатӕ.
23 Дунедарӕг загъта: «Раздахдзынӕн сӕ Басанӕй,
      сласдзынӕн сӕ денджызы арфӕй,
24 Де знӕгты туджы дӕ къах куыд аныгъуыла,
      дӕ куыйты ӕвзӕгтӕ дзы куыд фӕуой, афтӕ».
25 Разӕй кӕй цӕуыс, Хуыцау, уый бӕлвырд у,
      разӕй цӕуыс, мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ Паддзах,
      рухс Кувӕндонмӕ.
26 Разӕй – зарӕггӕнджытӕ,
      сӕ фӕстӕ – цӕгъдджытӕ,
      астӕуӕй – далатыл цӕгъдӕг ӕрыгон чызджытӕ.
27 Стаут уе 'мбырдты Хуыцауы,
      стаут Дунедарӕджы сымах, Израилы байзӕддаг!
28 Уым ис кӕстӕр Вениамин – сӕ разӕй,
      Иудӕйы хистӕрты стыр къорд,
      Завулоны хистӕртӕ ӕмӕ Неффалимы хистӕртӕ.
29 О Хуыцау, равдис нын Дӕ тых,
      сфидар нӕ кӕн раздӕрау.
30 Иерусалимы Кувӕндоны сӕраппонд
      паддзӕхтӕ Дӕуӕн ӕрхӕсдзысты лӕвӕрттӕ.
31 Хъамылы бадом сырдты,
      галты рӕгъау – адӕмы богъты ӕхсӕн;
      уыдон басӕттӕнт ӕмӕ Дын ӕвзисты къӕрттытӕ
      ӕрхӕссӕнт нывондӕн.
      Хӕстмондаг адӕмты ныффӕйлау.
32 Ӕрцӕудзысты ӕрвыст лӕгтӕ Мысырӕй;
      Ефиопи йӕ къухтӕ сдардзӕни Хуыцаумӕ.
33 Зӕххон паддзахӕдтӕ, зарут Хуыцауӕн,
      уӕ зарджытӕй стаут Дунедарӕджы. ||
34 Уый у уӕлӕрвтыл, ӕнусон уӕлӕрвтыл цӕуӕг;
      мӕнӕ ныртӕккӕ райхъуысдзӕн
      Йӕ тыхджын хъӕлӕс.
35 Скад кӕнут Хуыцауӕн!
      Йӕ хъомысӕй ауды Израилыл,
      Йӕ тых зыны ӕврӕгътыл.
36 Тӕссаг дӕ, Хуыцау, Дӕ Сыгъдӕг бынӕтты;
      Израилы Хуыцау дӕтты Йӕ адӕмӕн тых ӕмӕ хъару.
      Арфӕгонд у Хуыцау!