Благотворительность
РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
РАЙДИАН (Книга Бытия на осетинском языке)

Уӕлӕмхасӕн


Дзырдуат

+

Мыггагвӕвдаджы

бӕлас

+

Географион

нывӕцтӕ

АРФӔ — дзуттаг хъуыдыкӕнынады дзырдӕн ис егъау хъомыс. Цас сахаддзӕни, уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, аразгӕ у арфӕгӕнӕджы удыхъӕдӕй. Хицӕн адӕймӕгтӕм арфӕ ракӕнынмӕ вӕййы сӕр-магонд курдиат. Мӕлӕтдзаг рынчынмӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы курдиат фӕзына йӕ удисыны размӕ. Зӕгъӕм, Иаковы арфӕ йӕ байзӕддагӕн (Райд. 48). Арфӕ кӕныны курдиат фӕзыны, Хуыцауы ӕууӕнк чи ссары ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын йӕ куыст кӕмӕн свӕййы, уыцы адӕймӕгтӕм дӕр.

ӔЛГЪЫСТ — фыдракӕнды размӕ цӕлхдур чи ӕвӕры, ахӕм бар-джын ныхас, уагӕвӕрд ӕххӕст кӕнын ӕмӕ раст тӕрхон рахӕссыны уӕлӕмхасӕн фӕрӕз. Тӕрхоны ӕвзаринаг хъуыддагӕн комкоммӕ ӕвдисӕнтӕ куы нӕ уа, уӕд уӕлдай ахъаз у рӕстдзинад сбӕлвырд кӕнынӕн. Дины бӕрӕгбӕтты заман-иу Дунедарӕджы Ӕгъдауы домӕнтӕ адӕмы раз куы дзырдтой, уӕд ма-иу сӕм бафтыдтой ӕлгъыстытӕ дӕр, цӕмӕй ӕхсӕнад Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕ-нынмӕ разӕнгарддӕр уа, уый тыххӕй.

ӔРГОМ РАЦӔУЫН — Хуыцауы фембӕлдтытӕ адӕймагимӕ Библийы арӕх ӕвдыстӕуы, цӕстӕй уынын цы мивдисджытӕ нысан кӕнынц, уыдоны фӕрцы (Райд. 12:7; 17:1; 18:1; 26:2; 26:24; 35:9; 48:3). Уыимӕ, фембӕлыны хъӕппӕрис кӕддӕриддӕр рацӕуы Хуыцауӕй. Уавӕрӕн ӕмткӕй ис афтӕ бамбарӕн: Хуыцау радта уыцы бар, цӕмӕй Йӕ адӕймаг фена, кӕнӕ: Хуыцау Йӕхи равдыста адӕймагмӕ. Фенын ам канд цӕстӕй Йӕм бакӕсын нӕ нысан кӕ-ны, фӕлӕ ма — удӕй Йӕ банкъарын дӕр. Ирон ӕвзагмӕ дзуттаг мивдисӕджы сӕрмагонд хуыз тӕлмацгонд у афтӕ: «Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыдис» (Райд. 12:7), «Хуыцау ӕргом рацыди Иаковмӕ» (Райд. 35:9), «Ӕппӕтхъом Хуыцау ӕргом рацыди» (Райд. 48:3). Хуыцауы куыд ӕмӕ цы хуызы банкъардӕуы, уый бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕй. Гъе уымӕн ӕвдыстӕуы ацы диссаджы цау, зӕгъӕм, Хуыцауы фембӕлд Иаковимӕ Бет-Елы (Вефилы), куы фыны хуызы (Райд. 28:12-16), куы та, цыма адӕймаг хъал уыди, афтӕмӕй (Райд. 48:3). Хатгай дыууӕ уавӕры сиу вӕййынц: Хуыцау ӕргом рацӕуы адӕймагмӕ йӕ фыны (Райд. 20:3). Ахӕм хуызы ӕвдыст уДунедарӕджы зӕдимӕфембӕлд дӕр (Райд. 31:10-11).

Цӕмӕй Хуыцау Йӕхи раргом кӕна, уый тыххӕй Йӕм адӕймаг хъуамӕ зӕрдӕбынӕй скува, сӕрмагонд нывонд ӕрхӕссынӕй Йын ныфс бавӕра, царды кӕцыдӕр цинтӕй йӕхи кӕй фенӕхай кӕндзӕни, уый тыххӕй Йын дзырд ратта.

ДАЛА — кӕс: УАДЫНГӔРЗТӔ

ЗӔД, ДУНЕДАРӔДЖЫ ЗӔД — Рагон Фӕдзӕхсты рагондӕр текстты дзырд «зӕд» амыдта «Хуыцауы минӕвар». Зӕдтӕ сты, Хуыцауы алыварс цы уӕлимонтӕ ис, уыдон. Адӕмы раз куы фӕзынынц, уӕд уый нысан кӕны, Хуыцау адӕмы ӕхсӕн кӕй ис. Зӕдты бон у: а) Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндон адӕмӕн хъусын кӕнын; ӕ) бахъуаджы сахат адӕймагмӕ ӕх-хуысмӕ фӕзынын. Библийы «Хуыцауы зӕд» кӕнӕ «Дунедарӕджы зӕды» кой куы вӕййы, уӕд уый арӕх фӕамоны, адӕймагимӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг кӕй фӕныхас кӕны, адӕймаджы хуызы йӕм ӕргом кӕй рацӕуы.

ЗӔНӔДЖЫ ХИСТӔР — алы цӕрдуд дӕр Хуыцауы исбон кӕй у, уый нысанӕн рагон Израилы нывондӕн хастой фосы фыццаг зӕйцы фыццаг нӕлты —фосы сӕртӕ.Зӕнӕджы хистӕры сӕр-мӕ дӕр-иу хъуамӕ сӕ фосӕй ӕрхастаиккой нывӕндтӕ (кӕс: НЫВОНД).

ИУУЫЛСУД ЗИНАГ — кӕс: НЫВОНД

НЫВОНД — нывонд хӕссыны ӕгъдау уыди ӕппӕт рагон адӕмтӕм дӕр. Нымадтой йӕ хуыцаулӕггады сӕйрагдӕр ӕмӕ кадджын-дӕр архайдыл. Йӕ нысан уыди Хуыцауӕн кад кӕнын, Йӕ хорзӕх Ын ссарын кӕнӕ хи Йӕ фыдӕхӕй бахизын. Рагзаманты Израилы зӕххыл нывӕндтӕ хастой бирӕ бынӕттон кувӕндӕт-ты, фӕстӕдӕр та — ӕрмӕстдӕр Йерусалимы. Уыдысты дыууӕ хуызы: ӕнӕтуг ӕмӕ туджы нывӕндтӕ. Израилӕгтӕ Хуыцауӕн нывонд кодтой дыргътӕ, дзул, сӕн, зети, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Уый хуынди ӕнӕтуг нывонд. Туджы нывондӕн хастой галтӕ, родтӕ, фыстӕ, сӕгътӕ ӕмӕ бӕлӕттӕ. Нывонд хӕссыны хуыз-тӕн сӕ ахсджиагдӕр уыди иууылсудзинаг нывонд. Арӕхдӕр ӕй хастой бон дыууӕ хатты. Кусӕрттаг-иу ӕнӕхъӕнӕй сыгъд ӕрцыди нывондхӕссӕныл.

САБАТ — къуырийы ӕвдӕм бон. Йӕ кой ӕппӕты фыццаг фӕ-зынди Израилы. Хуыцаулӕггады ӕгъдау уыцы бон кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ израилӕгты зондахасты куыдфӕстӕмӕ ныффидар и, сабат ӕрмӕст Хуыцауы бон у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды. Уацарӕй куы суӕгъд сты, уӕд та сабат израилӕгтӕн, сунӕты ӕмрӕнхъ, сси, иннӕ адӕмтӕй сӕ чи хицӕн кӕны, ахӕм ӕууӕл ӕмӕ сӕ Хуыцауимӕ фидыды нысан.

САУДЖЫН(ТӔ) — Хуыцауӕн нывондгонд сӕрмагонд хӕдзарвӕндагӕй кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бӕрны уы-ди хуыцаулӕггады ӕгъдау кӕнын ӕмӕ Хуыцауӕн нывӕндтӕ хӕссын.

СЫГЪДӔГ ӔМӔ ӔНӔСЫГЪДӔГ (ЧЪИЗИ) — Хуыцау уаз кӕй у, уымӕ гӕсгӕ-иу Ӕм чи ӕрбаввахс ис (иумӕйаг скуывды рӕстӕг кӕнӕ Йын хицӕнӕй нывонд хӕсгӕйӕ), уыцы адӕймаг дӕр хъуа-мӕ уыдаид сыгъдӕг. Адӕймаг-иу фӕчъизи ис, ома Хуыцауимӕ фембӕлыны аккаг нал уыди, марды буарыл баныдзӕвгӕйӕ, йӕ къаимӕ фӕуыны фӕстӕ, фӕсӕвгъӕд, исты буарнизӕй куы сади, уӕд; ноджы — ӕцӕгӕлон хуыцӕуттимӕ кӕнӕ, дзуттаг чи нӕу ӕмӕ сыгъдӕгдзинады домӕнтӕ Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи нӕ ӕххӕст кӕны, ахӕмтимӕ архайгӕйӕ дӕр. Цӕмӕй ссыгъдӕг уа, уый тых-хӕй йӕ хъуыди хи ӕрӕхсын, адӕмӕй рӕстӕгмӕ ахибар уӕвын, ком бадарын ӕмӕ нывонд ӕрхӕссын. Нывондаг фосы ас ӕмӕ уынд дӕр хъуамӕ уыдаиккой бӕлвырд домӕнты аккаг. Кӕцыдӕр цӕрӕгойтӕ, зӕгъӕм, хуы («даргъбырынкъджын»), нымад цыдысты бынтон чъизийыл, нывондӕн нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕлхасады дӕр нӕбӕззон чи у, ахӕмтыл.

СЫГЪДӔГ УД — дзуттаг дзырд «уд» райдианы нысан кодта «дымгӕ, уддзӕф». Ацы дзырд фыццаджыдӕр амоны, Хуыцау Йе сфӕлдисонды цы «царды комулӕфтӕй» схайджын кӕны ӕмӕ бамынӕг кӕй нӕ уадзы, уый. Сыгъдӕг Уды хъомыс уӕлдай тынгдӕр фӕзыны иуӕй-иу адӕймӕгтыл. Уыдон рагацау зонынц ӕрцӕуинаг цаутӕ, ис сӕм уадидӕгӕн ӕндӕр ран февзӕрыны кур-диат. Хуыцауы комытӕфдзыд адӕймаг Хуыцаумӕ ӕввахс у ӕмӕ Йын лӕггад кӕны кӕддӕриддӕр. Рагон Фӕдзӕхсты пехуымпартӕ сӕ зӕрдӕ дардтой, сомбон ӕппӕт адӕм дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын уыдзысты, ууыл.

ТАБУЙАГ — дунейы алы дин дӕр табуйаг (уаз, сыгъдӕг) амоны йӕхирдыгонау. Арӕх ӕй ӕмбарынц афтӕ, цыма уый у, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, фӕлӕ алыварс предметтӕ, удгоймӕгтӕ, фӕдзӕхст бынӕттӕ кӕнӕ бӕлвырд уагыл ӕвӕрд ӕгъдауы фӕтк хайджын кӕмӕй сты, адӕймаг та йӕ койӕ дӕр кӕ мӕн стъӕлфы, ахӕм ӕнахуыр ӕмӕ тасӕфтауӕг тых. Уыцы хӕдбар тыхы архайд никӕмӕй ӕмӕ ницӕмӕй аразгӕ у. Куы йыл фембӕла, уымӕй адӕймаг, иуӕрдыгӕй, тӕрсгӕ кӕны, иннӕрдыгӕй та, хъуыд-дагӕн ӕнӕ ӕрцӕугӕ кӕм нӕй, уымӕ гӕсгӕ йӕм, ӕвыдӕй дзы баззайыны тыххӕй, хъуамӕ уа цӕттӕ, зона, йӕхи йӕ куыд дарын хъӕуы, уый. Цыбыр дзырдӕй, уыцы тыхимӕ фембӕлд тас дӕр ӕфтауы ӕмӕ амонд дӕр хӕссы; уыцы иу рӕстӕджы ӕвӕрццӕг дӕр у ӕмӕ ӕппӕрццӕг дӕр. Уымӕй хицӕн кӕны табуйаг (уаз, сыгъдӕг) ӕнӕсыгъдӕг, ӕрвылбононӕй.

Пысылмон динмӕ гӕсгӕ, пехуымпар Мӕхӕмӕты царды уӕлӕрдзон хуызы сӕрмагонд фӕд цыдӕриддӕр ӕмӕ чидӕриддӕр ныууагъ-та, уыдон иууылдӕр сты уаз, ома табуйаг ӕмӕ хъахъхъӕнинаг. Уӕлдай табуйаг сты сахартӕ Чабӕ, Мединӕ ӕмӕ Йерусалим. Пысылмон адӕмтӕм Мӕхӕмӕт йӕхӕдӕг дӕр, иннӕ пехуымпар-тӕ, стӕй хъуыранзонӕг ахуыргӕндтӕ дӕр нымад сты Хуыцауы хӕлӕрттӕ ӕмӕ сыгъдӕджытыл.

Табуйаг (уаз, сыгъдӕг) у Библийы бындурон ӕмбарынад, Хуыцауы зынгӕ хицӕнад чи ӕвдисы, бӕлвырддӕр дзургӕйӕ та, Хуыцау цы у, уый чи нысан кӕны, ахӕм. Ахуыргӕндтӕ куыд ӕнхъӕлынц, афтӕмӕй табуйаг (уаз, сыгъдӕг) цы дзуттаг дзырд амоны, уый рацыди рагон семитаг дзырдӕй, йӕ нысаниуӕг — «алыг кӕнын, хицӕн кӕнын». Цӕвиттон, Хуыцау уаз у, адӕймагӕй бындурон хуызы кӕй хицӕн кӕны, уымӕ гӕсгӕ. Ацы хъуыды адӕймаджы ӕркӕны, мӕхӕдӕг табуйаг ӕмӕ сыгъдӕг нӕ дӕн, зӕгъгӕ, ахӕм хатдзӕгмӕ. Фӕлӕ уыимӕ ӕнӕнхъӕлӕджы сбӕлвырд вӕййы иу ныхмӕвӕрд уавӕр — кӕд адӕймаг Хуыцауы аккаг табуйаг ӕмӕ сыгъдӕг нӕу, уӕддӕр ыл Хуыцау Йӕхи нӕ тигъ кӕны, ӕрбахӕ-стӕг ӕм вӕййы ӕмӕ фӕзӕгъы Йӕхи тыххӕй: Хуыцау Йе ’взӕрст адӕмы ӕхсӕн табуйаг у. Афтӕмӕй табуйаг ӕвдисы Израилы Хуыцауы уаз мидис, иунӕг ӕмӕ сыгъдӕг кӕй у ӕмӕ адӕй ма-гӕй гъе уымӕй кӕй хицӕн кӕны, уый. Ӕппӕт иннӕ хуыцӕуттӕ адӕймагӕн йӕхи ӕрхъуыдыгонд сты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ се ’хсӕн ницы хъауджыдзинад ис. Уымӕй уӕлдай ма, уаз цы у, уый зыны Хуыцауӕн йӕ ахастӕй дӕр: Йӕ раст тӕрхонӕй, Йӕ барондзинадӕй, дуне фӕлдисыны уагӕй ӕмӕ а. д. Хуыцау сыгъдӕг у, ӕмӕ Йе сконд дуне дӕр, Библи куыд амоны, афтӕмӕй — дзаумайӕ, змӕлӕгойӕ, зайӕгойӕ, адӕмӕй — ӕппынфӕстагмӕ хъуамӕ суа сыгъдӕг.

Цыбыр ныхасӕй, табуйаг (уаз, сыгъдӕг) Рагон Фӕдзӕхсты у, Хуыцау ӕмӕ динимӕ цыдӕриддӕр баст и, уый. Табуйаг у кувӕндон — Хуыцауы уаз номы цӕрӕн, табуйаг у Сион — кувӕндоны хох; табуйаг у Йерусалим — кувӕндон ӕмӕ кувӕндоны хох кӕм сты, уыцы сахар; табуйаг у, Хуыцау Израилӕн кӕй балӕвар кодта, уыцы бӕстӕ. Уымӕй уӕлдай ма табуйаг сты: нывонд-хӕссӕн, фӕткӕвӕрды мигӕнӕнтӕ, нывонд, кувинаг кӕрдзын, фӕткӕвӕрды архайджытӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр, хӕрздӕфгӕнӕг зети. Бӕлвырд мигӕнӕнтӕ табуйаг кӕй сты, уый дзурӕг у, кӕй сӕ не ’мбӕлы алкӕд ӕмӕ алы хъуыддаджы пайда кӕнын, уыдон ӕрмӕст хуыцаулӕггадӕн нысангонд кӕй сты. Сыгъдӕг сты Израилы адӕм, иннӕ адӕмты ӕхсӕн ӕвзӕрст чи ӕрцыди. Табуйаг у къуырийы иннӕ бонты ӕхсӕн ӕвзӕрст ӕнцойбон (сабат). Табуйаг сты бӕрӕгбон, стӕй комдарӕн бон дӕр. Ӕппӕт уыцы дӕнцӕнтыл зыны, Хуыцауимӕ баст цыдӕрид-дӕр и, уый хицӕнгонд кӕй цӕуы ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ, ӕрмӕст адӕймагмӕ бар чи дары, уыцы ӕрвылбононӕй. Хуыцаулӕггады ӕгъдау чи кӕны, уыдоны хӕс уыди ацы хъауджыдзинад ӕргомӕй иртасын (ӕмӕ йыл адӕмы дӕр ахуыр кӕнын), иу дзырдӕй, уаз Хуыцауӕй ӕнӕуаз адӕмы ’хсӕн цы арӕн ис, уый хъахъхъӕнын. Фӕлӕ уыцы арӕныл уыциу рӕстӕджы уыдысты ӕхсӕнылӕгтау дӕр — цӕмӕй адӕмы бон уа Хуыцауӕн табуйаг хуынтӕ хӕссын ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи царды ӕрбахӕстӕг уой Хуыцауы уаз ахаст-мӕ. Уыимӕ адӕймагӕй домдӕуыди, цӕмӕй дины фӕткӕвӕрдмӕ гӕсгӕ уа «сыгъдӕг». Динахуырад ахсджиаг къахдзӕф акодта размӕ, ӕддаг сыгъдӕгдзинад фаг нӕу, зӕгъгӕ, уыцы хъуыдымӕ куы ӕрцыди, уӕд. Кӕд адӕймаджы, уаз Хуыцаумӕ ӕрбахӕстӕг уа, уый фӕнды, уӕд хъуамӕ зӕрдӕйӕ ӕмӕ рӕстаг цардӕй уа сыгъдӕг. «Сымах хъуамӕ сыгъдӕг уат, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг дӕн Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау» — ацы ныхасӕй райдайы Библийы фыстытӕй иу, «Уарз дӕ хионы, раст цыма дӕхи, афтӕ», зӕгъгӕ, кӕм дзырдӕуы, уый.

ТӔРИГЪӔД — алы дин дӕр хорз ӕмӕ фыд кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕны. Уыимӕ Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты ахизын алы дины дӕр нымад цӕуы тӕригъӕдыл. Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр иудаизмы, чырыстон ӕмӕ пысылмон динты сфидар ис уыцы хъуыды, зӕгъ-гӕ, тӕригъӕды ратӕдзӕн у адӕймаджы галиу уаг — Хуыцауимӕ йӕ ахастдзинӕдтӕ уый аххосӕй фехӕлынц. Куыд ӕппӕт Рагон Фӕдзӕхсты, афтӕ Райдианы чиныджы дӕр тӕригъӕд у, Хуыцауы ныхмӕ чи лӕууы ӕмӕ уыйадыл стыр бӕллӕхтӕ ӕмӕ мӕлӕт чи расайы, ахӕм фыдӕгъдауы фӕстиуӕг (Райд. 3:22 ӕмӕ дарддӕр; 4:8; 6:5-7; 8:21). Тӕригъӕдраконды хабар (Райд. 3) ӕвдисы, фыд-хӕрам ӕдде ӕрбафтгӕ кӕй у, фӕлӕ адӕймагыл куы бамбӕлы ӕмӕ йын йӕ удыхъӕдыл куы сахады, уӕд йӕ хъомыс тынг кӕй сырӕзы: адӕймаг ын ӕргомӕй ком нӕ дӕтты, фӕлӕ химидӕг фӕтасыди, фаг хъӕддых нӕ разынди, зӕгъгӕ, уӕд уый у тӕри-гъӕд (Райд. 3:6; 4:7). Йӕ Хуыцауы нӕ, фӕлӕ цыдӕр ӕндӕр тыхы бар йӕхи куы бакӕна, уӕд уый у тӕригъӕд (Райд. 3:1-6) ӕмӕ дзуры, адӕймаг Хуыцауӕй кӕй адард и, ууыл. Библи йӕ куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй тӕригъӕды аххосаг у, адӕймаг Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ кӕсы, ныхмӕ Йӕм кӕй лӕууы, уый.

УАДЫНГӔРЗТӔ — Библийы ацы чиныджы цы уадынгӕрзтӕ ӕмбӕ-лы — дала, уадындз ӕмӕ гуымсӕг — уыдон сты нӕ абоны царды хъисын, удӕфон ӕмӕ ӕрмдзӕфон уадынгӕрзты ӕнгӕс.

ДАЛА. Рагон дзуттаг далайы (Райд. 31:27) хъистӕ конд сты, дыууӕ къӕлӕсы быцӕуыл чи ӕнцайы, ахӕм хъӕдын фӕлгӕтыл. Къӕлӕсы быцӕутӕ, фӕлгӕты уӕхсчытӕ, фидаргонд сты, мыр кӕ-цӕй цӕуы, уадынгарзы уыцы сӕвджын хайыл. Дзуттаг далайӕ фылдӕр хатт цагътой лӕугӕйӕ.

УАДЫНДЗ. Рагон дзуттаг уадындз (Райд. 4:21) у лӕдзӕджы ӕнгӕс. Йӕ хуылф — тутт. Йӕ кӕрон — лулӕйы хуызӕн, цӕмӕй дзы уа фу кӕнӕн. Йӕ фарсыл — хуынчъытӕ. Уыцы хуынчъытӕ ӕнгуылдзтӕй ахгӕн-ахгӕнгӕйӕ, мыры бӕрзӕндӕн ис раив-баив кӕнӕн.

УАДЫНДЗ — кӕс: УАДЫНГӔРЗТӔ

ФИДЫД — Библийы дзырд фидыд нысан кӕны, бадзырдтӕ аразгӕйӕ-иу адӕм кӕрӕдзиимӕ цы ахастыты бацыдысты, уый (Райд. 14:13; 21:27; 31:44). Фидыды бындурыл барадон ахастытӕн ис сырӕзӕн куыд ӕмсӕр лӕгты ӕхсӕн (Райд. 14:13), афтӕ, се ’мсӕр чи нӕу, уыдонимӕ дӕр (Райд. 21:27). Ӕцӕг, уӕд, ӕхсӕ-нады бӕрзонддӕр къӕпхӕныл чи лӕууы, уый барвӕндонӕй, хӕрзаудыны охыл, йӕ дӕлдӕрӕн фидыды уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн дӕтты уӕлдай бартӕ. Ам сиу сты дыууӕ фӕйнӕхуызон нысаны. Иуӕй, цӕдисӕмбӕлттӕ чи свӕййы бадзырды руаджы, уыдон — ӕлдар ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг (Райд. 26:28), паддзах ӕмӕ йӕ дӕлдӕр — ӕмсӕр не сты, уымӕ гӕсгӕ фидыд алкӕддӕр вӕййы разамынды хуызӕн — хицауы уынаффӕйау йӕ дӕлбарӕн (абар: уӕсиат, фӕрӕзджынты хӕрзракӕнд мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕнд.). Иннӕмӕй та, ӕхсӕнады асинтыл бӕрзонддӕр лӕууӕг йӕ дӕлдӕры архайды ныхмӕ ӕвӕры йӕхи архайд, ӕмӕ уыцы уавӕр кӕрӕдзимӕ ӕнгом бӕтты сӕ дыууӕйы дӕр. Афтӕмӕй, кӕд амынд фидыд ӕмбар ахастытыл не ’нцайы, уӕддӕр ын ис рӕстӕгмӕйы нӕ, фӕ лӕ мыггагмӕйы нысаниуӕг ӕмӕ алы бадзырдау ахъаз у куыд сӕ иуӕн, афтӕ иннӕмӕн дӕр.

Фӕлӕ фидыд фыццаджыдӕр у Хуыцау ӕмӕ Йе ’взӕрст адӕ-мы ’хсӕн сӕрмагонд ахастдзинӕдты метафорӕ. Райдианы чиныджы ацы дзырдӕй ӕвдыстӕуы, Хуыцау Ной (Райд. 6:18; 9:8-17) ӕмӕ Аврааммӕ (Райд. 15:18-21; 17:1-27), стӕй уымӕн йӕ байзӕддаг, Израилы адӕммӕ, куыд хорз цӕстӕй кӕсы, уый. Хуыцауимӕ фидыд ӕгасӕй дӕр адӕймаджы пайдайӕн у. Кӕд ӕмӕ ӕххӕст кӕны фидыды домӕнтӕ, уӕд ын рардӕуыдзӕни цард (Райд. 6:18-20), цӕрӕнбӕстӕ (Райд. 15:18-21), байзӕддаг (Райд. 17:4) ӕмӕ бирӕ ӕндӕр хорздзинӕдтӕ. Хуыцауимӕ табуйаг бадзырд баст у ӕнахуыр нысанты фӕзындимӕ, уӕлфӕдзӕхстон фӕткимӕ — бӕлӕгъ (Райд. 6:18-21), иууылсудзинаг нывӕндтӕ (Райд. 8:20), арвӕрдынимӕ (Райд. 9:12-13), кусарты хӕйттӕн сӕ астӕуты арты ӕвзӕгты ахызтимӕ (Райд. 15: 17), сунӕты ӕгъдауимӕ (Райд. 17:10-13). Фидыд бындур ӕвӕры иузӕрдион уаг ӕмӕ фарнӕн, Хуыцауы дзырдахуырадмӕ гӕсгӕ — уырнынад ӕмӕ ирвӕзындзинадӕн. Библи иузӕрдыгдзинад арӕх бӕтты рӕстадимӕ; Хуыцауимӕ фидыдыл ӕнувыд адӕймаг хуыйны рӕстӕвзар, кӕнӕ рӕстгӕнӕг.

Рагон Фӕдзӕхсты чингуытӕй бирӕты фидыды ӕмбарынад, тӕригъӕд бафидыны хӕс зӕрдыл лӕууын кӕнгӕйӕ, фыццаджы-дӕр амоны, зӕгъгӕ, Израилы трагикон хъысмӕт у, Хуыцауимӕ фидыдыл ӕнувыд кӕй нӕ уыдысты, уый фӕстиуӕг. Фӕлӕ Хуыцауы иузӕрдыгдзинад ӕнӕивгӕ у, уымӕ гӕсгӕ, Йӕ фидыды израилӕгтӕн ныфс цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕххӕст кӕны ӕмӕ, Йе ’взӕрст адӕм раст фӕндагмӕ куы раздӕхынц, уӕд сын фӕ-стӕмӕ раарфӕ кӕны, ратты сын амонд ӕмӕ ӕнӕфыдбылыз цард.

ФОСЫ СӔРТӔ — кӕс: ЗӔНӔДЖЫ ХИСТӔР

ХУЫЦАУЫ КОМЫ ТӔФ — кӕс: СЫГЪДӔГ УД

ХУЫЦАУЫ НӔМТТӔ — Хуыцауы ном Библийы нысангонд цӕуы алыхуызон дзуттаг дзырдтӕй. Уыцы нӕмттӕн сӕ фылдӕрӕй Ха-нааны цӕрджытӕ хуыдтой сӕ муртаттаг хуыцӕутты. Сӕ Хуыцауы номӕн рагон дзуттӕгтӕ ханаанаг дзырдтӕ кӕй райстой, уым дис-сагӕй ницы ис. Ӕрмӕст зӕрдыл дарын хъӕуы иу хъуыддаг: уыцы нӕмттӕй ханаанӕгтӕ хуыдтой сӕ бирӕ хуыцӕутты, дзуттӕгтӕ та — Израилы иунӕг Хуыцауы. Иаковмӕ Йӕхи, «Ӕз — Дуне-дарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау» (Райд. 28:13), зӕгъгӕ, Чи раргом кодта, Уый.

ХЪОМЫСДЖЫН. Хуыцауы рагондӕр семитаг ном у ЭЛЬ. Ацы дзырды равзӕрд бӕлвырд бӕрӕггонд нӕу. Куыд нымадӕуы, аф-тӕмӕй йӕ сӕй раг мидис у тыхджын/ хъаруджын/ хъомысджын уӕвын» (абар: Райд. 31:29: «Уыцы тых/хъару/хъомыс (эль) мӕм ис...»). Фӕлӕ тых/хъару/хъомыс Хуыцауы сӕйраг миниуӕг кӕм у, уым уыцы миниуӕг нысангӕнӕг дзырдӕй фӕсномыгӕй рахонӕн ис Хуыцауӕн Йӕхи дӕр.

Библийы ХЪОМЫСДЖЫН (ЭЛЬ), куыд Хуыцауы сӕрмагонд ном, афтӕ хӕрз стӕм хатт ӕмбӕлы, зӕгъӕм: «Хъомысджын, Израилы Хуыцау» (Райд. 33:20; 49:24). Зӕгъӕн ис, ХЪОМЫСДЖЫН-ӕй ал-кӕддӕр фӕпайда кӕнынц сидӕны хуызы, йӕ мидисмӕ гӕсгӕ хӕстӕг лӕууы ЭЛОХИМ-мӕ (кӕс дӕлдӕр). Ацы дыууӕ номӕй фӕхонынц ӕцӕгӕлон кӕнӕ сӕм хӕрам хуыцауы дӕр. Уымӕй уӕлдай ма дзырд ХЪОМЫСДЖЫН сбӕззы Хуыцауы адӕймагмӕ ныхмӕвӕрдӕй равдисынӕн, ома — уаз, бӕрзонд ӕмӕ дзыллон, ныллӕджы ныхмӕлӕуды.

Хуыцауы ном йӕ иу хай кӕмӕн у, адӕймаджы уыцы нӕмттӕн ацы дзырд арӕх вӕййы сӕ райдайӕны, зӕгъӕм, Элия (Илия), Элиша (Елисей); фӕлӕ ноджы арӕхдӕр та — кӕронӕй, зӕгъӕм, Исраэль (Израил), Ишмаэль (Измаил) ӕмӕ Самуэль (Самуил). Уӕлдай цымыдисаг сты, ХЪОМЫСДЖЫН (ЭЛЬ) йӕ райдайӕны цы Хуыцауы нӕмтты ис, уыдон: ЭЛЬ ЭЛЬЙОН, ЭЛЬ ОЛАМ, ЭЛЬ ШАДДАЙ ӕмӕ ЭЛЬ РОИ.

СТЫР ХУЫЦАУ. Дзуттаг миногон ЭЛЬЙОН нысан кӕны «бӕр-зонддӕр», «уӕлдӕр», «ӕппӕты бӕрзонддӕр», «ӕппӕты уӕлдӕр». Израилы Хуыцауы ном куы фӕамоны, уӕд ӕй растдӕр уыдзӕни, ИУУЫЛБӔРЗОНД, зӕгъгӕ, афтӕ тӕлмац кӕнын. Ӕвӕццӕгӕн, амыдта Хуыцауы сӕрмагонд ном. Ханааны цӕрджытӕн Эль ӕмӕ Эльйон райдианы уыды сты дыууӕ хицӕн хуыцауы нӕмттӕ. Фыццаджы тыххӕй археологтӕ ӕвдисӕнтӕ ссардтой Угариты, Ныгуылӕн Сирийы; дыккаджы тыххӕй — хуссардӕр ран, Финикийы. Фӕстагмӕ дыууӕ номы баиу сты ӕмӕ нысан кӕнын райдыдтой иу Хуыцауы ном.

Чырыстийы райгуырды агъоммӕ 15-14 ӕнусы ханаанӕгтӕ, Тель эль-Амарнӕй кӕй ӕрвыстой, уыцы фыстӕджыты Эль Эльйоны хонынц «хуыцӕутты ӕлдар». Ам ӕй, Райдианы чиныджы, тӕл-мац кӕнӕм куыд СТЫР ХУЫЦАУ. Райд. 14:18-20 куыд дзуры, афтӕмӕй Салимы паддзах Мелхиседек уыди «Стыр Хуыцауы сауджын» ӕмӕ «Стыр Хуыцауы, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы номӕй арфӕ ракодта Авраамӕн». СТЫР ХУЫЦАУЫ койыл ӕмбӕ-лӕм Чырыстийы райгуырды агъоммӕ 8 ӕнусы арамейаг ӕмӕ фӕстӕдӕр бердзенаг уӕлфыстыты дӕр. Кӕд ӕмӕ муртаттӕгтӕм ацы дзырд амыдта иннӕ хуыцӕуттӕй уӕлдӕр хуыцауы, уӕд Израилы та нысан кодта, зӕххон зонынады ӕдде чи ис, уыцы иунӕг ӕцӕг Хуыцауы.

ӔНУСОН ХУЫЦАУ. Райдианы чиныджы 21:33 куыд загъдӕуы, афтӕмӕй Авраам «Беер-Шевӕйы ныссагъта тамариск — сӕрдӕй, зымӕгӕй цъӕх чи дары, ахӕм бӕлас — ӕмӕ уым ссардта Дуне-дарӕджы, ӕнусон Хуыцауы, ном». Дзуттагау «ӕнусон Хуыцау» у ЭЛЬ ОЛАМ, ома, комкоммӕ тӕлмацӕй: «Ӕбӕрӕг дӕргъвӕтин рӕстӕджы Хуыцау». Чи зоны, афтӕ хуыдтой сӕ хуыцауы Беер-Шевӕйы бынӕттон кувӕндоны (абар: Ел-Бет-Ел, ома Вифлеемы Хуыцау, Райд. 35:7), ӕмӕ Авраам уыдонмӕ гӕсгӕ спайда кодта ханаанаг дзырдӕй йӕ ӕцӕг Хуыцауы рахонынӕн. Куыдфӕнды ма уӕд, уӕддӕр ацы миногон йӕ бынаты ис, ӕнусон фидыдыл цы ран дзырдӕуы, уым.

ӔППӔТХЪОМ ХУЫЦАУ. Зынӕмбарӕн дзуттаг дзырдбаст ЭЛЬ ШАДДАЙ иртасгӕйӕ, ахуыргӕндтӕ ӕмзонд не сты. Сӕ фылдӕ-ры хъуыдымӕ гӕсгӕ, дзырдбасты иу хай — ШАДДАЙ — хӕстӕг лӕууы, аккадаг ӕвзагыл хох цы дзырд нысан кӕны, уымӕ. Ӕмӕ йӕ уӕд ӕмбарын хъӕуы: «Хуыцауы хох». Израилы патриархтӕн та ацы дзырдбасты мидис уыди: «Уӕлӕрвты Хуыцау». Библийы фембӕлы ӕрмӕстдӕр Авраам (Райд. 17:1), Исаак (Райд. 28:3) ӕмӕ Иаковы (Райд. 35:11; 43:14; 48:3) нӕмттимӕ бастӕй.

МӔН УЫНӔГ ХУЫЦАУ. Райд. 16:13 Хуыцауы хуындӕуы ЭЛЬ РОИ. Сарӕ (Саррӕ) Агары куы фӕсырдта ӕмӕ Агар ныгуылӕн Негевмӕ куы алыгъди, уӕд ӕм цыдӕр суадон кӕнӕ цъайы цур раргом ис ӕмӕ йемӕ ныхас кодта Хуыцау ЙХВХ. Йемӕ дзургӕйӕ йын Агар загъта: «Ды дӕ ЭЛЬ РОИ». «Рои» ацы ран цы нысан кӕны, уый бынтон ӕмбӕрстгонд нӕу. Чи зоны: «Йӕхи мӕм Чи раргом кодта, уыцы Хуыцау» кӕнӕ: «Мӕн чи уыны, уыцы Хуыцау».

ХУЫЦАУ. Дзырд ЭЛОАХ «Хуыцау» ӕмӕ йӕ бирӕон нымӕц ЭЛОХИМ, ӕвӕццӕгӕн, равзӕрдысты дзырд ЭЛЬ-ӕй (абар арамейаг ЭЛАХ, араббаг ИЛАХ) — Хуыцауы рагондӕр семитаг номӕй. Иууон нымӕцы — ЭЛОАХ — Библийы арӕх не ’мбӕлы. Тынг стӕм хатт ацы номӕй хонынц муртаттаг хуыцӕутты. Фылдӕр хатт амоны Израилы Хуыцаумӕ. Бирӕон нымӕцы — ЭЛОХИМ — ны-сан кӕны куыд бирӕ муртаттаг хуыцӕутты, афтӕ иу мур таттаг хуыцауы (суанг ма сылгоймаг-хуыцауы) дӕр. Библийы ацы номӕй Израилы Хуыцауы хуындӕуы дыууӕ мин хаттӕй фылдӕр. Йӕ мидис у: «Иунӕг ӕцӕг Хуыцау». Ӕвӕццӕгӕн, израилӕгтӕ ацы дзырд, арӕх-иу куыд уыдис, афтӕ райстой ханаанӕгтӕй, рай-дианы ӕнхъӕлдтой, ЭЛОХИМ иууон нымӕцы номдар у, зӕгъгӕ. Хъуыддаг афтӕ кӕй уыдаид, уымӕн ӕвдисӕн Тель эль-Амарнӕй фараонмӕ ӕрвыст фыстӕджытӕ: «мӕ хуыцӕуттӕ, хуры хуыцау» ӕй кӕм хонынц, уыдон.

БАРДАРӔГ. Дзуттаг дзырд АДОН ирон ӕвзагмӕ комкоммӕ тӕлмацӕй нысан кӕны «хицау», «ӕлдар», «искӕмӕ/истӕмӕ бар чи дары, уый; бардарӕг». Библийы дзы арӕх пайдагонд цӕуы, хицау (ӕлдар, барджын) чи у, ахӕм адӕймагыл куы фӕдзырдӕуы, уӕд. Зӕгъӕм: бӕстӕйы хицау (Райд. 42:30), цагъары хицау (Райд. 24:96), сӕры хицау (Райд. 18:12). Уӕздандзинад домдта, цӕмӕй дӕ ныхасӕмбалмӕ дзурай «ме/не ’лдар» (АДОНИ; зӕгъӕм, Райд. 23:6, 15; 24:18). Адӕймӕгты къордмӕ та бадзурын ӕмбӕл-ди «ме/не ’лдӕрттӕ» (АДОНАЙ; зӕгъӕм, Райд. 19:2). (Райдианы чиныджы ацы этикетон дзырд ранӕй-рӕтты раивтам, ирӕтты цар-ды ӕрдзондӕр чи у, ахӕм ныхасы фӕзилӕнтӕй.) Хуыцау ӕппӕт дунейы Хицау кӕй у, алчидӕр ӕмӕ алцыдӕр Йӕ къухы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ фӕстӕдӕр израилӕгтӕм сси Хуыцауы сӕрмагонд нӕмттӕй иу. Ам ӕй, Райдианы чиныджы, тӕлмац кӕнӕм куыд Бардарӕг.

ДУНЕДАРӔГ. Ацы фӕсномыгӕй пайда кӕнынц, Хуыцауы но-мы цыбыр хуыз, ома ЙХВХ (тетраграмматон), дзуттаг Библийы куы фӕкӕсынц, уӕд. Райдианы Хуыцауы ном ӕргом дзырд той, фӕлӕ стӕй (ӕвӕццӕгӕн, Чырыстийы Райгуырды размӕ ӕр-тыккаг ӕнусӕй фӕстӕмӕ) уыцы фӕтк нал уыди. Дзуттӕгтӕ сӕхи хизын райдыдтой ЙХВХ сдзурынӕй, йӕ бӕсты ныффидар ис дзырд АДОНАЙ («Хицау, Бардарӕг, Дунедарӕг»). Библийы дзырдбаст АДОНАЙ ЙХВХ кӕсын райдыдтой куыд АДОНАЙ ЭЛОХИМ, ома «Дунедарӕг Хуыцау». Ахуыргӕндты хъуыды-мӕ гӕсгӕ, уыцы фӕзынд баст у Хуыцауӕн табу кӕнынимӕ. Бӕлвырддӕр дзургӕйӕ та, ӕртыккаг фӕдзӕхст дзуттӕгтӕ сӕхирдыгонау кӕй бамбӕрстой, уыцы ӕууӕлимӕ: «Ӕнӕхъуаджы ма дзур ном ЙХВХ». Ӕниу уыцы фӕдзӕхстӕн ис ӕндӕр хуызы бамбарӕн дӕр: «Мӕнг ард ма хӕр дӕ Хуыцауы, ЙХВХ номӕй». Ахуыргӕндтӕ бӕлвырд кӕнынц, зӕгъгӕ, ЙХВХ у мивдисӕг «уӕвын»-ы хуыз. Йӕ нысаниуӕг — «Уый нӕ уӕвын кӕны, Уый нӕ уӕвынмӕ ӕркӕны». Ӕнхъӕлынц, зӕгъгӕ, ӕппӕты райдиа-ны Хуыцауы сӕрмагонд ном, чи зоны, уыди Йахве-ашер-йихве («Уый уӕвын кӕны, цыдӕриддӕр ис, уыдон»), кӕнӕ та ЙАХВЕ ЦЕВАОТ («Уый уӕвын кӕны ӕфсӕдтӕ [уӕларвон кӕнӕ та израилаг ӕфсӕдтӕ]»).

ЦАГЪАР, ЦАГЪАРАД — рагон дунейы цагъарад уыди кӕмдӕрид-дӕр, ӕмӕ алы ран дӕр бӕрӕг дардта йӕхи ӕууӕлтӕй. Израилы фӕйнӕхуызон цӕстӕй кастысты ӕцӕгӕлон ӕмӕ сӕхи адӕмӕй ца-гъартӕм. Дзуттаг-иу дзуттаджы цагъар сси, йӕ разы-иу истӕмӕй тынг куы фӕазымджын ис кӕнӕ-иу ӕй, цъысымы бахаугӕйӕ, йӕхи ауӕй кӕнын куы бахъуыди, уӕд. Уыдис афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу зын уавӕры ныййарджытӕ сӕ сывӕллоны ауӕй кодтой. Фӕлӕ се ’мбӕстаг йӕ дзуттаг хицӕуттӕн цагъары бынаты нӕ уыди, уыди сын ӕххуырсты хуызӕн — сау куыст дзы нӕ домдтой. Уыимӕ-иу ӕй ӕвдӕм аз та уӕгъд хъуамӕ скодтаиккой. Цагъайраг чи сси, уыцы дзуттаг чызджыты намыс бахъахъхъӕныны тыххӕй дӕр Ӕгъдауы уыди сӕрмагонд домӕнтӕ. Ӕндӕр адӕмӕй цагъартӕ-иу дзуттӕгтӕм ӕрбафтыди хӕстон трофейты хуызы кӕнӕ-иу сӕ балхӕдтой сӕрмагонд базарты. Зӕгъӕн ис, сӕ исбоныл нымад уыдысты, бабар-иу сын кодтой тӕккӕ чъизидӕр куыстытӕ. Хицауы бон уыди йӕ цагъары ӕндӕр искӕмӕн ауӕй кӕнын. Уӕйгӕнӕн нӕ уыд ӕрмӕст израилаг цагъарты.