Зынаргъ чиныгкӕсӕг!
Библи у дунейы аивадон ӕмӕ дины культурӕйы ӕппӕты зынгӕ-дӕр хӕзнатӕй иу, арӕзт у 77 чиныгӕй. Хонынц ма йӕ Чингуыты чиныг дӕр.
Ирон литературӕйы минӕвӕрттӕ цалдӕрӕй къорд азы дӕргъы Бетъырбухы биноныг ахуыр кодтой Библийы тӕлмацы бындурон фарстытӕ ӕмӕ рагдзуттаг ӕвзаг. Фӕстӕдӕр Библийы чингуытӕ райдыдтой комкоммӕ уыцы ӕвзагӕй тӕлмац кӕнын. Арфӕйаг хъуыддаг сырӕзти Уӕрӕсейы Библийы ӕхсӕнады хъӕппӕрисӕй ӕмӕ Библийы иугонд ӕхсӕнӕдты ӕххуысӕй.
Дӕ разы ис Библийы фыццаг чиныг — «Райдиан» — ирон ӕвзагыл.
Нӕ зӕрдӕ дарӕм, разӕнгардӕй йыл кӕй сӕмбӕлдзынӕ ӕмӕ нӕм кӕй ныффысдзынӕ дӕ хъуыдытӕ ӕргомӕй.
Чиныг цӕмӕй ӕнцондӕр кӕсӕн уа, уый тыххӕй дих у дӕлсӕр-гӕндтыл. Кӕронӕй дзы ссардзынӕ уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг: Рагон Хӕстӕг Скӕсӕн ӕмӕ Рагон Палестинӕйы географион нывӕцтӕ, мыггагвӕндӕгты ӕрфыст ӕмӕ Библийы вазыгджын терминтӕ ӕмбарынгӕнӕн дзырдуат.
Ис дзы Фӕсныхас дӕр — уый фӕрцы арфдӕр райхалдзынӕ Райдианы чиныджы сӕйраг темӕтӕ ӕмӕ йӕ хӕйтты мидис.
Курӕм, ӕмӕ нӕм дӕ фиппаинӕгтӕ фысс ацы адрисыл:
191014, Санкт-Петербург, а/я 127, СПб отделение РБО.
Мамиаты Изетӕ,чиныджы бӕрнон редактор
Моисейы фыццаг чиныг
Райдиан
Сӕргӕндтӕ
Дуне ӕмӕ адӕмы райдиан (1:1-11:9)
Авраам — Израилы рагфыдӕл (11:10-25:18)
Исаак ӕмӕ Иаков. Сӕ царды хабӕрттӕ (25:19-36:43) Иосиф — Иаковы фырт (37:1-50:26)
Дуне ӕмӕ адӕмы райдиан(1:1-11:9)
Дунейы сфӕлдыст
I1-2Райдианы, зӕхх куы нӕма уыди ӕмӕ Хуыцау арв ӕмӕ зӕхх фӕлдисынмӕ куы ӕрӕвнӕлдта, уӕд ӕгӕрон тыгъдады сӕрмӕ цӕндӕй лӕууыди саудалынг. Хуыцауы Уд уӕлдон Йӕхи айтыгъта.3Хуыцау загъта: «Уӕд рухс!» Ӕмӕ фӕзынди рухс.4Хуыцау федта, рухс хорз кӕй у, уый ӕмӕ йӕ фӕхицӕн кодта тарӕй.5Хуыцау рухс схуыдта «бон», тар та — «ӕхсӕв». Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: иу бон.
6Хуыцау загъта: «Доны мидӕг уӕд ӕрдынӕг, ӕмӕ иу дон хицӕн кӕнӕд иннӕйӕ». Ӕмӕ сси афтӕ.7Хуыцау сарӕзта ӕрдынӕг ӕмӕ, ӕрдынӕгӕн йӕ бынмӕ цы дон уыди, уый фӕхицӕн кодта, йӕ сӕрмӕ цы дон уыди, уымӕй.8Хуыцау ӕрдынӕг схуыдта «арв». Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: дыккаг бон.
1:2 Рагдзуттаг дзырдбаст ма ноджы нысан кӕны: Хуыцауы хъомысджын комытӕф.
9Хуыцау загъта: «Арвы бын цы дон и, уый ӕрӕмбырд уӕд иу ранмӕ, ӕмӕ разынӕд сур». Ӕмӕ сси афтӕ.10Хуыцау сур схуыдта «зӕхх», дӕттӕ та схуыдта «денджызтӕ». Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.
11Хуыцау загъта: «Зӕххӕй сӕвзӕрӕд зайӕгойтӕ: йӕ мыггаг кӕмӕн згъӕлы, ахӕм зайӕгхӕлттӕ ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыр-гъы кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ, алы бӕласӕн дӕр йӕхи хуыз куыд уа». Ӕмӕ сси афтӕ.12Зӕххӕй сӕвзӕрди, йӕ мыггаг кӕ-мӕн згъӕлы, ахӕм зайӕгхӕлттӕ, алкӕцыйӕн — йӕхи хуыз; ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыргъы кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ, алы бӕласӕн дӕр — йӕхи хуыз. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.13Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: ӕртыккаг бон.
14Хуыцау загъта: «Арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ, бон ӕхсӕ-вӕй иртасынӕн ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ, бонтӕ ӕмӕ афӕдзтӕ нысан кӕнынӕн.15Арвыл фӕзынӕд ӕндӕр рухсгӕнӕнтӕ дӕр ӕмӕ рухс кӕнӕнт зӕхмӕ». Ӕмӕ сси афтӕ.16Хуыцау сарӕзта дыууӕ егъау рухсгӕнӕны: стырдӕр рухсгӕнӕн — бонӕн уаг ӕвӕры-нӕн, къаддӕр рухсгӕнӕн та — ӕхсӕвӕн уаг ӕвӕрынӕн, ӕмӕ стъалытӕ.17Хуыцау сӕ сӕвӕрдта арвыл, зӕхмӕ рухс кӕны-нӕн,18бон ӕмӕ ӕхсӕвӕн уаг ӕвӕрынӕн ӕмӕ бон ӕхсӕвӕй иртасынӕн. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.19Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: цыппӕрӕм бон.
20Хуыцау загъта: «Донӕй сӕнтысӕнт царды алы хуызтӕ. Зӕххӕй арвы астӕу атӕхӕнт мӕргътӕ ӕмӕ сасчытӕ». Ӕмӕ сси афтӕ.21Хуыцау сфӕлдыста денджызон ӕвирхъау стыр цӕ-рӕгойтӕ ӕмӕ, доны чи схӕлбурцъ кодта, царды уыцы ӕндӕр хуызтӕ — алкӕй дӕр йӕ мыг гагмӕ гӕсгӕ, стӕй алымыггаг мӕргътӕ ӕмӕ сасчытӕ. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.22Ӕмӕ сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, ӕмӕ уӕ байдзаг уӕнт денджызтӕ. Тӕхгӕ чи кӕны, уыдон дӕр сбирӕ уӕнт зӕххыл».23Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: фӕндзӕм бон.
24Хуыцау загъта: «Зӕхх сӕнтысын кӕ нӕд фосы, хъӕддаг цӕ-рӕгойты, хилӕгойты алы мыггаг». Ӕмӕ сси афтӕ.25Хуыцау сфӕлдыста хъӕддаг цӕрӕгойты, фос ӕмӕ алы хилӕгойты, алкӕцыйы дӕр — йӕ мыггагмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.
26Хуыцау загъта: «Сфӕлдисӕм адӕймаджы, Нӕхи хуызӕн, Нӕхи ӕнгӕс куыд уа, афтӕ. Уадз ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕна ден-джызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, зӕххыл алы фос, алы сырд ӕмӕ алы хилӕгойыл».27Ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы сфӕлдыста Йӕхи ӕнгӕс, сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгой-маджы.28Хуыцау сын раарфӕ кодта. Загъта сын: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд ӕмӕ уӕд уӕ бӕрны. Ӕлдариуӕг кӕнут денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтыл».29Хуыцау загъта: «Ӕз уын хӕрынӕн дӕттын, зӕххы цъарыл мыггаг чи дӕтты, ӕппӕт уыцы зайӕгхал ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ мидӕг кӕмӕн ис, ӕппӕт уыцы дыргътӕ.30Зӕхх ӕмӕ арвыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, цыдӕриддӕр цӕры ӕмӕ улӕфы, уыдонӕн дӕттын хӕрынӕн, зӕххыл цы зайы, уый». Ӕмӕ сси афтӕ.
31Хуыцау ӕркасти, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уымӕ — ал-цыдӕр уыд иттӕг хорз. Уыд изӕр, ӕмӕ ралӕууыди райсом: ӕхсӕзӕм бон.
2^Афтӕ сӕнтысти дуне.2Ӕвдӕм бонмӕ Хуыцау арӕзт фӕ-ци Йе ’ппӕт хъуыддаг ӕмӕ уыцы бон ӕрӕнцади Йӕ алы куыстӕй.3Хуыцау ӕвдӕм бон рахуыдта арфӕйаг ӕмӕ загъта: «Уӕд табуйаг!» Уымӕн ӕмӕ уыцы бон ӕцӕгӕйдӕр Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй ӕрулӕфыди.
4Гъе ахӕм у арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисыны таурӕгъ.
Адӕймаг Едемы дыргъдоны
Дунедарӕг Хуыцау зӕхх ӕмӕ арв куы сфӕлдыста,5уӕд зӕх-хыл нӕма уыди нӕдӕр къудзи, нӕдӕр зайӕгхал, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау зӕхмӕ доны ӕртах нӕма ӕруагъта, зӕххыл кусынмӕ адӕймаг дӕр нӕма уыди,6фӕлӕ зӕххӕй уӕлӕмӕ хъардта дон ӕмӕ йын ӕфсӕста йе ’ппӕт уӕлцъар.7Дунедарӕг Хуыцау зӕххы рыгӕй сфӕлдыста адӕймаджы буар, йӕ фындзы йын царды комулӕфт бауагъта, ӕмӕ сси удгоймаг.
8Дунедарӕг Хуыцау скӕсӕны, Еде мы, скодта дыргъдон ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта Йе сфӕлдыст адӕймаджы, Адамы.
9Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта, йӕ уынд цыбӕйлаг кӕмӕн у, йӕ дыргъ — хӕрзад, алы ахӕм бӕлӕстӕ, дыргъдо-нӕн йӕ астӕу та — царды бӕлас, стӕй, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый базоныны бӕлас.
10Едемы уыди цӕугӕдон ӕмӕ йӕ дойны саста дыргъдонӕн. Кӕлгӕ-кӕлын фӕкъабӕзтӕ ис, ӕмӕ дзы рауади цыппар цӕугӕдоны.11Сӕ иу — Пишон, кӕлы сызгъӕринарӕх Хавилайы зӕххыл, кӕрӕй-кӕронмӕ.12Уыцы зӕххӕн йӕ сызгъӕрины хъӕд хорз у, ноджы ма дзы ис хӕрздӕф чъиу бдолах ӕмӕ зы-наргъ дур шохам.13Иннӕ — Гихон, кӕлы Кушы ӕппӕт зӕххыл.
14Ӕртыккаг — Тигр, кӕлы сахар Ашшуры скӕсӕйнаг фӕрсты. Цыппӕрӕм у Евфрат.
15Дунедарӕг Хуыцау Адамы ӕрцӕрын кодта Едемы дыргъдо-ны, цӕмӕй дзы змӕла, зила йӕм.16Ноджы ма йын бафӕ-дзӕхста: «Дыргъдоны бӕлӕстӕй кӕцыфӕндыйы дыргътӕй дӕр хӕр,17ӕрмӕст хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕласмӕ ма бавнал. Йӕ дыргътӕй йын куы фӕхъӕстӕ уай, уӕд амӕлдзы-нӕ».
18Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Адамӕн хорз нӕу зыбыты иунӕгӕй цӕрын. Сфӕлдисон ын йӕ аккаг ӕххуысгӕнӕг».
19Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сӕнтысын кодта алы сырд ӕмӕ алы маргъ, ӕрбакодта сӕ Адаммӕ, цы нӕмттӕ сын ратдзӕ-ни, уый фенынмӕ. Алы цӕрӕгойыл дӕр хъуамӕ баззадаид, адӕймаг ын цы ном ратта, уый.20Адам радта нӕмттӕ алы фо-сӕн, алы уӕларвон маргъӕн ӕмӕ алы зӕххон сырдӕн. Ӕцӕг, Адамӕн уыдоны ӕхсӕн нӕ разынди йӕ аккаг ӕххуысгӕнӕг.
21Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Хуыцау Адамыл бафтыдта тарф фы-нӕй. Куы бафынӕй ис, уӕд ын йӕ фӕрсчытӕй иу систа ӕмӕ фӕрсчы бынат сӕхгӕдта буарӕй.22Адамӕй цы фӕрск систа, уымӕй Дунедарӕг Хуыцау сфӕлдыста сылгоймаджы ӕмӕ йӕ ӕрбакодта Адаммӕ.23Нӕлгоймаг загъта: «Мӕнӕ гъе! Мӕ туг, ме стӕгӕй конд у ай, ӕцӕг у мӕ ус».
24Йӕхицӕй ист кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕлгоймаг ныууадзы йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу вӕййы йӕ усимӕ, ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм нал фӕхицӕн вӕййынц.
Фыццаг тӕригъӕд
25Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг дыууӕйӕ дӕр уыдысты мадард бӕгънӕг, фӕлӕ кӕрӕдзийӕ не ’фсӕрмы кодтой.
З^Дунедарӕг Хуыцау кӕй рафӕлдыста, уыцы зӕххон цӕ-рӕгойты ’хсӕн калмӕй хиндӕр ӕмӕ кӕлӕндӕр нӕ уыд. Ӕмӕ калм сылгоймаджы бафарста: «Ӕцӕг уын загъта Хуыцау, дыргъдоны дыргътӕй макӕцыйӕ фӕхъӕстӕ ут, зӕгъгӕ»?
2Сылгоймаг дзуапп радта: «Дыргъдоны дыргътӕй нын хӕрыны бар ис.3Дыргъдоны астӕу цы бӕлас зайы, ӕрмӕст уымӕй нын загъта Хуыцау, йӕ дыргътӕй йын ма саходут, ӕвналгӕ дӕр сӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут, зӕгъгӕ».4Калм загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут.5Фӕлӕ Хуыцау зоны: куыддӕр дзы фӕ-хъӕстӕ уат, афтӕ байгом уыдзысты уӕ цӕстытӕ, суыдзыстут Хуыцауы ӕмсӕр ӕмӕ зондзыстут хорз ӕмӕ ӕвзӕр».
6Сылгоймаг бацыбӕл и бӕласы дыргътӕм: рӕсугъд, хӕрзад сты, зондыл ӕфтауынц. Ӕр тыдта дзы ӕмӕ бахордта, радта йӕ мойӕн дӕр, ӕмӕ уый дӕр бахордта.7Уыйадыл сӕ дыу-уӕйӕн дӕр байгом сты сӕ цӕстытӕ ӕмӕ федтой, бӕгънӕг кӕй сты, уый. Уӕд легъуи бӕласы сыфтӕй сӕхицӕн бахуыд-той синӕмбӕрзӕнтӕ.8Уалынмӕ хъусынц, ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау сатӕг дымгӕйы дыргъдоныл рацӕуы. Адам ӕмӕ йӕ ус дыргъдоны бӕлӕсты ’хсӕн амбӕхстысты.9Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау фӕсидт Адаммӕ: «Кӕм дӕ?»10Уый Йын дзуапп радта: «Дыргъдоны Дӕ уынӕр куы айхъуыстон, уӕд, бӕгънӕг кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ фӕтарстӕн ӕмӕ бамбӕхстӕн».11Хуыцау ӕй фӕрсы: «Чи дын загъта, бӕгънӕг дӕ, уый? Тобӕ дын цы бӕла-сӕй загътон, уымӕй ма саходай?»12Адамы дзуапп уыди: «Ды мын цы усы радтай, уый мын бахӕрын кодта уыцы бӕласы дыргътӕй».13Дунедарӕг Хуыцау сылгоймаджы бафарста: «Уый цы бакуыстай?» Сылгоймаг загъта: «Калм мӕ фӕрӕдийын кодта, ӕмӕ дзы уымӕн бахордтон».
14Уӕд Дунедарӕг Хуыцау калмӕн загъта:
«Афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй ӕлгъыст дӕ ӕппӕт цӕрӕгойты ’хсӕн,
цыдӕриддӕр зӕххыл змӕлӕг ис, уыдоны ’хсӕн.
Дӕ гуыбыны цъарыл бырдзынӕ, цард-цӕрӕнбонты рыг хӕрдзынӕ.
15Мыггагмӕ уӕ знаг кӕнын кӕрӕдзимӕ: дӕу ӕмӕ сылгойма-джы, дӕ зӕйц ӕмӕ йӕ зӕнӕджы. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕни, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ».
16Сылгоймагӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта:
«Де ’нхъӕлцауы заман-иу сбирӕ кӕндзынӕн, сбирӕ кӕндзынӕн дӕ хъизӕмӕрттӕ.
Ардзынӕ сывӕллӕттӕ, сау тухӕн ӕвзаргӕйӕ.
Дӕ моймӕ бӕлдзынӕ, монцты уацары тыхсдзынӕ, уыдзӕни дын хицау дӕ мой».
17Адамӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Дӕ усы коммӕ кӕй бакастӕ ӕмӕ дын тобӕ цы бӕласӕй загътон, уый дыргътӕй кӕй бахордтай, уымӕ гӕсгӕ ӕлгъыст у зӕхх дӕу тыххӕй.
Цӕрӕнбонты дзы исдзынӕ дӕ къӕбӕр, хъизӕмӕрттӕ ’взаргӕйӕ.
18Хӕмпӕлгӕрдӕг, сындзытӕ дын ӕрзайын кӕндзӕн зӕхх. Сӕтдзынӕ де стонг быдыры кӕрдӕгӕй.
19Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид, цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ
ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл».
20Адам йӕ усы схуыдта Евӕ, уымӕн ӕмӕ уый сси ӕппӕт цӕрджыты рагмад.21Дунедарӕг Хуыцау Адам ӕмӕ йӕ усӕн скодта цӕр мын да рӕстӕ.
22Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Ныр адӕймаг сси Мах ӕмсӕр, зоны хорз ӕмӕ ӕвзӕр. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ царды бӕласмӕ дӕр фӕныхила, йӕ дыргъӕй йын бахӕра ӕмӕ мыггагмӕ цӕра».
23Ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау рарвыста Адамы Едемы дыргъдонӕй, цы зӕххӕй ист ӕрцыди, ууыл кусынмӕ.24Ратардта адӕйма-джы ӕмӕ Еде мы дыргъдоны цур, скӕсӕнырдыгӕй, сӕвӕрдта
3:20Евӕу, дзуттагау «цард» чи амоны, уыцы дзырды ӕнгӕс. Адам амоны «адӕймаг», «нӕлгоймаг» «адӕймӕгтӕ», «адӕм».
херувимты, стӕй, алырдӕм чи ӕвзиды, ахӕм судзгӕ-зилгӕ кард, царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн.
Адам ӕмӕ Евӕйы фырттӕ
4^Адам ӕмуат ӕрцыди йӕ ус Евӕимӕ. Уый банхъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта Каины, ӕмӕ загъта: «Нӕлгоймаг мӕ фӕци Дунедарӕджы фӕрцы».2Евӕйӕн ма фӕстӕдӕр райгуырд иу лӕппу — Авел, Каины ӕфсымӕр. Авел хызта фысвос, Каин та кодта зӕххы куыст.3Иу ахӕмы Каин йӕ зӕххы бӕркадӕй Ду-недарӕгӕн бахаста кувинӕгтӕ,4Авел дӕр Ын ӕрхаста нывонд йӕ дзуджы фыццагзад уӕрыччыты фиуӕй. Ӕмӕ Дунедарӕг айста Авелы нывонд,5Каинмӕ та не ’ркасти, йӕ кувинӕг-тӕ йын нӕ айста. Йӕ туг рафыхти Каинӕн, йӕ цӕсгом фыр мӕстӕй ныссау и.6Дунедарӕг Каины бафарста: «Цӕй тыххӕй рафыхти дӕ маст? Дӕ сӕр цӕмӕн фӕгуыбыр кодтай?7Кӕд раст дӕ, уӕд дӕ сӕрыл уӕлӕмӕ цӕуылнӕ схӕцыс? Кӕд раст нӕ дӕ, уӕд та дӕм тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл гӕппӕввонгӕй лӕууы, фӕлӕ ды дӕ монцты рохыл фидар хӕц».
8Каин басидт йе ’фсымӕр Авелмӕ: «Цом быдырмӕ». Ӕмӕ быдыры Каин йӕ къух систа йе ’фсымӕр Авелмӕ, ӕмӕ йӕ амардта.9Дунедарӕг бафарста Каины: «Кӕм и де ’фсымӕр Авел?» Уый дзуапп радта: «Нӕ зонын. Ме ’фсымӕрӕн гӕс, мый-йаг, дӕн?»10Дунедарӕг та бафарста: «Уый цы бакуыстай? Де ’фсымӕры туг дыл зӕххӕй ӕвдисӕн кӕны.11Дӕ къухӕй мард ӕфсымӕры туг цы зӕххы ахъардта, уымӕй хъодыгонд дӕ ныр.12Кусдзынӕ йыл, фӕлӕ дзы тыллӕг нал райсдзынӕ. Ӕнӕкъо-на, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕ дӕ цард».13Каин Дунедарӕгӕн загъта: «Мӕ азым афтӕ стыр у, ӕмӕ йын ныффӕразӕн нӕй.
14Гъеныр мӕ сурыс а зӕххӕй, ӕмӕ цӕуын, нал Дӕм равдисдзы-нӕн мӕхи. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕн мӕ цард. Чидӕриддӕр мыл амбӕла — амардзӕн мӕ».15Дунедарӕг ын загъта: «Нӕ. Исчи дӕ куы амара, уӕд йӕ мыггагӕй авд ахӕмы фӕхъӕудзӕн». Ӕмӕ Дунедарӕг Каиныл нысан ныууагъта, цӕмӕй йыл чи амбӕла, уыдонӕй йӕ мачи амара.16Каин ра-цыди Дунедарӕджы цурӕй ӕмӕ Едемы скӕсӕнырдыгӕй Ноды зӕххыл цӕугӕ цард кодта.
17Каин ӕрӕ муат и йӕ усимӕ, уый банхъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта Ханохы. Каин сарӕзта сахар ӕмӕ йӕ схуыдта йӕ фырты номӕй — Ханох.18Ханохӕн райгуырд Ирад, Ирадӕн райгуырди Мехиаел, Мехиаелӕн райгуырди Метушаел, Ме-тушаелӕн райгуырди Ламех.19Ламех ӕрхаста дыууӕ усы: иуӕн йӕ ном — Ада, иннӕмӕн та — Цилла.20Ада ныййард-та Йавалы. Уый сси цатырты цӕрӕг фосдарджыты фыдӕл.21Йе ’фсымӕр — Йувал, хъисфӕндыртӕ ӕмӕ уадындзтӕй чи цагъта, уыдоны фыдӕл.22Цилла ныййардта Тувал-Каины. Уый сси куырд, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй алы дзаума аразӕг. Тувал-Каины хо — Наама.
23Ламех йӕ устытӕн загъта:
«Ада ӕмӕ Цилла, ӕрбайхъусут ардӕм!
Ламехы устытӕ, хъусут мӕ ныхӕстӕм!
Ӕз амардзынӕн, чи мӕ фӕцӕф кӕна, уыцы лӕджы. Мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн, чи мӕ ныц цӕва, уыцы лӕппуйы.
24Кӕд Каины царды ныхмӕ авд адӕймаджы хъуамӕ амӕла, уӕд Ламехы царды ныхмӕ та — ӕвдай авд».
25Адам та ӕрӕмуат и йӕ усимӕ, ӕмӕ йын уый ныййардта фырт. Сӕвӕрдта йыл ном Сиф, ома «ралӕвар кодта», уымӕн ӕмӕ, дам, мын Каин кӕй амардта, уыцы Авелы бӕсты Хуыцау ралӕвар кодта ӕндӕр байзӕддаг.26Сифӕн дӕр райгуырди фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Енос, ома «адӕймаг». Енос уы-ди, Дунедарӕджы ном фыццаг чи сдзырдта, уый.
Нойы фыдӕлтӕ
5^Мӕнӕ Адам ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ. Хуыцау адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй скодта Йӕхи ӕнгӕс,2сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы. Раарфӕ сын кодта ӕмӕ сӕ се сфӕлдисӕн бон рахуыдта «адӕймӕгтӕ».
3Адамыл сӕдӕ ӕртын азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуыр-ди фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Сиф. Сиф уыд йӕ фыды халдих, цӕрмыстыгъд ӕй бакодта.4Сифы райгуырды фӕстӕ ма Адам фӕцард астсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.5Ӕдӕппӕтӕй та Адам фӕцарди фарастсӕдӕ ӕртын азы.
6Сифыл сӕдӕ фондз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырд Енос.7Еносы райгуырды фӕстӕ ма Сиф фӕцард астсӕдӕ авд азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.8Ӕдӕппӕтӕй та Сиф фӕцарди фарастсӕдӕ дыууадӕс азы.
9Еносыл дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Каинан.10Каинаны райгуырды фӕстӕ ма Енос фӕцард астсӕдӕ фынддӕс азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.11Ӕдӕппӕтӕй та Енос фӕцарди фарастсӕдӕ фондз азы.
12Каи наныл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Малелеил.13Малелеилы райгуырды фӕстӕ ма Каинан фӕцард астсӕдӕ цыппор азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.14Ӕдӕппӕтӕй та Каинан фӕцарди фарастсӕдӕ дӕс азы.
15Малелеилыл фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырд Йаред.16Йареды райгуырды фӕстӕ ма Малелеил фӕцард астсӕдӕ ӕртын азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.17Ӕдӕппӕтӕй та Малелеил фӕцард астсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы.
18Йаредыл сӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырд Енох.19Енохы райгуырды фӕстӕ ма Йаред фӕцард астсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
20Ӕдӕппӕтӕй та Йаред фӕцарди фарастсӕдӕ ӕхсай дыууӕ азы.
21Енохыл фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Мафусал.22Мафусалы райгуырды фӕстӕ ма Енох фӕцард ӕртӕсӕдӕ азы, Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.23Енох ӕдӕппӕтӕй фӕцард ӕртӕсӕдӕ ӕхсай фондз азы.24Фӕцарди Хуыцауӕн коммӕгӕ-сӕй, стӕй зӕххыл нал уыди — Хуыцау ӕй айста Йӕхимӕ.
25Мафусалыл сӕдӕ ӕстай авд азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Ламех.26Ламехы райгуырды фӕстӕ ма Мафусал фӕцард авдсӕдӕ ӕстай дыууӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.27Ӕдӕппӕтӕй та Мафусал фӕцарди фарастсӕдӕ ӕхсай фараст азы.
28Ламехыл сӕдӕ ӕстай дыууӕ азы куы сӕххӕст и, уӕд ын рай-гуырди фырт,29ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Ной, ома «рӕвдауын». Афтӕ загъта: «Уый мах барӕвдаудзӕни нӕ удхайраг куысты, Дунедарӕг кӕй ралгъыста, уыцы зӕххы бӕркадӕй».30Нойы рай гуырды фӕстӕ ма Ламех фӕцарди фондзсӕдӕ нӕуӕдз фондз азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.31Ӕдӕппӕтӕй та Ламех фӕцард авдсӕдӕ ӕвдай авд азы.
32Нойыл фондзсӕдӕ азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырд ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Йафет.
Хуыцауы тӕрхон ӕмӕ фидыд
61Адӕм зӕххыл райдыдтой фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнын. Райгуырди сын чызджытӕ.2Уӕларвцӕрджытӕ федтой, зӕххон чызджытӕ рӕсугъд кӕй сты, уый, ӕмӕ-иу дзы йӕ цӕст чи кӕуыл ӕрӕвӕрдта, уыимӕ-иу ӕрӕмуат и.3Уӕд Дуне-дарӕг загъта: «Ӕз адӕймагӕн мыггагмӕ нӕ ныууадздзынӕн Мӕ царддӕттӕг комулӕфт. Куыд цӕра хъуамӕ ӕнусты, кӕд ӕмӕ лӕмӕгъ у, фыдбылызмӕ ӕмхиц. Йӕ царды бонтӕ уӕнт ӕхсӕзыссӕдз азы».4Уӕд ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр зӕххыл царди уӕйгуытӕ, уӕларвцӕрджытӕн-иу зӕххон чызджытӕй чи рай-гуырди, уыдон. Незаманты цы хъуыддӕгтӕй фесгуыхтысты, уыдонӕй сӕ зонынц ныр дӕр ма.
5Дунедарӕг федта, адӕймаг бынтон кӕй сӕлгъаг ис, йӕ сӕрызонды фыдбылызӕй дарддӕр кӕй ницыуал баззад,6ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта, кӕй йӕ сфӕлдыста, ууыл. Ныккӕрзыдта Йӕ зӕрдӕ,7ӕмӕ загъта: «Зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн Ме сфӕл-дыст адӕмы. Никӕйуал ныууадздзынӕн удӕгасӕй — нӕдӕр адӕмы, нӕдӕр цӕрӕгойты, нӕдӕр хилӕгойты, нӕдӕр — уӕ-ларвон мӕргъты. Ӕрфӕсмон кодтон, кӕй сӕ сфӕлдыстон, ууыл».
8Иунӕг Ной фӕцыди Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ.
9-10Мӕнӕ Нойы царды хабӕрттӕ. Райгуырди йын ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Рӕстӕвзар лӕг уыди Ной, йӕ зама ны адӕмы ӕхсӕн — ӕнӕкъӕм. Царди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй.11Фӕлӕ зӕхх Хуыцауы раз сӕнӕуаг и, фыд ра-кӕндӕй байдзаг ис.12Хуыцау ӕркасти зӕхмӕ ӕмӕ федта, зӕхх куыд сӕнӕуаг и, уый: алы цард уд дӕр ныллӕууыди галиу фӕндагыл.
13Ӕмӕ Хуыцау загъта Нойӕн: «Зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдоны хъуамӕ фесафон: сӕ фыд митӕй йӕ байдзаг кодтой. Бабын сӕ кӕндзынӕн зӕххимӕ иумӕ.14Ды та дӕхицӕн нӕзыхъӕдӕй сараз егъау бӕлӕгъ, скӕн дзы хатӕнтӕ, стӕй йӕ ӕдде ӕмӕ мидӕгӕй байсӕрд писийӕ.15Сараз ӕй афтӕ: йӕ дӕргъ уӕд ӕртӕсӕдӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины.16Сараз ын сӕр ӕмӕ йӕ иу ӕлмӕрины бӕрц уӕлӕмӕ сис, бӕлӕгъмӕ рухс куыд цӕуа, афтӕ. Бӕлӕгъы уӕд ӕртӕ уӕладзыджы, йӕ иу фарсыл — дуар.17Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доны хъаймӕт, цӕмӕй йыл цъиуызмӕлӕг дӕр мауал баззайа.18Фӕлӕ демӕ сараздзынӕн Мӕ фидыд. Ды бахиздзынӕ бӕлӕгъмӕ — дӕ фырттӕ, дӕ ус ӕмӕ дӕ чын-дзытимӕ.19Бӕлӕгъмӕ ма-иу алы цӕрӕгойтӕй райс къайгай, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ, цӕмӕй уыдон дӕр аирвӕзой демӕ.20Алы мӕргъты мыггагӕй ӕмӕ алы зӕххон цӕрӕгойты мыггагӕй, стырӕй, чысылӕй, демӕ бӕлӕгъмӕ бацӕуӕнт къайгай, цӕмӕй баззайой удӕгасӕй.21Ноджы ма демӕ райс алы хойраг — дӕ-хицӕн ӕмӕ уыдонӕн дӕр.
22Ной ӕппӕт дӕр бакодта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
7^Дунедарӕг Нойӕн загъта: «Бахиз бӕлӕгъмӕ дӕ бинон-тимӕ. Ныры дуджы адӕмӕй Мӕ цӕсты иунӕг ды дӕ рӕстӕвзар.2Цӕрӕгойтӕн сӕ сыгъдӕджытӕй демӕ райс фӕй-нӕ авд къайы, сыгъдӕг чи нӕу, уыдонӕй та фӕйнӕ иу къайы.
3Уӕларвон мӕргътӕй дӕр райс фӕйнӕ авд къайы. Уадз ӕмӕ зӕххыл баззайа сӕ мыггаг.4Авд боны фӕстӕ дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы дӕргъы зӕххыл уадздзынӕн къӕвда. Ӕмӕ зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, цард удӕй цыдӕ-риддӕр сфӕлдыстон, уыдон».
5Ной ӕппӕт дӕр сарӕзта, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕх-ста, афтӕ.
6Зӕххыл доны хъаймӕт куы райдыдта, уӕд Нойыл цыдис ӕхсӕзсӕдӕ азы.7Доны хъаймӕтӕй Ной йӕхи бафснайдта бӕ-лӕгъы, йӕ фырттӕ, йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзытӕ дӕр — йемӕ.
8Сыгъдӕг цӕрӕгойтӕй, стӕй, сыгъдӕг чи нӕу, уыдонӕй дӕр, ноджы ма мӕргътӕй ӕмӕ алы хилӕгойтӕй9Нойы бӕлӕгъмӕ бахызти фӕйнӕ къайы, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ, — Хуыцау Нойӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
10Авд боны фӕстӕ зӕххыл райдыдта доны хъаймӕт.пНойӕн йе ’хсӕзсӕдӕ фыццӕгӕм азы дыккаг мӕй куы ралӕууыди, уӕд ӕвддӕсӕм бон стыдтой дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ, фегом сты арвы дуӕрттӕ,12ӕмӕ зӕхмӕ калди тӕгъдызӕй — дыууис-сӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.
13Тӕккӕ уыцы бон бахызтысты бӕлӕгъмӕ Ной, йӕ фырттӕ Сим, Хам ӕмӕ Йафет, стӕй Нойӕн йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзытӕ.
14Семӕ райстой сырд ӕмӕ фосы алы мыггагӕй, хилӕгой ӕмӕ маргъы алы мыггагӕй.15Цардӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, се ’ппӕ-тӕй дӕр Ноимӕ къӕйттӕ-къӕйттӕй бахызтысты бӕлӕгъмӕ.16Цӕрӕгойтӕн сӕ алы мыггагӕй дӕр бахызти нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ — Хуыцау Нойӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Ӕмӕ Ду-недарӕг Нойыл бахгӕдта бӕлӕгъы дуар.
17Зӕххыл доны хъаймӕт абухта дыууиссӕдз боны. Дон сби-рӕ ис ӕмӕ зӕххы сӕрмӕ систа бӕлӕгъ.18Дон ӕфсӕрста ӕмӕ тынг сбирӕ и зӕххыл, ӕмӕ бӕлӕгъ цыди доныл.19Дон афтӕ тынг сабузта, ӕмӕ, арвы бын цыдӕриддӕр бӕрзонд хохӕй уы-ди, уыдон доны бын фесты:20фынддӕс ӕлмӕрины фӕуӕлдӕр и дон тӕккӕ бӕрзонддӕр хӕхтӕй.
21Бабын и зӕххыл цӕрӕг алы уд дӕр: мӕргътӕ, фос, сырдтӕ ӕмӕ, зӕхх бӕз-бӕз кӕ мӕй кодта, уыцы хилӕгойтӕ, стӕй адӕм иууылдӕр.22Зӕххы цъарыл царды уддзӕф кӕй мидӕг уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр бабын сты.23Зӕххыл цард удӕй цыдӕрид-дӕр уыд — адӕмӕй, стыр ӕмӕ чысыл цӕрӕгойӕ, уӕларвон маргъӕй — мӕлӕты дзыхы аирвӕзтысты. Иууылдӕр зӕххы цъарӕй сӕфт ӕрцыдысты. Ӕрмӕст ма баззади Ной ӕмӕ, йемӕ бӕлӕгъы чи уыди, уыдон.24Ныр дон та зӕххы сӕрмӕ абузта дӕс ӕмӕ авдыссӕдз боны.
81Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта Нойы, стӕй, йе мӕ бӕлӕ-гъы чи уыд, ӕппӕт уыцы сырдтӕ ӕмӕ фосы — зӕххыл рауагъта дымгӕ, ӕмӕ дон сысын байдыдта.2Ӕхгӕд ӕрцы-дысты дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ ӕмӕ арвы дуӕрттӕ, тӕгъдызӕй банцади.3Дон чысылгай зӕххы цыди. Хъаймӕты райдианӕй дӕс ӕмӕ авдыссӕдз боны куы аивгъуыдта, уӕдмӕ дон дзӕвгар фӕкъаддӕр ис,4ӕмӕ ӕвдӕм мӕйы ӕвддӕсӕм бон бӕлӕгъ ӕрӕнцад Арараты хӕхтыл.5Дон къаддӕргӕнгӕ цыди дӕсӕм мӕйы онг, дӕсӕм мӕйы фыццаг бон разындысты хӕхты цъуппытӕ.
6Дыууиссӕдз боны фӕстӕ Ной байгом кодта, бӕлӕгъӕн цы рудзынггонд сарӕзта, уый7ӕмӕ рауагъта сынты. Уый ӕддӕ-мӕ-мидӕмӕ кодта, цалынмӕ зӕхх ӕрсур и, уӕдмӕ.
8Ной рауагъта бӕлоны, дон зӕххы ахъардта ӕви нӕ, уый ба-зонынмӕ,9фӕлӕ бӕлон фӕстӕмӕ ӕрбатахти, уымӕн ӕмӕ не ссардта, кӕм ӕрбада, уый. Зӕххы уӕлцъар нырма иууылдӕр доны бын уыди. Ной йӕ къух радардта ӕмӕ бӕлоны ӕрбай-ста йӕхимӕ, бӕлӕгъмӕ.10Банхъӕлмӕ каст авд боны ӕмӕ та бӕлоны рауагъта.11Бӕлон ӕм изӕры фӕстӕмӕ ӕрбатахт, йӕ дзыхы зети бӕласы цъӕх сыфтӕр, афтӕмӕй; ӕмӕ Ной ба зыд-та, дон зӕххы ахъардта, уый.12Ноджыдӕр ма банхъӕлмӕ каст авд боны ӕмӕ та бӕлоны рауагъта, ӕмӕ йӕм ацы хатт бӕлон нал ӕрбаздӕхти фӕстӕмӕ.
13Нойыл ӕхсӕзсӕдӕ иу азы куы сӕххӕст и, уый хӕдфӕстӕ хъаймӕты дон зӕххӕй ацыди. Ной бӕ лӕгъы сӕр си ста ӕмӕ федта: зӕххыл хъаймӕты донӕй ницыуал баззади.14Дыккаг мӕйы авд ӕмӕ ссӕдзӕм бонмӕ зӕхх бахус и.
15Хуыцау Нойӕн загъта:16«Бӕлӕгъӕй рахиз дӕ ус, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чындзытимӕ.17Демӕ ракӕн ӕппӕт зӕххон цӕрӕгой-ты дӕр, стырӕй, чысылӕй, стӕй мӕргъты. Уадз ӕмӕ зӕххӕн уӕз кӕной — цот уадзой ӕмӕ сбирӕ уой».
18Ӕмӕ Ной рахызти йӕ фырттимӕ, йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзыти-мӕ.19Стӕй бӕлӕгъӕй мыггаггай рацыдысты ӕппӕт сырдтӕ, фос, мӕргътӕ ӕмӕ алы хилӕгойтӕ.
20Ной Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Уый фӕстӕ райста алы сыгъдӕг фосӕй ӕмӕ алы сыгъдӕг мӕргътӕй ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ.21Дунедарӕгмӕ схӕц-цӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы аххосӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ
йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цард удты никуыуал фесафдзынӕн, доны хъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕх-хыл.22Цалынмӕ зӕхх уа, уӕдмӕ таудзысты ӕмӕ кӕрддзысты, скӕндзӕн-иу хъызт ӕмӕ ӕнтӕф замантӕ, уыдзӕни сӕрд ӕмӕ зымӕг, бон ӕмӕ ӕхсӕв».
9]Хуыцау раарфӕ кодта Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн. Загъта сын: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд.2Тӕрсӕнт уӕ ӕппӕт сырдтӕ, фос, уӕларвон мӕргътӕ, хилӕгойтӕ ӕмӕ денджызы кӕсӕгтӕ. Уӕ бӕрны уын сӕ кӕнын.3Цӕрӕгойы мыггагӕй цыдӕриддӕр ис, уыдоны уын дӕттын хӕрынӕн, айразмӕ уын алы зайӕгхал куыд радтон, афтӕ.4Фыдызгъӕл хӕрыны бар уын ис, фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕут, уымӕн ӕмӕ туджы ис цард.5Ӕмӕ уӕхи туг (ома цард) дӕр хъуамӕ макуы ныккӕла. Иунӕг адӕймаджы туг дӕр Мын ӕнӕист нӕ баззайдзӕни — сырдӕй уа, адӕймагӕй уа.6Адӕймаджы туг чи ныккала, уый туг ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхи ӕнгӕс сфӕлдыста.
7Цот уадзут уӕдӕ ӕмӕ сбирӕ ут, зӕххӕн уӕз куыд кӕнат, афтӕ».
8Хуыцау загъта Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн:9«Абон аразын Мӕ фидыд уемӕ ӕмӕ уӕ байзӕддагимӕ,10стӕй, удӕгас уӕвӕгӕй уемӕ цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ: мӕргътимӕ, фосимӕ ӕмӕ сырдтимӕ — бӕлӕгъӕй рацӕуӕг ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойти-мӕ.11Уемӕ аразын Мӕ фидыд: никуыуал бабын кӕндзынӕн ӕппӕт цард удты, доны хъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕх-хыл».
12Хуыцау ма загъта: «Мӕнӕ, сымахимӕ ӕмӕ, уемӕ удӕгас уӕвӕгӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ мыггагмӕ цы фидыд ара-зын, уый нысан:13ӕврӕгътыл ӕвӕрын Ме ’рдын — арвӕрдын. Уый уыдзӕни Мӕн ӕмӕ зӕххы ’хсӕн фидыды нысан.14Зӕххы сӕрмӕ-иу ӕврӕгътӕ куы рауадзон ӕмӕ-иу ӕврӕгътыл арвӕр-дын куы фӕзына,15уӕд-иу Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕни, уемӕ ӕмӕ алы цӕрӕгоимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый, ӕмӕ нал уыдзӕни доны хъаймӕт — ӕппӕт цӕрдудты сафӕг.16Ӕврӕгътыл-иу ар-вӕрдын куы фӕзына, уӕд-иу ӕй Ӕз фендзынӕн ӕмӕ-иу Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕни, зӕххыл удӕгас уӕвӕгӕй цы ис, Хуыцау уыдонимӕ мыггагмӕйы фидыд кӕй сарӕзта, уый».17Хуыцау загъта Нойӕн: «Гъе уый — ӕппӕт зӕххон цард удтимӕ цы фидыд аразын, уый нысан».
18Нойы фырттӕ, бӕлӕгъӕй чи рацыди, уыдон: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Хам уыди Ханааны фыд.19Ацы ӕртӕ уыдысты Нойы фырттӕ — зӕххон адӕм иууылдӕр адонӕй равзӕрдысты.
20Ной ныллӕууыди зӕххы куыстыл. Фыццаг сӕнӕфсирдон уый ныссагъта.21Иу ахӕмы банызта сӕн, барасыг ис ӕмӕ бӕгънӕгӕй хуыссыд йӕ цатыры.22Афтӕмӕй йӕ федта Хам, Ханааны фыд, ӕмӕ йӕ радзырдта йӕ дыууӕ ӕфсымӕрӕн.
23Уӕд Сим ӕмӕ Йафет райстой пӕлӕз, сӕ уӕхсчытыл ӕй ӕрбакодтой, чъылдымыздӕхтӕй бацыдысты сӕ фыдмӕ ӕмӕ йӕ ӕрӕмбӕрзтой. Се ’ргом иннӕрдӕм здӕхт уыд, ӕмӕ сӕ фыды бӕгънӕгӕй нӕ федтой.
24Ной куы райхъал и, уӕд базыдта, йӕ астӕуккаг фырт ын цы бакуыста, уый25ӕмӕ загъта:
«Ӕлгъыстаг фӕуӕд Ханаан!
Йе ’фсымӕрты цагъартӕн — сӕ дӕлдӕр!»
26Загъта ма:
«Симы Хуыцау — Дунедарӕг, табу Йын фӕуӕд!
Симӕн суӕд йӕ цагъар Ханаан!
27Йафетӕн парахат зӕхх бауарзӕд Хуыцауы цӕст, ӕмӕ Симы цатырты ӕрцӕрӕд!
Йафетӕн дӕр суӕд йӕ цагъар Ханаан!»
28Доны хъаймӕты фӕстӕ ма Ной фӕцардис ӕртӕсӕдӕ фӕн-дзай азы.29Ӕмткӕй райсгӕйӕ та Ной фӕцарди фарастсӕдӕ фӕндзай азы, стӕй амард.
Нойӕ рацӕугӕ адӕмтӕ
1Мӕнӕ Нойы фырттӕ Сим, Хам ӕмӕ Йафеты хӕдзар-вӕндаг. Доны хъаймӕты фӕстӕ сын рацыди цот.
2Йафеты байзӕддаг: Гомер, Ма гог, Мадай, Йаван, Тувал, Мешех, Тирас.3Гомеры байзӕддаг: Ашкеназ, Рифат, Тогарма.
4Йаваны байзӕддаг: Елиша, Таршиш, киттӕгтӕ, роданӕгтӕ.
5Уыдонӕй равзӕрдысты, денджызы сакъадӕхтыл чи ӕрцарди, уыцы адӕмтӕ.
Гъе адон сты Йафеты байзӕддаг. Цы адӕмыхӕттытӕ сӕ ра-взӕрди, уыдонӕй алкӕцыдӕр дих кодта хицӕн мыггӕгтыл. Алы адӕмыхаттӕн дӕр уыдис йӕхи зӕхх ӕмӕ йӕхи ӕвзаг.
6Хамы байзӕддаг: Куш, Мицраим, Пут, Ханаан.
7Кушы байзӕддаг: Сева, Хавила, Савта, Рагма, Савтеха. Рагмайы байзӕддаг: Шева ӕмӕ Дедан.8Кушӕй ма райгуырди Нимрод, зӕххыл фыццаг ӕлдар чи сси, уый.9Уыди ӕрдхӕ-рӕны цуанон. Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуы, Нимродау ӕрдхӕрӕны цуанон у, зӕгъгӕ.10Паддзах Нимроды сӕйраг сахартӕ — Ва-вилон, Ерех ӕмӕ Аккад. Адон се ’ппӕт дӕр уыдысты Шинары зӕххыл, Месопотамийы.11Уыцы зӕххӕй рацыд Ашшур ӕмӕ сарӕзта сахартӕ Ниневи, Реховот-Ир ӕмӕ Калах,12ноджы ма Ресен, Ниневийӕ Калахы ӕхсӕн. Калах зындгонд сахар у.
13Мицраимӕй рацыдысты: лудӕгтӕ, анамӕгтӕ, лехавӕгтӕ, нафтухӕгтӕ,14патрусӕгтӕ, каслухӕгтӕ ӕмӕ кафторӕгтӕ. Кафторӕгтӕй равзӕрдысты филистимӕгтӕ.
15Ханаанӕй равзӕрди: раздӕр Сидон, уый фӕстӕ — Хет,
16ноджы ма йевусӕгтӕ, аморӕгтӕ, гиргашӕгтӕ,17хиввӕгтӕ, архъӕгтӕ, синӕгтӕ,18арвадӕгтӕ, цемарӕгтӕ ӕмӕ хаматӕгтӕ. Фӕстӕдӕр ханаанаг мыггӕгтӕ ахӕлиу сты алы рӕтты:19сӕ зӕххытӕ Сидонӕй Герары ’рдӕм ӕххӕссыдысты Газӕйы онг; Содом, Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы ’рдӕм та — Лешӕйы онг.20Адон — Хамы байзӕддаг. Алкӕмӕй дӕр дзы равзӕрди хицӕн адӕмыхатт — йӕхи ӕвзаг ӕмӕ йӕхи зӕххы хайыл цӕрӕг знӕмтимӕ.
21Цот рацыди Симӕн дӕр. Уый у Еверы ӕппӕт байзӕддаджы фыдӕл, Йафеты хи стӕр ӕфсымӕр.22Симы байзӕддаг: Елам, Ашшур, Арпахшад, Луд, Арам. Алкӕмӕй дӕр дзы равзӕрди хицӕн адӕмыхатт — йӕхи ӕвзаг ӕмӕ йӕхи зӕххы хайыл цӕрӕг знӕмтимӕ.
23Арамы байзӕддаг: Уц, Хул, Ге тер, Маш.
24Арпахшадӕн райгуырди Сала, Салайӕн райгуырд Евер.
25Еверӕн райгуырди дыууӕ фырты: сӕ иу хуынди Фалек, ома «дих», ахӕм ном ыл сӕвӕрдтой, зӕхх уыцы рӕстӕджы кӕй ныддихтӕ кодтой, уымӕ гӕсгӕ. Йе ’фсымӕр хуынди Йохътан.
26Йохътанӕн райгуырдысты Алмодад, Шелеф, Хацармавет, Йе-рах,27Хадорам, Узал, Дикла,28Евал, Авимаел, Шева,29Офир, Хавила, Йовав.30Сӕ цӕрӕн бынӕттӕ ӕххӕссыдысты Мешайӕ скӕсӕйнаг хӕхбӕстӕ Сефары онг.31Адон сты Симы байзӕд-даг. Цы адӕмыхӕттытӕ сӕ равзӕрди, уыдонӕй алкӕцы дих кодта хицӕн мыггӕгтыл. Алы адӕмыхаттӕн дӕр уыд йӕхи зӕхх ӕмӕ йӕхи ӕвзаг.
32Ӕппӕт ацы нӕмттӕй хуыдтой, Нойы фырттӕ ӕмӕ сӕ байзӕддагӕй зӕххыл доны хъаймӕты фӕстӕ чи ахӕлиу и, уыдонӕй рацӕугӕ знӕмтӕ ӕмӕ адӕмыхӕттыты.
Вавилоны мӕсыг
П^Уӕды заман ӕппӕт дунейы адӕм дзырдтой иу ӕвза-гыл, пайда кодтой уыцы иу дзырдтӕй.2Скӕсӕнырдӕм цӕугӕйӕ, адӕм бахӕццӕ сты Шинары зӕххыл иу дӕлвӕзмӕ ӕмӕ уым ӕрцардысты.3Бауынаффӕ кодтой: «Скӕнӕм агуы-ридуртӕ». Ӕмӕ хуымӕтӕг дурты бӕсты аразын райдыдтой агуыридуртӕй, чъыры бӕсты та пайда кодтой зӕххы писийӕ.4Загътой: «Цӕй ӕмӕ ном скӕнӕм нӕхицӕн — саразӕм сахар, уӕлӕрвтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм мӕсыгимӕ, цӕмӕй ӕгас зӕххы цъарыл ма ны ххӕлиу уӕм».
5Уӕд Дунедарӕг ӕрцыд, адӕм кӕй арӕзтой, уыцы сахар ӕмӕ мӕсыг фенынмӕ.6Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ — иу адӕм, се ’ппӕтӕн дӕр — иу ӕвзаг. Цы аразынц, уый нырма сӕ хъуыд-дӕгты райдиан у ӕрмӕст. Ныр сӕ уромӕг нал бауромдзӕни, цӕмӕ нӕ бавналой — алцыдӕр сын бантысдзӕнис.7Гъемӕ сӕм ныццӕуӕм ӕмӕ сын се ’взаг схъомпал кӕнӕм, сӕ кӕрӕдзийы куыд нал ӕмбарой».8Ӕмӕ сӕ Дунедарӕг уырдыгӕй, сӕ сахар кӕронмӕ арӕзт нӕ фӕцис, афтӕмӕй ныххӕлиу код-та ӕгас зӕххы цъарыл.9Уымӕ гӕсгӕ хуыйны ацы сахар Вавилон. Дунедарӕг уым схъомпал кодта ӕппӕт адӕмы ӕвзаг ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ныххӕлиу кодта ӕгас зӕххы цъа-рыл.
Авраам — Израилы рагфыдӕл(11:10-25:18)
Симӕй — Аврааммӕ
10Мӕнӕ Симы хӕдзарвӕндаг. Симыл фондзыссӕдз азы куы сӕххӕст и, уый та уыди доны хъаймӕтӕй дыууӕ азы фӕстӕ-дӕр, уӕд ын райгуырд Арпахшад.11Арпахшады райгуырды фӕстӕ ма Сим фӕцарди фондзсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
12Арпахшадыл фынддӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Сала.13Салайы райгуырды фӕстӕ ма Арпах-шад фӕцарди цыппарсӕдӕ ӕртӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
14Салайыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын рай-гуырд Евер.15Евер ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Сала фӕцарди цыппарсӕдӕ ӕртӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
16Еверыл цыппӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Фалек.17Фалек ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Евер фӕцарди цыппарсӕдӕ ӕртын азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
18Фалекыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Рагав.19Рагав ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Фалек фӕцарди дыууӕсӕдӕ фараст азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
20Рагавыл дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Серух.21Серух ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Рагав фӕцарди дыууӕсӕдӕ авд азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
22Серухыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын рай-гуырди Нахор.23Нахор ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Серух фӕцарди дыууӕсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
24Нахорыл фараст ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырди Фара.25Фара йын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма
Нахор фӕцарди сӕдӕ нудӕс азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырт-тӕ ӕмӕ чызджытӕ.
26Фарайыл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ын райгуырдысты Аврам, Нахор ӕмӕ Аран.
27Мӕнӕ Фарайы байзӕддаг. Фарайӕн райгуырдысты Аврам, Нахор ӕмӕ Аран. Аранӕн райгуырди Лот.28Аран амарди йӕ райгуырӕн зӕххыл, Уры, Хуссар Месопотамийы. Йӕ фыд Фа-ра ма уӕд ӕгас уыд.29Аврам ӕмӕ Нахор ӕрхастой устытӕ. Аврамы усы ном — Сарӕ, Нахоры усы ном та — Милка. Мил-ка ӕмӕ йӕ хо Иска уыдысты Араны чызджытӕ.30Сарӕ уыд ӕнӕзӕнӕг, цот ын нӕ цыди.
31Фара Урӕй, Хуссар Месопотамийӕ, араст и Ханааны зӕхмӕ йӕ фырт Аврам ӕмӕ Араны фырт Лотимӕ. Семӕ ма уыди Фарайы чындз Сарӕ, Аврамы ус. Фӕлӕ Харраны сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты.32Фара амарди Харраны, дыууӕсӕдӕ фондз азы йыл цыдис, афтӕ-мӕй.
Хуыцау сиды Аврааммӕ
“I1Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хионты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, цы зӕхх дын бацамонон, уырдӕм.2Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн тынг бирӕ адӕм, скадджын дын кӕн-дзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.3Арфӕ дын чи ракӕна, уыдонӕн Ӕз дӕр раарфӕ кӕндзынӕн, чи дӕ рафауа, уыдоны та ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн. Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕм-тӕ дӕр».
4Аврам бакодта, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ. Йемӕ рацыди Лот дӕр. Аврамӕн, Харран куы ныууагъта, уӕд йӕ фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы йӕхи фесты.5Йемӕ ра-кодта йӕ ус Сарӕйы ӕмӕ йе ’фсымӕры лӕппу Лоты, стӕй райста се ’ппӕт исбон, уыимӕ, цы цагъартӕ сӕм уыди, уыдоны дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй рараст сты Харраны зӕххӕй.
6Кӕддӕр-кӕддӕр бахӕццӕ сты Ханаанмӕ. Цӕуынтӕ бай-дыдтой Ханааны зӕххыл. Шехемы рӕзты ахызтысты ӕмӕ бафтыдысты Морейы Тулдзмӕ. Уыцы зӕххыл уӕды заман ханаанӕгтӕ цардысты,7фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыдис ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ бай-зӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн тӕккӕ уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.8Уырдыгӕй Аврам араст и, Бет-Елӕн скӕсӕнырдыгӕй цы хӕхбӕстӕ уыди, уырдӕм ӕмӕ уым йӕ цатыр айтыгъта. Бет-Ел аззади ныгуылӕнырдыгӕй, Гай та уыди скӕсӕнырдыгӕй. Уыцы ран дӕр Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ Йын ссардта Йӕ ном.9Стӕй уырдыгӕй сыстад ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндаг хуссарырдӕм адардта.
Авраам Мысыры
10Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман, ӕмӕ уал Аврам хуыздӕр цардагур Мысырмӕ йӕхи айста.пМысырмӕ куы баввахс и, уӕд йӕ ус Сарӕйӕн загъта: «Рӕсугъд сыл-гоймаг дӕ, уый мын гуырысхойаг нӕу.12Мысирӕгтӕ дӕ куы феной, уӕд зӕгъдзысты: „Ай йӕ ус у”, ӕмӕ мӕ амар-дзысты, дӕу та удӕгасӕй ныууадздзысты.13Фӕлӕ-иу сын ды зӕгъ, йӕ хо дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ мын уӕд мӕ уд дӕр фервӕзын кӕндзынӕ, мӕ хъуыддаг дӕр хорз ацӕудзӕ-нис».
14Аврам Мысырмӕ куы ныццыди, уӕд мысирӕгтӕ фед-той, йемӕ тынг рӕсугъд сылгоймаг кӕй ис, уый.15Фараоны барджынтӕ йӕ куы фӕфиппайдтой, уӕд дзы фараонӕн раппӕ-лыдысты, стӕй йын ӕй йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой.16Аврамы хъуыддаг хорз ацыди йӕ усы фӕрцы — ӕрбафтыд ӕм лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, хӕрджытӕ ӕмӕ теуатӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ.17Фӕлӕ Дунедарӕг Аврамы ус Сарӕйы тыххӕй стыр бӕллӕхты баппӕрста фараоны йӕ хӕдзаронти-мӕ.18Уӕд фараон басидт Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Дӕ ус кӕй у, уый цӕмӕн басусӕг кодтай?
19Цӕмӕн загътай, мӕ хо у, зӕгъгӕ? Ӕз ӕй уый тыххӕй куы ракуырдтон. Акӕн ныр дӕ усы дӕр ӕмӕ ацу!»20Фараон йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, ӕмӕ Аврамы арвыстой, йӕ ус ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уыимӕ.
Авраам ӕмӕ Лот
"ЛО 'Аврам Мысырӕй фӕстӕмӕ сыздӕхти Негевы ӕдзӕрӕг X быдырмӕ — ӕд ус, ӕд исбон, Лот дӕр йемӕ, афтӕмӕй.
2Тынг хъӕздыг уыд Аврам фосӕй, ӕвзистӕй ӕмӕ сызгъӕринӕй.
3Негевӕй араст и Бет-Елы ’рдӕм, фӕндагыл асадӕнтӕгӕнгӕ, ӕмӕ бахӕццӕ и, раздӕр ын Бет-Ел ӕмӕ Гайы ӕхсӕн цатыр кӕм лӕууыди,4Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн кӕм сарӕзта ӕмӕ Йын Йӕ ном кӕм ссардта, уыцы бынатмӕ.
5Аврамимӕ цӕугӕцард чи кодта, уыцы Лотмӕ дӕр уыди лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, стӕй цатыртӕ.6Афтӕ сбирӕ сты сӕ дыууӕйы фос, ӕмӕ сын дарддӕр иумӕ цӕрынӕн зӕхх скъуындӕг и.7Аврамы ӕмӕ Лоты фыййӕутты ӕхсӕн-иу рауади быцӕутӕ. Уӕды заман уыцы зӕххыл цардысты ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕ дӕр.8Иу ахӕмы Аврам Лотӕн загъта: «Ку-рын дӕ, нӕ дыууӕйы ӕхсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ӕхсӕн дӕр хъаугъа ма рауайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ ды хионтӕ стӕм.9Мӕнӕ зӕхх иууылдӕр дӕ разы. Дӕ хорзӕхӕй, байуа-рӕм. Ды галиуырдӕм куы аздӕхай, уӕд ӕз — рахизырдӕм. Намӕ ды — рахизырдӕм, ӕз та — галиуырдӕм».10Лот йӕ цӕст ахаста Иорданы дӕлвӕзыл ӕмӕ федта, уыцы дӕлвӕз суанг Цоары онг Дунедарӕджы дыргъдонау, Мысыры зӕххау иууылдӕр донӕфсӕст кӕй уыди, уый. Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйы нӕма бабын кодта.11Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы дӕлвӕз, ӕмӕ скӕсӕнырдӕм адардта йӕ фӕндаг. Аф-тӕмӕй Аврамимӕ фӕхицӕн сты кӕрӕдзийӕ.12Аврам ӕрцарди Ханааны зӕххыл, Лот та ныццыди дӕлвӕзы сахарты ’рдӕм. Йӕ цатыртӕ айтыгъта Содомы раз.13Содомы цӕрджытӕ фыдадӕм уыдысты, Дунедарӕджы раз — ӕгӕр тӕригъӕдджын.
14Лот ӕмӕ Аврам куы байуӕрстой, уӕд Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Кӕм лӕууыс, уырдыгӕй ма дӕ цӕст ахӕсс цӕгатыл, хуссарыл, скӕсӕныл ӕмӕ ныгуылӕныл.15Цы зӕххытӕ уыныс, уыдон Ӕз мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.
16Дӕ байзӕддаг дын сбирӕ кӕндзынӕн зӕххы рыгау. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддагӕн дӕр нӕ уыдзӕни банымайӕн.17Ныр цу ӕмӕ ӕрзил, цы зӕхх дын дӕт-тын, ууыл. Фен ын йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх».
18Аврам систа йӕ цатыртӕ ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндагыл араст и. Бахӕццӕ и Хевронмӕ ӕввахс Мамрейы Тулдзыты къохмӕ ӕмӕ уым ӕрцарди. Уыцы ран Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн.
М1Уыцы заман Шинары паддзах Амрафел, Елласары паддзах Арйох, Еламы паддзах Кедорлаомер ӕмӕ Гои-мы паддзах Тидал2хӕстӕввонгӕй араст сты Содомы паддзах Берӕйы, Гоморрӕйы паддзах Биршайы, Адмайы паддзах Ши-навы, Цевоимы паддзах Шемеверы ӕмӕ Белӕйы, ома Цоары, паддзахы ныхмӕ.3Адонӕн та се ’фсӕдтӕ уымӕй размӕ иу-уылдӕр ӕрӕмбырд сты Сиддимы дӕлвӕзмӕ, ныр Цӕхджын денджыз кӕм ис, уырдӕм.4Дыууадӕс азы дӕргъы уыдысты Кедорлаомеры ӕфсондзы бын, фӕлӕ ӕртындӕсӕм аз сыстады-сты йӕ ныхмӕ.5Цыппӕрдӕсӕм аз Кедорлаомер йе ’мцӕдисон паддзӕхтимӕ ӕрцыд, ӕмӕ рафайӕгты ныддӕрӕн кодтой Аштерот-Хъарнаимы, зузӕгты — Хамы, емимӕгты — Шаве-Хъирйатаимы,6хорӕгты та — Сеиры хӕхбӕсты, фӕсырдтой сӕ ӕдзӕрӕг быдыры кӕронмӕ, Ел-Параны сахары онг.7Уырдыгӕй аздӕхтысты Ен-Мишпаты, ома Кадешы, ’рдӕм, ӕмӕ ныддӕ-рӕн кодтой амалехъӕгты бӕстӕ, стӕй Хацецон-Тамары цӕрӕг аморӕгты.
8Уӕд рацыдысты Содомы паддзах, Гоморрӕйы паддзах, Адмайы паддзах, Цевоимы паддзах ӕмӕ Белӕйы, ома Цоа-ры, паддзах, ӕмӕ Сиддимы дӕлвӕзы схӕцыдысты9Еламы паддзах Кедорлаомер, Гоимы паддзах Тидал, Шинары пад-дзах Амрафел ӕмӕ Елласары паддзах Арйохимӕ — цыппар паддзахы фондзы ныхмӕ.10Сиддимы дӕлвӕзы бирӕ уыди зӕххы писийы дзыхъхъытӕ. Содом ӕмӕ Гоморрӕйы паддзӕх-тӕ лидзӕг куы фесты, уӕд сӕ адӕмӕй бирӕтӕ ныххаудтой уыцы дзыхъхъыты, чи ма сӕ аирвӕзти, уыдон та балыгъдысты хӕхтӕм.11Уӕлахиздзаутӕ рахастой Содом ӕмӕ Гоморрӕйы ӕппӕт исбон ӕмӕ хӕлц ӕмӕ ацыдысты.12Уацары акодтой Ав-рамы ӕфсымӕры лӕппу — Содомы цӕрӕг Лоты дӕр. Рахастой йын йӕ исбон дӕр.
13Чи аирвӕзти, уыдонӕй иу ӕрцыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта дзуттаг Аврамӕн, уыцы рӕстӕджы амораг Мамрейы
Тулдзыты къохы раз чи царди, уымӕн. Ӕфсымӕртӕ Мамре, Ешкол ӕмӕ Анер уыдысты Аврамы цӕдисонтӕ.14Йӕ хион уацары ис, Аврам уый куы фехъуыста, уӕд ӕрӕмбырд кодта йӕ тохвӕлтӕрд адӕмы, йӕ хӕдзары чи райгуырди, уыдо-ны — ӕртӕсӕдӕ ӕстдӕс лӕджы, — ӕмӕ фӕдисы фӕцыдысты суанг Данмӕ.15Уым йӕ адӕмимӕ знагыл ӕхсӕвыгон ӕртыхст ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодта, фӕсырдта сӕ Дамаскы цӕгатварс Ховайы онг.16Аврам фӕстӕмӕ байста ӕппӕт исбон, ракодта йӕ хион Лоты дӕр ӕд исбон, стӕй сылгоймӕгты ӕмӕ иннӕ уацайрӕгты.
Мелхиседекы арфӕ Авраамӕн
17Аврам Кедорлаомеры ӕмӕ уымӕн йе ’мцӕдисон паддзӕх-ты куы басаста ӕмӕ фӕстӕмӕ куы раздӕхти, уӕд Шавейы дӕлвӕзы, ома Паддзахы дӕлвӕзы, йӕ размӕ рацыди Содомы паддзах.18Салимы паддзах Мелхиседек дӕр — Стыр Хуыцауы сауджын — рахаста дзул ӕмӕ сӕн19ӕмӕ загъта:
«Арфӕгонд уӕд Аврам Стыр Хуыцауӕй, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕй!
20Табу Стыр Хуыцауӕн,
де знӕгты дын дӕ къухтӕм Чи радта!»
Ӕмӕ Аврам Мелхиседекӕн бахуын кодта йе ’ппӕт ӕфтиӕг-ты дӕсӕм хай.
21Содомы паддзах загъта Аврамӕн: «Ратт мын мӕ адӕмы, исбон дӕхицӕн уадз».22Фӕлӕ Аврамы дзуапп уыд: «Ард дын хӕрын Хуыцауы — арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы раз:23дӕ исбонӕй мӕ суанг ӕндах ӕмӕ дзабыры бос дӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй ма зӕгъай, ӕз сбонджын кодтон Аврамы.24Мӕн ницы хъӕуы. Ӕрмӕст, мӕ адӕмӕн хӕлцыл цы бахардз и, уый мын бафид ӕмӕ, мӕ фарсмӕ чи хӕцыди, уыдонӕн, Анер, Ешкол ӕмӕ Мамрейӕн, цы хай ӕмбӕлы, уый ратт».
Хуыцауы фидыд Авраамимӕ
“I [“1Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дуне-X дарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».2Фӕлӕ Аврам загъта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Цы кӕнын уыцы хӕрзиуӕгӕй, кӕд ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амӕлдзы-нӕн ӕмӕ мӕ бынтӕ дамаскаг Елиезерӕн баззайдзысты, уӕд?»
3Ноджы ма загъта: «Зӕнӕг мын нӕ радтай, ӕмӕ мӕ цагъары хай бауыдзысты».4«Дӕ цагъармӕ не ’рхаудзысты, — загъта йын Дунедарӕг. — Дӕхицӕн уыдзӕни фырт».5Цатырӕй рацӕуын кодта Аврамы ӕмӕ йын загъта: «Скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ стъа-лытӕ банымай. Бантысдзӕни дын сӕ банымайын?» Загъта ма йын: «Гъе уыйбӕрц уыдзысты дӕ байзӕддаг».6Аврам бау-уӕндыди Дунедарӕгыл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нымад ӕрцыди рӕстӕвзарыл.
7Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, ацы зӕхх дын раттыны тыххӕй дӕу халдейаг Урӕй Чи ракодта, Уый. Фыдӕй фыртмӕйы исбонӕн ӕй айс».8Аврам бафарста: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, цӕмӕй бӕрӕг у, ацы зӕхх мӕн кӕй уыдзӕни, уый?»9Дунедарӕг ын загъта: «Ӕрбакӕ Мын ӕртӕаз-дзыд хъуг, ӕртӕаздзыд сӕгъ ӕмӕ ӕртӕаздзыд тохъхъыл, стӕй ӕрбахӕсс ӕхсинӕг ӕмӕ бӕдул бӕлон».10Аврам сӕ ӕрбакодта, аргӕвста сӕ ӕмӕ сӕ дӕргъырдӕм афаста, алкӕцыйӕн дӕр йӕ иу ӕмбис иннӕйы ныхмӕ ӕрӕвӕрдта. Ӕрмӕст мӕргъты нӕ адих кодта.11Фосы мӕрдтӕм сӕхи ӕруагътой тугдзых мӕргътӕ, фӕлӕ-иу сӕ Аврам асырдта.
12Хур ӕрныгуылыны афон Аврам бауадзыгау, ӕвирхъау тас йӕ зӕрдӕйы ныххызт, ӕмӕ йыл дуне баталынг и.13Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Уый зон, ӕмӕ дӕ байзӕддаг кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй цӕрдзы сты, ӕцӕгӕлӕттӕн — цагъартӕ, ӕмӕ сӕ уыдон ссӕнддзысты цы ппарсӕдӕ азы.14Фӕлӕ Ӕз, кӕй цагъартӕ суой, уыцы адӕмӕн уыдзынӕн тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ дӕ байзӕддаг уырдыгӕй рацӕудзысты стыр исбонимӕ.15Ды та дӕ фыдӕлты размӕ бацӕудзынӕ фарнимӕ, бавӕрдзысты дӕ хӕрз зӕрондӕй.16Дӕ байзӕддагӕн йӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр ӕрбаздӕхдзысты ардӕм ӕмӕ байсдзысты ацы зӕхх, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст уыцы рӕстӕгмӕ бынтон бабирӕ уыдзӕни амо-рӕгты азым, ӕмӕ сӕ Ӕз бафхӕрдзынӕн».
17Хур аныгуылд, ӕмӕ бӕстӕ ныттар ис. Ӕвиппайды сырхзынг физонӕггӕнӕн ӕмӕ арты ӕвзӕгтӕ кусарты хӕйттӕн сӕ хӕрз астӕуты ацыдысты.18Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Дӕ байзӕддӕгтӕн радтон Нилӕй Евфраты ӕхсӕн зӕххытӕ.19Ныр дзы цӕрынц хъенӕгтӕ, хъенизӕгтӕ, кадмонӕгтӕ,20хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, рафайӕгтӕ,21аморӕгтӕ, ханаанӕгтӕ, гиргашӕгтӕ ӕмӕ йе вусӕгтӕ».
Агар ӕмӕ Измаил
“I 'Аврамы ус Сарӕйӕн зӕнӕг нӕ цыди. Уыди йын унӕут, XV/ мысираг, йӕ ном — Агар.2Сарӕ загъта Аврамӕн: «Дунедарӕг мын зӕнӕг нӕ дӕтты, ӕмӕ уӕд та мӕ унӕутмӕ бацу, кӕд уый фӕрцы уӕддӕр схӕдзар уаин». Аврам сразы и Сарӕимӕ.3Сарӕ ӕрбакодта йӕ унӕуты, мысираг Агары, ӕмӕ йӕ радта усӕн йӕ мой Аврамӕн. Хъуыддаг ӕрцыд, Аврам Ханааны зӕххыл куы ӕрцарди, уымӕй дӕс азы фӕстӕдӕр.
4Аврам ӕрӕмуат ис Агаримӕ. Уый банхъӕлцау ис ӕмӕ, йӕ уавӕр куы федта, уӕд йе ’хсины ницӕмӕуал дардта.5Сарӕ Ав-рамӕн загъта: «Кӕй фегад дӕн, уый дӕу аххос у. Дӕ хъӕбысы дын ӕй бакодтон, ӕмӕ, куы банхъӕлцау и, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕн ницӕмӕуал дары. Гъемӕ дын Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг уӕд!»6Аврам Сарӕйӕн загъта: «Дӕ унӕутыл дӕ бар цӕуы, ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый йын кӕн». Сарӕ райдыдта ӕфхӕрын Агары, ӕмӕ уый алыгъди.
7Агармӕ ӕдзӕрӕг быдыры, Шурмӕ фӕндагыл суадоны цурмӕ фӕзынди Дунедарӕджы зӕд8ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Агар, Сарӕйы унӕут, кӕцӕй рацыдтӕ ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Уый дзуапп радта: «Ме ’хсин Сарӕйӕ лидзын».9Дунедарӕджы зӕд ын загъта: «Аздӕх де ’хсинмӕ ӕмӕ йын быхс».10Ноджы ма йын Дунедарӕджы зӕд загъта: «Афтӕ дын сбирӕ кӕндзы-нӕн дӕ байзӕддаг, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уы дзӕни».
11Ноджыдӕр ма йын Ду недарӕджы зӕд загъта:
«Гъеныр ды ӕнхъӕлцау дӕ, гъеныр лӕппу ныййардзынӕ.
Сӕвӕр-иу ыл Измаил —
16:11Измаилрагон дзуттаг ӕвзагыл амоны «Хуыцау хъусы».
Дунедарӕг фехъуыста, фехъуыста дӕ дзыназын.
12Дӕ лӕппу хъӕддаг хӕрӕгау Алкӕмӕ лӕбурдзӕни,
йе ’мтуг адӕмтимӕ нӕ фидаудзӕн».
13Агар йемӕ дзурӕг Дунедарӕджы рахуыдта ахӕм номӕй: «Ды дӕ, мӕн Чи уыны, уыцы Хуыцау». Загъта: «Ӕз ам ӕцӕг-дӕр федтон, мӕныл Чи ауды, уыцы Хуыцауы».14Уымӕ гӕсгӕ хуыйны ацы цъай «Кӕй хорзӕх мӕ ис, уыцы Цардӕгасы цъай». Ныронг дӕр лӕууы Кадеш ӕмӕ Береды ӕхсӕн.
15-16Агар Аврамӕн ныййардта фырт, ӕмӕ йыл Аврам сӕвӕрдта ном Измаил. Уӕд Аврамыл цыдис ӕхсӕз ӕмӕ цыппарыссӕдз азы.
Сунӕт
1Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, X/уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыди ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъом Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!
2Ӕз демӕ сараздзынӕн Мӕ фидыд, ратдзынӕн дын тынг би-рӕ байзӕддаг».
3Аврам адӕлгом и Хуыцауы раз. Хуыцау ын загъта:4«Демӕ аразын Мӕ фидыд. Ды уыдзынӕ бирӕ адӕмты фыдӕл.5Аврам дӕ нал хондзысты, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕнис Авраам, уымӕн ӕмӕ дӕ скӕндзынӕн би рӕ адӕмты фыдӕл.
6Тынг дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддаг, дӕуӕй рантысдзӕни адӕмтӕ, дӕуӕй рацӕудзӕни паддзӕхтӕ дӕр.7Ӕз сараздзы-нӕн Мӕ фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддагимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау.8Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн фыдӕй фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн, ныр ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх, Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ дӕ бай-зӕддагӕн уыдзынӕн сӕ Хуыцау».
9Хуыцау ма Авраамӕн загъта: «Ды дӕр ӕххӕст кӕн, Мӕ фидыд цы домы, уый, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддаг дӕр, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.10Мӕнӕ уын, гъе, Мӕ фидыд, ӕмӕ де ’ппӕт байзӕддаг дӕр ӕххӕст кӕнӕд йӕ домӕн: сунӕт-гонд уӕм ӕрцӕуӕд алы нӕлгоймаг дӕр.11Кӕнут уӕхицӕн сунӕт — уый уыдзӕни Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн фидыды нысан.12Йӕ райгуырдӕй аст боны кӕуыл рацӕуа, уӕ уыцы лӕппутӕй-иу алчидӕр ӕрцӕуӕд сунӕтгонд. Афтӕ кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, уӕхи ӕмӕ уӕ цагъарты цотӕй уӕ хӕ-дзары чи райгуыра, уыдонӕн ӕмӕ, уӕ байзӕддагӕй чи нӕ уа, фӕлӕ кӕцыфӕнды ӕддагонӕй кӕй балхӕдӕуа, уыдонӕн дӕр.
13Хъуамӕ ӕнӕмӕнг сунӕтгонд уа, дӕ хӕдзары чи райгуырди, уый дӕр ӕмӕ де ’лхӕд дӕр. Ӕмӕ Мӕ фидыд — йӕ нысан уӕ буарыл — уыдзӕни мыггагмӕйы фидыд.14Сунӕтгонд цы нӕл-гоймаг не ’рцӕуа, уый та тард уыдзӕни йӕ адӕмы ӕхсӕнӕй, уымӕн ӕмӕ фехӕлдта Мӕ фидыд».
15Хуыцау ма Авраамӕн ноджыдӕр загъта: «Дӕ ус Сарӕйы мауал хон Сарӕ, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ йӕ ном уӕд Саррӕ, ома „ӕхсин”.16Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ дын ныййардзӕни фырт. Раарфӕ кӕндзынӕн Саррӕйӕн, ӕмӕ дзы рантысдзысты адӕмтӕ, йӕ байзӕддаг суыдзысты алы адӕмты паддзӕхтӕ».17Авраам адӕлгом и Хуыцауы раз, фӕлӕ йӕхинымӕр бахудт: «Нӕ зонын, фондзыссӕдзаздзыд зӕрондӕн ма исты рантыса? Дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд Саррӕ дӕр ма исты ныййара?»
18Хуыцауӕн та Авраам загъта: «Измаил куы цӕрид Дӕ арфӕи-мӕ!»19Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Дӕ ус Саррӕ дын ныййардзӕни фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдзынӕ ном Исаак, ома „уый худы”. Ӕз уыимӕ ӕмӕ йӕ байзӕддагимӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фи-дыд.20Измаилы тыххӕй дӕр дын фехъуыстон дӕ курдиат. Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн. Сбирӕ йӕ кӕндзынӕн — тынг бирӕ уыдзӕни йӕ байзӕддаг. Дыууадӕс фӕтӕджы рацӕудзӕнис Измаилы артӕй. Рантысын дзы кӕндзынӕн разагъды адӕм.
21Ӕцӕг, Мӕ фидыд сараздзынӕн, Саррӕ дын иннӕ аз ацафон кӕй ныййара, уыимӕ — Исаакимӕ».22Ууыл Хуыцау Йӕ ныхас фӕцис Авраамимӕ ӕмӕ ацыди.
23Уӕд Авраам бавдӕлд ӕмӕ йын Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ тӕккӕ уыцы бон сунӕт скодта йӕ хӕдзары ӕппӕт нӕл-гоймӕгтӕн: йӕ фырт Измаилӕн, йӕ хӕдзары чидӕриддӕр райгуырди, уыдонӕн, стӕй, ӕлхӕд ын чи уыди, уыдонӕн дӕр.
24-25Авраам нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд уыди, сунӕтгонд куы ӕрцыди, уӕд, йӕ фырт Измаил та — ӕртындӕсаздзыд.26Уыцы иу бон ӕрцыдысты сунӕтгонд Авраам ӕмӕ йӕ фырт Измаил.27Авраамы хӕдзары ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕ — йӕ хӕ-дзары чи райгуырди, уыдон дӕр ӕмӕ, ӕддагӕттӕй ӕлхӕд чи уыди, уыдон дӕр — сунӕтгонд ӕрцыдысты йемӕ.
Хуыцау ӕргом рацыди Аврааммӕ
"1 О1Мамрейы Тулдзыты Къохы Дунедарӕг ӕргом рацыди X Аврааммӕ. Уӕд Авраам боны тӕккӕ ӕнтӕфы бадти йӕ цатыры къӕсӕрмӕ2ӕмӕ, йӕ сӕрыл уӕлӕмӕ куы схӕцыди, уӕд федта: йӕ акомкоммӕ лӕууы ӕртӕ лӕджы. Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ рӕвдз бауади сӕ размӕ, адӕлгом и зӕххыл
3ӕмӕ бахатыд: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕ-ныс, уӕд Дӕ курын, ӕмӕ мӕ къӕсӕры иувӕрсты ма ацу.
4Ныртӕккӕ ӕрбадавдзысты дон, уӕ къӕхтӕ уын цӕхсынмӕ, стӕй-иу баулӕфут ацы бӕласы бын.5Мӕ рӕзты кӕм цӕут, уым уын рахӕсдзынӕн къӕбӕр, ӕмӕ, куы фӕ фидар уат, уӕд уӕ фӕндагыл цӕудзыстут дарддӕр». Уыдон загътой: «Хорз! Бакӕн, куыд загътай, афтӕ».
6Авраам атындзыдта цатырмӕ, Саррӕмӕ, ӕмӕ йын загъта: «Рӕвдздӕр ӕвзаргӕ ссады ӕртӕ мӕртӕй хыссӕ азмӕнт ӕмӕ донгӕндтӕ ракӕн».7Авраам йӕхӕдӕг та ауади рӕгъаумӕ, равзӕрста хӕрзхаст род, цагъармӕ йӕ радта, ӕмӕ йӕ уый уайтӕккӕ ацӕттӕ кодта.8Уӕд Авраам райста нӕлхӕ, ӕхсыр ӕмӕ роды фыд ӕмӕ сӕ йӕ уазджыты раз ӕрӕвӕрдта. Цалынмӕ хордтой, уӕдмӕ сын бӕласы бын Авраам уырдыг лӕууыди.
9Уазджытӕ Авраамы бафарстой: «Дӕ ус Саррӕ кӕм и?» Уый сын загъта: «Мӕнӕ цатыры».10Уазӕг загъта: «Ӕнӕмӕнг дӕм ӕрбацӕудзынӕн иннӕ аз, ӕмӕ дӕ ус Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу». Саррӕ сӕм хъуыста Уазӕджы фӕсчъылдым цатыры къӕсӕрӕй.11Уыцы заман Авраам ӕмӕ Саррӕ сӕ зӕронды ка-ры бацыдысты, ӕмӕ, сылгоймаг афонӕй-афонмӕ цы низӕй фӕтыхсы, уый дӕр нал хъыгдардта Саррӕйы.12Уымӕ гӕсгӕ йӕхинымӕр бахудти: «Ныридӕгӕн куы ныххӕррӕгъ дӕн, уӕд ма мӕ цавӕр амонд хъуамӕ фӕуа? Мӕ сӕрыхицау дӕр зӕронд куы у».13Дунедарӕг Авраамӕн загъта: «Саррӕ цӕмӕн бахудти? Цӕй тыххӕй афтӕ зӕгъы, ацы зӕронд бадӕн ӕмӕ ма куыд ныййардзынӕн, зӕгъгӕ?14Дунедарӕджы бон цы нӕ у? Иннӕ аз ацафон дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕ-ни лӕппу».15Саррӕ фӕтарст ӕмӕ нӕ басасти. Загъта: «Ӕз нӕ бахудтӕн». Фӕлӕ Дунедарӕг афтӕ: «Нӕ, ды бахудтӕ».
16Уазджытӕ сыстадысты ӕмӕ цӕуыныл ныллӕуыдысты. Афӕндараст сӕ кӕнон, зӕгъгӕ, Ав раам сӕ фӕдыл рацыд. Уы-дон афӕлгӕсыдысты Содомы ’рдӕм,17ӕмӕ Дунедарӕг загъта: «Цы сфӕнд кодтон, уый цӕмӕн хъуамӕ бамбӕхсон Авраамӕй!
18Авраамӕй куы рантысдзӕни разагъды адӕм, хъомысджын адӕм. Йӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.
19Авраамы уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ дарддӕры байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕн-дагыл цӕуын, раст уынаффӕ хӕссын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕйты бавӕрдта, уыдон».20Стӕй Дунедарӕг загъта: «Содом ӕмӕ Гоморрӕйы тыххӕй Мӕм бирӕ хъӕстытӕ сыхъуысти, стыр у сӕ тӕригъӕд.
21Ныццӕуон ӕмӕ фенон, Содомы тыххӕй Мӕм цы хъӕстытӕ ссыди, уыдон раст сты ӕви нӕ. Базонон ӕй».
22Лӕгтӕ уырдыгӕй рацыдысты ӕмӕ Содомы ’рдӕм адардтой сӕ фӕн даг. Авраам ма уӕддӕр лӕууыди Дунедарӕджы раз.
23Хӕстӕгдӕр Ӕм бацыд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ау, фыдгӕнджытимӕ рӕстыты дӕр фесафдзынӕ?24Кӕд уыцы сахары дӕс ӕмӕ дыу-уиссӕдз рӕстгӕнӕджы ис, уӕд та? Ау, фесафис уыцы бынат, нӕ йын ныббарис дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы сӕрап-понд?25Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕр-хонгӕнӕг куыд хъуамӕ ма рахӕсса раст тӕрхон?»26Дунедарӕг дзуапп радта: «Содомы дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы куы ссарон, уӕд уыдоны сӕраппонд ныббардзынӕн уыцы бы-натӕн».27Авраам афтӕ бакодта: «Ӕз цы дӕн, уымӕй — рыг ӕмӕ фӕнык, фӕлӕ, зӕгъын, мӕ ныфс куы бахӕссин ӕмӕ Бар-дарӕджы куы бафӕрсин:28дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы фондз хъуаг разындысты, зӕгъгӕ, уӕд уыцы фондзы аххосӕй ӕнӕхъӕн сахар бабын кӕндзынӕ?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Фондз ӕмӕ дзы дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы куы ссарон, уӕд ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».29Авраам та Йӕ ноджыдӕр бафарста: «Ныр дзы дыууиссӕдз разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дыууиссӕдзы сӕраппонд дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».30Авраам та загъта: «Бардарӕг ма смӕсты уӕд, фӕлӕ ма, зӕгъын, куы бафӕрсин: ныр дзы дӕс ӕмӕ ссӕдз рӕстгӕнӕджы разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дӕс ӕмӕ ссӕдз рӕстгӕнӕджы дзы куы ссарон, уӕд дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».31Авраам та бафарста: «Мӕ ных ма, зӕгъын, куы батӕрин ӕмӕ Бардарӕджы куы бафӕрсин: ныр дзы ссӕдз разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Ссӕдзы сӕраппонд дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».32Авраам та загъта: «Бардарӕг ма смӕсты уӕд, фӕстаг хатт ма Дӕ, зӕ-гъын, куы бафӕрсин: ныр дзы дӕс разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дӕсы сӕраппонд дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».
33Ууыл Дунедарӕг Авраамимӕ Йӕ ныхас фӕцис ӕмӕ ацыди. Авраам дӕр раздӕхт йӕ хӕдзармӕ.
Лоты хъысмӕт.
Хуыцауы тӕрхон Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн
“I1Дыууӕ зӕды уыцы изӕр Содоммӕ бацыдысты. Лот X бадти Содомы кулдуары цур. Куы сӕ ауыдта, уӕд фестади, сӕ размӕ рауад, адӕлгом и зӕххыл2ӕмӕ сӕм ба-хатыди: «Мӕ сӕр уӕ нывонд, уӕ хорзӕхӕй, мидӕмӕ нӕм саккаг кӕнут. Цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ ӕмӕ бахсӕвиуат кӕн-дзыстут, райсомраджы та араст уыдзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, ӕдде бахсӕвиуат кӕндзыстӕм».3Фӕлӕ сӕм Лот тынг ӕрхатыд, ӕмӕ уӕд бацыдысты хӕдзармӕ. Лот сын фынг ацӕттӕ кодта, донгонд дзултӕ дӕр сын ракодтой, ӕмӕ бахордтой.
4Уазджытӕ нӕма бахуыссыдысты, афтӕ Содомы сахары нӕлгоймӕгтӕ, зӕрондӕй, но гӕй, сахарӕн йӕ алы кӕрӕттӕй, ӕртыхстысты Лоты хӕдзарыл5ӕмӕ йӕм хъӕр кодтой: «А изӕр дӕм цы лӕгтӕ ӕрбацыди, уыдон кӕм сты? Ракӕн-ма сӕ ардӕм, ӕмӕ семӕ нӕхи аирхӕфсӕм!»6Лот сӕм къӕсӕрмӕ рауади, дуар йӕ фӕдыл рахгӕдта7ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕр-тӕ, уӕ хорзӕхӕй, мацы фыдбылыз саразут.8Мӕ уазджытӕ сты, ӕмӕ сӕ ма бахъыгдарут. Дыууӕ чызджы мын ис, ӕнӕрцӕф сты нырма, ӕмӕ уӕм фӕлтау уыдоны ракӕнон, ӕмӕ уӕ цы-дӕриддӕр фӕнды, уый сын бакӕнут».9Уыдон ыл схъӕртӕ кодтой: «Ахъуытты у ардыгӕй! Ай ӕрцӕуӕггаг куы у, уӕд нын тӕрхӕттӕ кӕныныл цы схӕцыдис? Фӕлӕуу, мах дын ныр, уы-донӕн цы бакӕнинаг стӕм, уымӕй фыддӕртӕ куы нӕ фӕуӕм!» Ныууырдыг сты Лотмӕ, дуар батоныныл архайынц.10Фӕлӕ Лоты уазджытӕ ӕддӕмӕ сӕ къухтӕ радардтой, фӕмидӕг ӕй кодтой ӕмӕ дуар ахгӕдтой,11къӕсӕрыл цы адӕм уыди, уы-доны та, кӕстӕрӕй, хистӕрӕй, афтӕ бакуырм кодтой, ӕмӕ, дуар агургӕйӕ, фыдӕбоны хай баисты.
12Лотӕн йӕ уазджытӕ загътой: «Ам ма дын чи ис? Сиахсӕй, фыртӕй, чызгӕй, ӕндӕрӕй дын сахары чи ис, уыдоны се ’ппӕ-ты дӕр акӕн ардыгӕй,13уымӕн ӕмӕ хъуамӕ зӕххы цъарӕй фесафӕм ацы бынат. Бирӕ хъӕстытӕ йыл ссыди Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ нӕ йӕ фесафынмӕ рарвыста».14Лот ацыд ӕмӕ хабар фе-хъусын кодта йӕ чызджыты курджытӕн: «Ӕвӕстиатӕй ардыгӕй уӕхи айсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ адонмӕ Лоты ныхас худӕгау фӕкасти.
15Боныцъӕхтыл зӕдтӕ Лотмӕ бадзырдтой: «Фӕтагъддӕр кӕн, ӕмӕ дӕ ус ӕмӕ дӕ дыууӕ чызгимӕ цӕугӕут ардыгӕй, науӕд ацы тӕригъӕдджын сахаримӕ сымах дӕр бабын уыдзыстут».
16Фӕлӕ фӕстиат кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ лӕгтӕ Лоты къухыл рахӕцыдысты, рахӕцыдысты йын йӕ ус ӕмӕ йӕ чызджыты къухтыл дӕр ӕмӕ сӕ фӕссахар балӕууын кодтой, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг тӕригъӕд кодта Лотӕн.
17Фӕссахар ын бафӕдзӕхстой: «Гъеныр дӕ сӕр бафснай! Фӕстӕмӕ дӕр мауал фӕкӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу! Хӕхты ’рдӕм цӕугӕ, науӕд бабын уыдзынӕ!»18Фӕлӕ Лот загъта: «Нӕ, Бардарӕг!19Мӕ уд Дӕ фӕхъхъау, скодтай мӕ Дӕ аудыны аккаг, радтай мын стыр хорзӕх: фервӕзын мӕ кодтай. Гъе ӕрмӕст хӕхтӕм балидзын мӕ бон нӕ бауыдзӕни — бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл, ӕмӕ фесӕфдзынӕн.20Уартӕ уыцы къаннӕг сахар хӕстӕгдӕр куы у сӕр бафснайынмӕ.
Къаннӕг куы у! Уырдӕм балидзыны бар мын ратт, цӕмӕй удӕгасӕй баззайон».21Дзуапп ын рардӕуыд: «Ацы хъуыддаг дӕр сараздзынӕн дӕ сӕраппонд: цы сахары кой скодтай, уый нӕ ныппырх кӕндзынӕн.22Батагъд кӕн уырдӕм ӕмӕ дзы дӕ сӕр бафснай. Цалынмӕ уырдӕм бахӕццӕ уай, уӕдмӕ мын ацы хъуыддагӕн райдайӕн нӕй». Уымӕ гӕ сгӕ хуыйны уыцы сахар Цоар, ома «ницӕйаг», «къаннӕг».
23Хур куыддӕр скаст, афтӕ Лот дӕр бахӕццӕ и Цоармӕ.
24Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй ӕр-калдта судзгӕ сондон25ӕмӕ бабын кодта сахартӕ ӕмӕ ӕгас дӕлвӕз ӕд цӕрджытӕ, зайӕгхал дӕр дзы нал баззади.
26Лоты ус фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ цӕххы цӕджындз фестад.
27Авраам сӕумӕраджы бацыд, айфыццаг Дунедарӕджы раз кӕм лӕууыди, уыцы бынатмӕ.28Афӕлгӕсыди Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл, стӕй ӕгас дӕлвӕзыл ӕмӕ федта: зӕхх цыма гарнайы пец фестади, уыйау дзы цыди фӕздӕг.
29Гъе афтӕ, Хуыцау Иорданы дӕлвӕзы сахартӕ куы бабын кодта, уӕд нӕ ферох кодта Авраамы — Лоты рагацау рарвы-ста уыцы фыдохы ранӕй, йӕ цӕрӕнбынатӕй.
30Цоарӕй Лот йӕ дыууӕ чызгимӕ ссыди хӕхтӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕндыди Цоары цӕрын. Ӕрбынат кодтой лӕгӕты.
31Иу ахӕмы хистӕр чызг кӕстӕрӕн загъта: «Нӕ фыд базӕ-ронд ис, ӕмӕ, дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ немӕ чи бацӕра, ацы ран иу ахӕм лӕг нӕй.32Гъемӕ нӕ фыды мыггаг сӕфын ма бауадзӕм, сӕн ын бадарӕм ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцӕуӕм».
33Уыцы ӕхсӕв сӕ фыды срасыг кодтой, ӕмӕ хистӕр чызг йе-мӕ фӕци. Ныр куыд ӕрхуыссыд ӕмӕ куыд сыстади, уый фыд ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта.34Иннӕ бон хистӕр чызг кӕстӕрӕн загъта: «Дысон ӕз уыдтӕн нӕ фыдимӕ. Цӕй ӕмӕ та йын ахсӕв дӕр сӕн бадарӕм, ӕмӕ ды дӕр йемӕ фӕу. Афтӕмӕй нӕ фы-ды мыггаг сӕфын нӕ бауадздзыстӕм».35Уыцы ӕхсӕв дӕр та сӕ фыды срасыг кодтой, ӕмӕ кӕстӕр чызг йемӕ фӕци. Ныр куыд ӕрхуыссыд ӕмӕ куыд сыстади, уый фыд ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта.
36Афтӕмӕй Лотӕн йӕ дыууӕ чызджы дӕр банхъӕлцау сты сӕ фыдӕй.37Хистӕр чызг ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Моав, ома «фыдӕй». Уый у моавӕгты фыдӕл.38Кӕстӕр чызг дӕр ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Бен-Амми, ома «мӕ хионы фырт». Уый та у аммонӕгты фыдӕл.
Авраамы ус Саррӕ ӕмӕ Авимелех
/"V1Авраам уырдыгӕй араст и Негевы зӕхмӕ ӕмӕ ӕрӕн-
\ыТцади Кадешӕй Шуры ӕхсӕн. Иу заман царди Герары.2Уым йӕ ус Саррӕйы хуыдта йӕ хо. Герары паддзах Авимелех арвыста Саррӕмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнын кодта йӕхимӕ.3Фӕлӕ ӕхсӕвы Хуыцау Авимелехмӕ фыны ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ныртӕккӕ амӕлдзынӕ, ацы сылгоймаджы дӕхимӕ кӕй ӕрбакодтай, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ моймӕдзыд у».
4Авимелех та нырма йе ’мгӕрон нӕма ӕрцыди. «Бардарӕг! — ба-хатыд Авимелех. — Ау, ӕназым адӕмы дӕр фесафдзынӕ?
5Уыцы лӕг мын йӕхӕдӕг куы дзырдта, мӕ хо у, зӕгъгӕ! Сыл-гоймаг дӕр ӕй йе ’фсымӕр куы хуыдта! Ацы хъуыддаджы сыгъдӕг сты мӕ цӕсгом дӕр ӕмӕ мӕ къухтӕ дӕр».6Фыны йын Хуыцау загъта: «Ӕз дӕр ӕй зонын, ацы хъуыддаджы дӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй у, уый, ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ Мӕхӕдӕг баурӕдтон тӕригъӕд ракӕнынӕй Мӕ разы — уымӕ гӕсгӕ дӕ нӕ бауагътон ацы сылгоймагмӕ бавналын.7Ныр сылгойма-джы фӕстӕмӕ йӕ мойӕн ратт. Уый пехуымпар у, ӕмӕ дын скувдзӕни, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай. Йӕ мойӕн ӕй куы нӕ раттай, уӕд та уый зон, ӕмӕ уе сӕфт ӕрцыди дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр».
8Райсомӕй раджы Авимелех куы фӕдзырдта йӕ дӕлдӕртӕм се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын ацы ныхӕстӕ куы рафӕзмыдта, уӕд сӕ стыр тас бацыди.9Стӕй Авимелех фӕсидт Аврааммӕ ӕмӕ йын афтӕ: «Уый нын цы бакуыстай? Уагӕр цӕмӕй фӕазымджын дӕн дӕ разы — мӕн дӕр ӕмӕ мын мӕ паддзахад дӕр цӕ-мӕн баппӕрстай стыр тӕригъӕды? Куыд не ’мбӕлы, ахӕм ӕвирхъау митӕ мын бакодтай».10Ноджы ма йын загъта: «Цы дын уыди уыцы фӕнд, цы дӕ зӕрды уыд?»11Авраам дзуапп радта: «Ӕз загътон: „Ацы ран Хуыцауӕй ӕппын нӕ тӕрсынц ӕмӕ мӕ мардзысты мӕ усы тыххӕй”.12Ӕцӕгӕй та мын хо дӕр ӕййафы: фыдӕй иу стӕм, мадӕй та — хицӕн, ӕмӕ сси мӕ ус.13Хуыцау мӕ куы арвыста мӕ фыды уӕзӕгӕй дунейыл хӕтынмӕ, уӕд мӕ усӕн бафӕдзӕхстон: „Уыцы хорзы мын бацу, ӕмӕ, кӕдӕмфӕнды бафтӕм, ме ’фсымӕр у, зӕгъгӕ-иу дзур”».
14Авимелех рахицӕн кодта лыстӕг фос, стурвос, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ ӕмӕ сӕ радта Авраамӕн, фӕстӕмӕ йын радта йӕ ус Саррӕйы дӕр.15Загъта: «Мӕнӕ мӕ зӕхх дӕ разы. Цӕр, кӕм дӕриддӕр дӕ фӕнды, уым».16Саррӕйӕн дӕр загъта: «Ӕз де ’фсымӕрӕн дӕттын дӕс ӕмӕ ссӕдз джиранкайы ӕвзист, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уый нысанӕн, ӕмӕ, демӕ чидӕрид-дӕр ис, уыдоны цӕсты сраст уыдзынӕ».
17Авраам скуывта Хуыцаумӕ, ӕмӕ Хуыцау сдзӕбӕх кодта Авимелехы, уымӕн йӕ ус ӕмӕ йӕ сылгоймаг цагъарты, ӕмӕ сын ногӕй райдыдта сывӕллӕттӕ гуырын.18Дунедарӕг уый размӕ Авраамы ус Саррӕйы тыххӕй Авимелехы хӕдзары ӕппӕт сылгоймӕгтӕн дӕр сӕхгӕдта сӕ зӕнӕгдон.
Авраам ӕмӕ йӕ фырттӕ Измаил ӕмӕ Исаак
"1 ^Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ ӕрхъуыды кодта Сар-X рӕйы; сарӕзта, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый.
2Саррӕ банхъӕлцау ис ӕмӕ, Хуыцау цы афоны кой кодта, уы-цы афон Авраамӕн, йӕ зӕ ры бон, ныййардта фырт.3Саррӕ йын цы фырт ныййардта, ууыл Авраам сӕвӕрдта ном Исаак.
4Аст боны йыл куы рацыди, уӕд ын скодта сунӕт, Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
5Авраамыл цыди фондзыссӕдз азы, йӕ фырт Исаак куы рай-гуырди, уӕд.6Саррӕ загъта: «Фӕхудын мӕ кодта Хуыцау. Ацы хабар чи фехъуса, уый дӕр фӕхуддзӕни мемӕ».7Йӕ ныхасыл ма бафтыдта: «Чи загътаид Авраамӕн, Саррӕйы риуы ма сы-вӕллонӕн ӕхсыр фӕзындзӕни, зӕгъгӕ? Ныр ын йӕ зӕры бон ныййардтон фырт».
8Саби фӕхъомыл и. Риуӕй иртӕст цы бон ӕрцыди, уыцы бон Авраам скодта стыр куывд.
9Иу ахӕмы Саррӕ федта, Авраамӕн мысираг Агар кӕй ный-йардта, уыцы лӕппу йын йӕ фырт Исаакыл худӕгӕй йӕхи кӕй хӕссы, уый10ӕмӕ загъта Авраамӕн: «Уыцы унӕуты ӕд лӕппу атӕр! Мӕ хъӕбул Исаакы раз дын уый дӕ бынтӕм ни-цы бар дары».11Тынг хъыг уыд Авраамӕн йӕ фырт Измаилы тыххӕй ахӕм ныхӕстӕ хъусын.12Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: «Лӕппу ӕмӕ дӕ унӕуты тыххӕй мӕт ма кӕн. Саррӕ дын цы зӕгъы, уымӕ байхъус, уымӕн ӕмӕ, Исаакӕй чи рантыса, уы-дон уыдзысты дӕ байзӕддаг.13Фӕлӕ унӕуты лӕппуйӕ дӕр рантысын кӕндзынӕн стыр адӕм, уымӕн ӕмӕ уый дӕр дӕ фырт у».
14Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл и.15Лалымы дон куы фӕци, уӕд лӕппуйы иу къудзийы бын ныууагъта,16йӕхӕдӕг ацыд ӕмӕ уырдыгӕй фаты ӕхстбӕрц дарддӕр сбадти, лӕппуйы мӕлӕт ма фенон, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕрдиаг кодта.17Фӕлӕ Хуыцау фехъуыста лӕппуйы кӕуын, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕларвӕй Агармӕ ӕрдзырдта: «Цы ’рцыди, Агар? Ма тӕрс! Хуыцау лӕппуйы кӕуын фехъуыста, кӕм ӕй ныууагътай, уырдыгӕй.18Бавдӕл ӕмӕ йӕ сыстын кӕ, йӕ къухыл ын фидар хӕц! Ӕз уымӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм».19Хуыцау байгом кодта Агары цӕстытӕ, ӕмӕ уӕд Агар федта цъай. Бацыди цъаймӕ, лалым байдзаг кодта ӕмӕ лӕппуйӕн дон радта.
20Хуыцау аудыдта Агары фыртыл. Уый байрӕзти. Цардис ӕдзӕрӕг быды ры ӕмӕ сахуыр и фатӕй ӕхсын.21Измаил цар-ди Параны ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ йын йӕ мад ус ӕркодта Мысыры зӕххӕй.
Авраамы фидыд Авимелехимӕ
22Уыцы заман Авимелех йе ’фсады хицау Пихолимӕ ба-цыд Аврааммӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’ппӕт хъуыддӕгты дыл Хуыцау ауды.23Гъемӕ мын ацы ран Хуыцауӕй ард бахӕр, хинӕй кӕй нӕ разилдзынӕ нӕдӕр мӕныл, нӕдӕр ме ’ппӕт байзӕддагыл. Ӕз дӕуӕн хӕрзты куыд бацыдтӕн, афтӕ-иу ды дӕр хӕрзты бацу мӕнӕн ӕмӕ, ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уыцы бӕстӕйӕн».24Авраам ард бахордта,25фӕлӕ Авимеле-хӕн бауайдзӕф кодта, дӕ цагъартӕ мын мӕ цъай байстой, зӕгъгӕ.26Авимелех ын дзуапп радта: «Нӕ зонын, афтӕ чи бакодта, уый. Ды дӕр мын куы ницы ской кодтай. Фыццаг хатт хъусын уыцы хабар».27Авраам Авимелехӕн радта фыстӕ ӕмӕ стуртӕ, ӕмӕ бафидыдтой.28Фыстӕй Авраам рахицӕн кодта авд далысы.29Авимелех ӕй бафарста: «Цӕмӕн рахицӕн кодтай ацы авд далысы?»30Авраам ын дзуапп радта: «Ацы авд далысы райс мӕ къухӕй — уыцы цъай ӕз кӕй скъахтон, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».
31Кӕрӕдзийӕн ард кӕй бахордтой, уымӕ гӕсгӕ ацы бынат уӕ-дӕй фӕстӕмӕ хуыйны Беер-Шевӕ, ома «ардбахӕрды цъай».
32Беер-Шевӕйы Ав раамимӕ куы бафидыдтой, уӕд Ави-мелех ӕмӕ йе ’фсады хицау Пихол фӕстӕмӕ аздӕхтысты филистимаг зӕхмӕ.33Авраам та Беер-Шевӕйы ныссагъта тама-риск — сӕрдӕй, зымӕгӕй цъӕх чи дары, ахӕм бӕлас — ӕмӕ уым ссардта Дунедарӕджы, ӕнусон Хуыцауы, ном.
34Авраам ӕрцӕуӕггагӕй бирӕ фӕцарди филистимаг зӕххыл.
Авраамы ӕгӕрон ӕууӕнк Хуыцауыл
4Л^Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Хуыцау фӕлвӕрдта Авраамы. Басидт ӕм: «Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».2Хуыцау загъта: «Демӕ ракӕн дӕ иунӕг, дӕ уарзон фырт Исаакы ӕмӕ араст у Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ уым, цы хохӕй дын зӕгъон, ууыл иууылсудзинаг нывон-дӕн ӕрхӕсс».
3Авраам райсомӕй раджы саргъ сӕвӕрдта йӕ хӕрӕгыл, йемӕ ракодта йӕ цагъартӕй дыууӕйы ӕмӕ йӕ фырт Исаакы, нывонд ӕрхӕссынӕн ныссаста суг дӕр ӕмӕ афтӕмӕй араст и, Хуыцау ын цы бынат бацамыдта, уырдӕм.4Ӕртыккаг бон Авраам ал-фамбылай йӕ цӕст ахаста ӕмӕ дардмӕ суыдта уыцы бынат.
5Йӕ цагъартӕн загъта: «Сымах уал ам хӕрӕгимӕ фӕлӕуут, ӕз ӕмӕ мӕ лӕппу та уартӕ уырдӕм бацӕуӕм Хуыцаумӕ ба-кувынмӕ, стӕй уӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзыстӕм».
6Авраам йӕ фырт Исаакы ӕккой сӕвӕрдта, нывонд ӕрхӕс-сынӕн сӕм цы суг уыди, уый, райста зынг ӕмӕ кард, ӕмӕ араст сты дыууӕйӕ.7Исаак дзуры йӕ фыд Аврааммӕ: «Мӕ фыд!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм, мӕ хъӕбул». Исаак бафарста: «Зынг ӕмӕ нӕм суг бӕргӕ ис, фӕлӕ нывондаг уӕ-рыкк та кӕм ис?»8Авраам дзуапп радта: «Хуыцау Йӕхӕдӕг равзардзӕн, иууылсудзинаг нывондӕн цы уӕрыкк хъӕуы, уый». Ӕмӕ цыдысты дарддӕр.
9Хуыцау ын цы бынатӕй загъта, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Авраам уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл сугтӕ ра-вӕрдта. Уый фӕстӕ йӕ фырт Исаакы сбаста ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта нывондхӕссӕныл, сугты уӕлӕ.10Фӕлӕ куыддӕр кард рай-ста йӕ фырты аргӕвдынмӕ,11афтӕ йӕм Дунедарӕджы зӕд уӕларвӕй ӕрдзырдта: «Авраам! Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».12Зӕд загъта: «Дӕ къух ма сис лӕппумӕ! Мацы йын бакӕн! Ныр зонын, Хуыцауӕй кӕй тӕрсыс ӕмӕ Мын дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, уый».
13Авраам акаст ӕмӕ федта: пыхсыты йӕ сытӕ ныссагъды-сты иу фырӕн. Авраам ӕм бацыди, суӕгъд ӕй кодта ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты бӕсты.
14Уыцы бынат Авраам схуыдта Адонай-Ире, ома «Дунедарӕг равзардзӕн». Ацы хабармӕ гӕсгӕ фӕзӕгъынц ныр дӕр, «Ду-недарӕг равзардзӕни хохыл», зӕгъгӕ.
15Дунедарӕджы зӕд та дыккаг хатт дӕр уӕларвӕй ӕрдзырдта Аврааммӕ:16«Мӕхицӕй сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы хъуыддаг кӕй сарӕзтай, дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау код-тай,17уый тыххӕй дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытау ӕмӕ денджызы былгӕрон змисау дын тынг сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддаг. Фыдгулты сахартӕ бауыдзысты сӕ исбон!18Кӕй Мӕм байхъуыстай, уымӕ гӕсгӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».
19Уый фӕстӕ Авраам ӕрбаздӕхт йӕ цагъартӕм, ӕмӕ иумӕ ацыдысты Беер-Шевӕмӕ. Авраам баззади Беер-Шевӕйы.
Нахоры байзӕддаг
20Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Аврааммӕ фӕхабар чындӕуыди, де ’фсымӕр Нахорӕн дӕр, дам, йӕ ус Милка ныййардта фырттӕ:21Уц — йӕ хистӕр, уый ӕфсымӕр Буз, иннӕтӕ — Хъемуел, Арамы фыд,22Кесед, Хазо, Пилдаш, Идлаф, Бетуел.23Бетуелӕн райгуырди Ревеккӕ. Ацы аст фыр-ты Авраамы ӕфсымӕр Нахорӕн ныййардта Милка.24Нахорӕн ма йӕ номылус Реума дӕр ныййардта фырттӕ: Тевах, Гахам, Тахаш ӕмӕ Маахайы.
Саррӕйы мӕлӕт
€\О1Саррӕ фӕцардис авд ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз азы.2Амарди Хъирйат-Арбайы, ома Хевроны, Ханааны зӕххыл. Ав-раам фӕкуыдта, фӕхъарджытӕ кодта Саррӕйыл.3Стӕй йӕ цурӕй рацыд ӕмӕ хеттӕгтӕм бахатыд:4«Ӕз ардыгон нӕ дӕн, ӕрцӕуӕггаг дӕн, ӕмӕ мын уӕ зӕххӕй рауӕй кӕ нут исбоны хай, цӕмӕй дзы мӕ усы мард бавӕрон».5Хеттӕгтӕ йын загъ-той:6«Дӕ хорзӕхӕй, байхъус нӕм! Мах дӕ нымайӕм Хуыцауы барджын лӕгыл, ӕмӕ нӕ зӕппӕдзты хуыздӕры бавӕр дӕ усы. Уый тыххӕй дын махӕй ничи бавгъау кӕндзӕни йӕ мыггаджы зӕппадз».7Авраам сыстади, сӕрӕй ныллӕг акуывта уыцы зӕх-хы адӕмӕн, хеттӕгтӕн,8ӕмӕ сын загъта: «Кӕд мын мӕ усы мард бавӕрыны бар дӕттут, уӕд уӕ курын, ӕмӕ Цохары фырт Ефронмӕ бахатут,9цӕмӕй мын ратта, йӕ быдыры кӕрон цы лӕгӕт ис, Махпела, зӕгъгӕ, уый. Сымах цур мын ӕй исбонӕн рауӕй кӕнӕд йе ’ххӕст аргъыл — уӕлмӕрдӕн».
10Хеттаг Ефрон бадти йе ’мбӕстӕгты ӕхсӕн ӕмӕ, сахары кулдуармӕ цы хеттӕгтӕ ӕрӕмбырд ис, уыдон ӕй се ’ппӕт куыд хъусой, афтӕ Авраамӕн загъта:11«Дӕ хорзӕхӕй, байхъус мӕм! Ӕз дын дӕттын быдыр дӕр ӕмӕ лӕгӕт дӕр. Дӕттын дын сӕ мӕ адӕмы раз, ӕмӕ дӕ усы мард бавӕр».12Авраам та йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта уыцы зӕххы адӕмӕн13ӕмӕ йӕ се ’ппӕт дӕр куыд хъусой, афтӕ баздӕхти Ефронмӕ: «Мемӕ куы сразы уаис, уӕд дын быдыры аргъ раттин. Райс ӕй, ӕмӕ мӕ усы мард уым бавӕрон».14Ефрон загъта Авра-амӕн:15«Дӕ хорзӕхӕй, байхъус мӕм! Зӕххӕн йӕ аргъ у дӕс джиранкайы — ӕз ӕмӕ дӕуӕн цанӕбӕрӕг сты. Бавӕр дзы дӕ усы мард».16Авраам сразы ис Ефронимӕ. Хеттӕгты раз цас загъта, уыйбӕрц ын сбарста ӕвзист — дӕс джиранкайы, сӕудӕджертӕ куыд фӕбарынц, афтӕ.
17-18Афтӕмӕй, Ефронӕн Мамрейы ныхмӕ Махпелайы цы быдыр уыди, уый бацис Авраамы исбон, ӕд лӕгӕт, ӕд бӕлӕ-стӕ. Уымӕн ӕвдисӕн систы, сахары кулдуармӕ чи ӕрӕмбырд и, уыцы хеттӕгтӕ иууылдӕр.19Ӕмӕ Авраам йӕ ус Саррӕйы мард бавӕрдта, Ханааны зӕххыл Мамре-Хевроны ӕмарӕн цы быдыр уыди, Махпела, зӕгъгӕ, уым, лӕгӕты.20Хеттӕгтӕй Аврааммӕ ӕрхаудысты быдыр дӕр ӕмӕ, цы лӕгӕт дзы уыди, уый дӕр — уӕлмӕрдӕн.
Исаак куры Ревеккӕйы
€\ Л1Авраам базӕронд и. Дунедарӕг ӕй Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта йӕ алы хъуыддаджы дӕр.2Иу хатт Авраам загъта йӕ хӕдзары хистӕр цагъарӕн, йе ’ппӕт исбон кӕй бӕрны уыдысты, уымӕн: «Дӕ къухӕй мын мӕ са гӕхтӕм бавнал3ӕмӕ мын Дунедарӕгӕй, арв ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ард бахӕр, мӕ фыртӕн, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй не ’рхӕсдзынӕ ус,4фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн бӕстӕм, мӕ хионтӕм, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ ус мӕ фырт Исаакӕн».5Цагъар ӕй бафарста: «Мыййаг, уыцы чызг мемӕ а зӕхмӕ цӕуыныл куы не сразы уа, уӕд-иу дын дӕ фырты, цы бӕстӕйӕ рацыдтӕ, уырдӕм акӕнон?»6Авраам ын загъта: «Абабау! Мӕ фырты мын уыр-дӕм ма акӕн!7Мӕ фыды уӕзӕгӕй, мӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ мӕн Чи рахуыдта ӕмӕ мын мӕ байзӕддагӕн ацы зӕхх рат-тыныл сомы Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, дӕ разӕй рарвитдзӕни Йӕ зӕды, цӕмӕй мын уырдыгӕй мӕ фыртӕн ус ӕркӕнай.8Чызг демӕ цӕуыныл куы не сразы уа, уӕд та сӕрибар уыдзынӕ ацы ард бахӕрдӕй. Ӕрмӕст-иу мын мӕ фырты уырдӕм ма акӕн».9Цагъар бавнӕлдта йе ’лдар Ав-раамы агъдрӕбынмӕ ӕмӕ йын ард бахордта.
10Уый фӕстӕ цагъар йе ’лдары теуатӕй рахицӕн кодта дӕс, райста йын йӕ алы хӕзнатӕй дӕр ӕмӕ араст ис Арам-Нахараимы зӕхмӕ, Нахоры сахармӕ.11Уырдӕм куы бахӕццӕ и, уӕд сахармӕ хӕстӕг, цъайы цур, баурӕдта йӕ теуатӕ. Уыд изӕрмӕ ӕввахс — дондзау чызджытӕ дон исынмӕ куы рацӕуынц, тӕккӕ уыцы афон.12Авраамы цагъар скуывта:
24:2-3 Уыцы бавнӕлд баст уыдис иууыл карздӕр ардбахӕрдимӕ.
«О Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Гъеныр мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кӕн! Ме ’лдар Авраамы схайджын кӕн Дӕ хорзӕхӕй!13Мӕнӕ лӕууын суадоны цур, ӕмӕ ныртӕккӕ сахары чызджытӕ рацӕудзысты дон исынмӕ.14Дӕ дурын ӕр-къул кӕн ӕмӕ дон баназон, зӕгъгӕ сӕ кӕмӕ бахатон, уый мын кӕд афтӕ зӕгъа, баназ, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр ратдзы-нӕн дон, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу ӕй, Дӕумӕ кувӕг Исаакӕн кӕй саккаг кодтай, уыцы чызг фӕкӕ. Уымӕй базондзынӕн — ме ’лдары мын схайджын кодтай Дӕ хорзӕхӕй».
15Авраамы цагъар куывд нӕма фӕцис, ӕмӕ дын мӕнӕ, йӕ дурын йе уӕхскыл, афтӕмӕй рацӕуы Ревеккӕ — Бетуелы, Милка ӕмӕ Авраамы ӕфсымӕр Нахоры фырты, чызг.16Ревеккӕ уыди тынг рӕсугъд, нырма ӕнӕрцӕф. Ӕрхызти суадонмӕ ӕмӕ йӕ дурын байдзаг кодта. Фӕстӕмӕ куы фӕцӕйцыди,
17уӕд ӕм Авраамы цагъар рӕвдз бауад ӕмӕ йӕм бахатыди: «Дӕ дурыны донӕй ма мын иу хуыпп авӕр».18Уый загъта: «Табуафси», — ӕмӕ уыйадыл дурын йе уӕхскӕй ӕриста ӕмӕ йын дон радта.19Авраамы цагъар куы банызта, уӕд ын чызг афтӕ: «Ныртӕккӕ дын дӕ теуатӕн дӕр сисдзынӕн, уадз ӕмӕ сӕ фаг баназой».20Уайтагъд йӕ дурыны дон тӕгӕнайы ауагъта, цъаймӕ та бауади ӕмӕ йын йӕ теуатӕн дӕр дон систа.
21Авраамы цагъар ӕм кастис ӕнӕдзургӕйӕ. Фӕндыд ӕй базонын, Дунедарӕг ын йӕ фӕндаг фӕрӕстмӕ кодта ӕви нӕ.22Теуатӕ дон куы банызтой, уӕд уыцы лӕг чызгӕн радта зынаргъ сызгъӕрин фындзцӕг ӕмӕ дыууӕ сызгъӕрин цӕнг-дарӕны23ӕмӕ йӕ бафарста: «Зӕгъ-ма мын, кӕй чызг дӕ? Махӕн уӕм ӕхсӕвиуатӕн бынат разындзӕн ӕви нӕ?»24Чызг ын дзуапп радта: «Ӕз Нахор ӕмӕ Милкайы фырт Бетуелы чызг дӕн».25Ноджы ма йын загъта: «Хъӕмп ӕмӕ нӕм хос бирӕ ис, уӕ теуаты раз ӕрӕвӕрынӕн. Ис нӕм бынат ӕхсӕвиуатӕн дӕр».26Авраамы цагъар Дунедарӕджы раз адӕлгом и27ӕмӕ загъта: «Табу Дунедарӕгӕн, ме ’лдар Авраамы Хуыцауӕн, ме ’лдарыл мын Йӕ зӕрдӕ Чи нӕ сивта, Йӕ хорзӕхӕй йӕ ӕнӕхай Чи нӕ фӕкодта! Дунедарӕг мӕ комкоммӕ ме ’лдары хионӕн йӕ цӕрӕнуатмӕ ӕрбахӕццӕ кодта».
28Чызг рӕвдз ауади йӕ мадмӕ ӕмӕ йын ацы хабӕрттӕ ра-фӕзмыдта.29-30Ревеккӕйӕн уыд ӕфсымӕр, йӕ ном — Лаван. Ӕмӕ уый йӕ хомӕ фындзцӕг ӕмӕ цӕнгдарӕнтӕ куы фед-та, стӕй, уыцы лӕг ын цы загъта, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм фӕссахармӕ, суадоны цурмӕ атындзыдта. Уый ма йӕ теуатимӕ лӕууыди суадоны цур.31Лаван ӕм бахатыди: «Сак-каг кӕн, Дунедарӕгӕй арфӕгонд лӕг! Ӕдде цӕмӕн лӕууыс? Уӕ цатыр — ӕфснайд, теуатӕн дӕр бынат ӕрцӕттӕ кодтон».
32Уазӕг сӕм мидӕмӕ бацыди. Теуаты суӕгъд кодтой ӕмӕ сын радтой хъӕмп ӕмӕ холлаг, уазӕгӕн ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕн та — дон, сӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн.
33Авраамы цагъарӕн ӕрӕвӕрдтой фынг, фӕлӕ сын уый аф-тӕ: «Нӕ саходдзынӕн, цалынмӕ уын мӕ цыды сӕр раргом кӕнон, уӕдмӕ». Загътой йын: «Дзур».34Уый райдыдта дзурын: «Ӕз Авраамы цагъар дӕн.35Дунедарӕг ме ’лдарӕн ракодта стыр арфӕ, сбонджын ӕй кодта: радта йын лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.36Ме ’лдарӕн йӕ ус Саррӕ зӕрондӕй ныййардта фырт, ӕмӕ ме ’лдар йӕ фыртӕн радта йе ’ппӕт исбон дӕр.37Мӕнӕн та ард бахӕрын кодта, йӕ фыр-тӕн ын, кӕй зӕххыл цӕры, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй нӕ ракурдзынӕн,38фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕн йӕ фыды уӕзӕгмӕ, йӕ мыггагмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕн ус Исаакӕн.39Ӕз ме ’лдары бафарстон: „Мыййаг, уыцы чызг мемӕ куы нӕ ракома, уӕд та?”40Уый мын загъта: „Йӕ ком-мӕ Кӕмӕн кӕсын, уыцы Дунедарӕг дын демӕ рарвитдзӕни Йӕ зӕды ӕмӕ дӕ рӕствӕндаг фӕкӕндзӕни, цӕмӕй мын мӕ фыртӕн мӕ мыггагӕй, мӕ фыды хӕдзарӕй, ӕркӕнай ус.41Мӕ фыды хӕдзармӕ мын куы ацӕуай, мӕ мыггагмӕ, уӕд сӕрибар уыдзынӕ ацы ардбахӕрдӕй, суанг сӕ чызджы куы нӕ раттой, уӕддӕр”.42Абон суадонмӕ куы ӕрбахӕццӕ дӕн, уӕд скуывтон: „Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Тӕхуды, цы хъуыддаджы фӕдыл рацыдтӕн, уый мын куы фӕрӕстмӕ кӕнис!43Мӕнӕ суадоны раз лӕууын ӕмӕ, ардӕм дон исынмӕ цы чызг рацӕуа, уымӕ бахатдзынӕн, дӕ дурыны донӕй ма мын авӕр, зӕгъгӕ.44Ӕмӕ мын уый афтӕ куы зӕгъа, дӕхӕ-дӕг дӕр баназ, дӕ теуатӕн дӕр дын сисдзынӕн дон, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу уыцы чызг фӕуӕд, Дунедарӕг ме ’лдары фыртӕн кӕй саккаг кодта, уый”.45Куывд нӕма фӕдӕн, афтӕ дын мӕнӕ рацӕуы Ревеккӕ — йӕ дурын йе уӕхскыл. Суадонмӕ ӕрхызт ӕмӕ систа дон. Ӕз ӕм бахатыдтӕн, дон ма мын авӕр, зӕгъгӕ.46Уыйадыл йӕ дурын ӕриста ӕмӕ загъта: „Баназ, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр ратдзынӕн”. Ӕз куы банызтон, уӕд теуатӕн дӕр дон радта.47Ӕз ӕй бафарстон: „Кӕй чызг дӕ?” Ӕмӕ мын дзуапп радта, Нахор ӕмӕ Милкайы фырт Бетуелы чызг дӕн, зӕгъгӕ. Уӕд ын йӕ фындзыл бакодтон фындзцӕг, йӕ къухтыл та — цӕнгдарӕнтӕ.48Дунедарӕджы раз адӕлгом дӕн ӕмӕ раарфӕ кодтон Дунедарӕгӕн, ме ’лдар Авраамы Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ фӕрӕствӕндаг кодта, цӕмӕй ме ’лдары хионы чызджы ракурон ме ’лдары фыртӕн.49Гъемӕ кӕд ме ’лдармӕ хионы цӕстӕй кӕсут ӕмӕ ацы хъуыддагыл ра зы стут, уӕд мын ӕй зӕгъут. Кӕд нӕ, уӕд дӕр мын ӕй зӕ-гъут, ӕмӕ уӕд зондзынӕн, цы гӕнгӕ мын у, уый».
50Лаван ӕмӕ Бетуел дзуапп радтой: «Ацы хъуыддаг Дуне-дарӕджы уынаффӕ у, ӕмӕ дын «о» кӕ нӕ «нӕ» зӕгъӕм, уый махмӕ нӕ хауы.51Мӕнӕ дын Ревеккӕ. Акӕн ӕй, ӕмӕ, Дунеда-рӕг куыд загъта, афтӕ суӕд де ’лдары фырты ус».52Авраамы цагъар уый куы фехъуыста, уӕд Дунедарӕджы раз адӕлгом и зӕххыл.53Стӕй систа ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕсы фӕлыстытӕ ӕмӕ сӕ радта Ревеккӕйӕн. Йе ’фсымӕр ӕмӕ йын йӕ мадӕн дӕр ракодта зынаргъ лӕвӕрттӕ.54Йе ’мбӕлццӕттимӕ дзаг фынгтыл фӕбадтысты, стӕй сӕ алчи йӕ хуыссӕн ӕрцагуырдта.
Райсомӕй куы сыстадысты, уӕд Авраамы цагъар бахаты-ди: «Ныр мӕ ауадзут ме ’лдармӕ».55Чызджы ӕфсымӕр ӕмӕ мад куырдтой: «Немӕ ма иу дӕс боны уӕддӕр ацӕрӕд, стӕй ацӕудзӕни».56Фӕлӕ сын Авраамы цагъар афтӕ: «Дунедарӕг мын мӕ хъуыддаг кӕм фӕрӕстмӕ кодта, уым мӕ мауал фӕ-стиат кӕнут. Ауадзут мӕ, ӕмӕ ме ’лдармӕ аздӕхон».57Уыдон загътой: «Уӕдӕ чызгмӕ фӕдзурӕм ӕмӕ йын йӕхи бафӕрсӕм».58Ревеккӕмӕ фӕдзырдтой ӕмӕ йӕ бафарстой: «Цӕуыс ацы лӕ-гимӕ?» Уый дзуапп радта: «Цӕуын».59Уӕд сӕ хо Ревеккӕйы ӕд дыджызӕ ауагътой Авраамы цагъар ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттимӕ60ӕмӕ йын раарфӕ кодтой:
«Ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ рантысӕд дӕуӕн, нӕ хо!
Фыдгулты сахартӕ дӕ цоты исбон бауӕнт!»
61Ревеккӕ ӕмӕ йӕ унӕуттӕ сбадтысты теуатыл ӕмӕ араст сты уыцы лӕджы фӕдыл. Афтӕмӕй Авраамы цагъар ракодта Ревеккӕйы ӕмӕ ацыди йӕ фӕндагыл.
62Уыцы заман Исаак ӕрбаздӕхти Беер-Лахай-Роийӕ, Неге-вы зӕххӕй. Уӕд уым царди.63Иу изӕр Исаак быдырмӕ йӕхи айста ӕмӕ хъуыдыты аныгъуылди. Дардыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ федта: ӕрбацӕуынц теуатӕ.64Ревеккӕ дӕр афӕлгӕ-сыд ӕмӕ, Исаакы куы ауыдта, уӕд теуайӕ рӕвдз ӕрхызти.65Йӕ цагъары афарста: «Быдыры махырдӕм чи ӕрбацӕуы, уыцы лӕг чи у?» Цагъар загъта: «Уый ме ’лдар у». Уӕд чызг райста цӕсгомӕмбӕрзӕн ӕмӕ дзы йӕхи ӕрӕмбӕрзта.
66Цагъар Исаакӕн кӕрӕй-кӕронмӕ радзырдта йӕ балцы хабӕрттӕ.67Уӕд Исаак чызджы бахуыдта йӕ мад Саррӕйы цатырмӕ, ӕмӕ Ревеккӕ сси йӕ ус. Исаак ӕй бауарзта ӕмӕ ныр нал хъынцъым кодта йӕ мады мардыл.
Авраамы цардизӕр
1Авраамӕн ма уыд иу ус, йӕ ном — Хъетура.2Уый Авраамӕн ныййардта Зимраны, Иохъшаны, Меданы, Мидйаны, Ишбахъы ӕмӕ Шуахы.3Иохъшанӕн райгуырдысты Шева ӕмӕ Дедан. Деданы байзӕддаг: ашшурӕгтӕ, летушӕгтӕ ӕмӕ леуммӕгтӕ.4Мидйаны фырттӕ: Ефа, Ефер, Ханох, Авида, Елдаа. Се ’ппӕт дӕр Авраам ӕмӕ Хъетурайӕ рацыдысты.
5Авраам йе ’ппӕт исбон дӕр радта Исаакӕн,6йӕ иннӕ усты-ты лӕппутӕн та ракодта лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ йӕ фырт Исаакы цурӕй арвыста скӕсӕйнаг бӕстӕмӕ.
7Авраам фӕцарди сӕдӕ ӕвдай фондз азы.8Йӕ цардӕй ахи-цӕн и хӕрз зӕрондӕй, цардӕй бафсӕст, афтӕмӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди.9-10Йӕ фырттӕ Исаак ӕмӕ
24:65 Чындзӕхсӕв цалынмӕ ахицӕн уа, уӕдмӕ лӕппуйӕн нӕ уыди йӕ усаджы цӕсгом уыныны бар.
Измаил ӕй бавӕрдтой Мамрейы ныхмӕ быдыры, Махпелайы лӕгӕты. Уыцы быдыр Авраам балхӕдта хеттӕгтӕй — Цохары фырт Ефронӕй. Уым ӕвӕрд сты Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕ.
11Авраамы мӕлӕты фӕстӕ йын Хуыцау арфӕ ракодта йӕ фырт Исаакӕн. Исаак царди Беер-Лахай-Роимӕ хӕстӕг.
12Мӕнӕ, Саррӕйы мысираг унӕут Агар Авраамӕн кӕй ный-йардта, уыцы Измаилы байзӕддаг.13Измаилы фырттӕ — измаи-лонты мыггӕгтӕн сӕ фыдӕлтӕ, хистӕрӕй кӕстӕрмӕ: Невайот, уый дӕле — Кедар, Адбеел, Мивсам,14Мишма, Дума, Масса,
15Хадад, Тема, Йетур, Нафиш, Кедма.16Адон сты Измаилы фыртты — дыууадӕс фӕтӕджы — нӕмттӕ. Афтӕ хуындысты, цы знӕмтӕ сӕ рацыди, уыдон дӕр. Алкӕмӕн дӕр сӕ уыди йӕхи хъӕутӕ, йӕхи цӕрӕнуӕттӕ.
17Измаил фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы, стӕй йӕ цардӕй ахицӕн ис. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыдис.18Йӕ бай-зӕддаг цардысты, Мысыры ӕмарӕн Ашшурмӕ фӕндагыл цы ӕдзӕрӕг быдыр ис, Шур, зӕгъгӕ, уый ӕмӕ Хавилайы ӕхсӕн. Се ’рвадӕлтӕй никӕимӕ фидыдтой.
Исаак ӕмӕ Иаков. Сӕ царды хабӕрттӕ(25:19-36:43)
Исав ӕмӕ Иаков
19Мӕнӕ Авраамы фырт Исаакы ӕмӕ йӕ байзӕддаджы цар-ды хабӕрттӕ.
Авраамӕн райгуырд Исаак.20Исаакыл цыди дыууиссӕдз азы, Паддан-Арамӕй йын арамейаг Бетуелы чызг Ревеккӕйы, Лаваны хойы, куы ӕрхастой, уӕд.21Ревеккӕйӕн зӕнӕг нӕ цыд, ӕмӕ лӕгъстӕ кодта Дунедарӕгӕн. Дунедарӕг ын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ Ревеккӕ банхъӕлцау и.22Фӕлӕ фырт-тӕ йӕ гуыбыны кӕрӕдзийы схойын райдыдтой, ӕмӕ загъта: «Сомбоны дӕр кӕрӕдзийы ныхмӕ куы фӕуой, уӕд мӕ цард цы у?» Ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсынмӕ ацыди.23Дунедарӕг ын дзуапп радта:
«Дыууӕ адӕмы рантысдзӕн дӕ хуылфӕй, дӕ хуылфы гъеныр райдыдта сӕ быцӕу.
Сӕ иу ысуыдзӕн иннӕмӕй тыхджындӕр, кӕндзӕни хистӕр кӕстӕрӕн лӕггад».
24Ревеккӕйӕн ӕрцыд йӕ арыны афон, ӕмӕ ныййардта дыууӕ фаззоны.25Фыццаг чи райгуырд, уый уыди сырхбуар, къахӕй сӕрмӕ — сырды цармау хъуынджын. Ном ыл сӕвӕрдтой Исав.
26Уый хӕдуӕлвӕд райгуырд йе ’фсымӕр: мады гуыбынӕй рацыдис, йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕйӕ, ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдтой ном Иаков. Уыдон куы райгуырдысты, уӕд Иса-акыл цыдис ӕртиссӕдз азы.
27Лӕппутӕ байрӕзтысты. Исав сси дӕсны цуанон, хӕтӕнты хӕтӕг. Иаков та уыд ӕвӕлмас лӕг, баззад-иу цатырты цур.
28Исаакы зӕрдӕ агуырдта сырды фыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уарз-та Исавы. Ревеккӕ та уарзта Иаковы.
29Иу хатт Иаков хъӕрмхуыпп куыд фыхта, афтӕ Исав та фӕлладӕй ӕрбацыди быдырӕй30ӕмӕ Иаковмӕ бахатыди: «Уыцы сырхӕй ма мын авӕр ӕмӕ бахӕрон, кӕннод сыдӕй фӕмӕлын». Исавы фӕстӕдӕр схуындӕуыди «Сырх», дзуттагау «Едом».31Фӕлӕ йын Иаков дзуапп радта: «Раздӕр уал мын дӕ хистӕрад рауӕй кӕн».32Исав ын афтӕ: «Мӕнӕ мӕлгӕ куы кӕнын, уӕд мӕ чердӕм хъӕуы уыцы хистӕрад?»33Иаков ын загъта: «Ард мын бахӕр ныртӕккӕ». Уый йын ард бахордта ӕмӕ Иаковӕн рауӕй кодта йӕ хистӕрад.34Иаков Исавӕн радта дзул ӕмӕ тъӕпӕн хъӕдуры хъӕрмхуыпп. Исав бахорд-та ӕмӕ банызта, стӕй сыстад ӕмӕ рацыди — йӕ хистӕрад мурмӕ дӕр не ’рдардта.
Исаакы ус Ревеккӕ ӕмӕ Авимелех
^Ханааны зӕххыл та скодта ӕххормаг рӕстӕг, уый размӕ Авраамы заманы куыд уыди, афтӕ, ӕмӕ Исаак араст и Герармӕ, филистимаг паддзах Авимелехмӕ.2Дунедарӕг ӕргом рацыд Исаакмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мысырмӕ ма ацу, фӕлӕ дын цы зӕхх бацамонон, уым ӕрбынат кӕн.3Ацӕр дзы.
25:26Иаковам нысан кӕны «зӕвӕтыл хӕцын». Фӕлӕ 27:36 ацы дзырд ӕмбарын кӕны куыд «фӕлитой». Ӕцӕгдзинадӕй та, ӕвӕццӕгӕн, фыц-цаг амыдта «Хуыцау бахъахъхъӕнӕд!»
Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цы сомы ракодтон, уый.4Дӕ байзӕддаг дын сбирӕ кӕндзынӕн арвы стъалытау ӕмӕ сын ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр. Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр,5Авраам Мӕм кӕй байхъуыста ӕмӕ Мын Мӕ ныстуан-тӕ — Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй».6Афтӕмӕй Исаак баззади Герары.
7Бынӕттон цӕрджытӕ Исаакы йӕ усӕй куы бафарстой, уӕд сын дзуапп радта: «Мӕ хо у». «Мӕ ус у» зӕгъын нӕ бауӕндыди, рӕсугъд у, ӕмӕ мӕ амардзысты, зӕгъгӕ.8Фӕлӕ уым дзӕвгар рӕстӕг куы ацарди, уӕд ӕй иу ахӕмы филистимаг паддзах Авимелех, рудзынгӕй кӕсгӕйӕ, федта Ревеккӕимӕ хъазгӕ.
9Исаакмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Уый дӕ ус куы у, уӕд цӕмӕн загътай, мӕ хо у, зӕгъгӕ?» Исаак ын дзуапп радта: «Уый тыххӕй мӕ куы амарой, уымӕй тарстӕн».10Авимелех ын загъта: «Уый нын цы бакуыстай? Чысыл ма, ӕмӕ мӕ адӕ-мӕй исчи дӕ усимӕ фӕрӕдыдаид, ӕмӕ дӕу аххосӕй азымаг фӕуыдаиккам».11Авимелех йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста: «Ацы лӕджы кӕнӕ йын йӕ усы чи бахъыгдара, уымӕн ӕнӕ амӕл-гӕ нӕй».
12Исаак уыцы зӕххыл байтыдта хор, ӕмӕ уыцы аз йӕ тыллӕг тугыл аскъуыди, цы байтыдта, уымӕй райста фондзыссӕдз ахӕмы. Афтӕ йын раарфӕ кодта Дунедарӕг.13Исаакы исбон кодта фылдӕрӕй-фылдӕр, ӕмӕ куыдфӕстӕмӕ сси тынг бон-джын лӕг.14Уыйас бирӕ систы йӕ лыстӕг фос ӕмӕ йе стурвос, стӕй йӕ цагъартӕ, ӕмӕ йӕм филистимӕгтӕ райдыдтой хӕлӕг кӕнын.15Уӕдмӕ филистимӕгтӕ фехӕлдтой ӕмӕ сыджытӕй байдзаг кодтой, Исаакы фыд Авраамы цагъартӕ йӕ рӕстӕ-джы кӕй скъахтой, ӕппӕт уыцы цъайтӕ.16Авимелех Исаакӕн загъта: «Ацу нӕ цурӕй, уымӕн ӕмӕ дзӕвгар стыхджындӕр дӕ махӕй».
17Исаак уырдыгӕй ацыди, Герары тӕрфы ӕрӕвӕрдта йӕ аса-дӕн ӕмӕ уым баззади.18Фӕстӕмӕ ссыгъдӕг кодта, йӕ фыд
Авраамы заманы кӕй скъахтой ӕмӕ уый фӕстӕ филистимӕг-тӕ кӕй фехӕлдтой, уыцы цъайтӕ. Ногӕй сӕ схуыдта, йӕ фыд сын кӕддӕр цы нӕмттӕ радта, уыдонӕй.
19Иу хатт Исаакы цагъартӕ, Герары тӕрфы къахгӕйӕ, ссардтой иу суадон.20Фӕлӕ герараг фыййӕуттӕ фӕбыцӕу сты Исаакы фыййӕуттимӕ, уый мах дон у, зӕгъгӕ. Загъд кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ Исаак уыцы суадон схуыдта Есехъ, ома «загъд».21Уӕд скъахтой ӕндӕр цъай, фӕлӕ уый дӕр расайдта быцӕу, уымӕ гӕсгӕ йӕ Исаак схуыдта Ситна, ома «фыдӕх».22Исаак ацыди дарддӕр ӕмӕ ма скъахта иу цъай, ӕмӕ уый тыххӕй быцӕу ничиуал кодта. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Исаак схуыдта Реховот, ома «парахат бынат». Загъта: «Ныр нын Дунедарӕг радта парахат бынат, ӕмӕ сбирӕ уыдзыстӕм зӕххыл».
23Уырдыгӕй Исаак ссыди Беер-Шевӕмӕ.24Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕнмӕ кувӕг Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддаг».25Исаак уым сарӕзта нывонд-хӕссӕн ӕмӕ ссардта Дунедарӕджы ном. Уыцы ран айтыгъта йӕ цатыр, ӕмӕ йӕ цагъартӕ райдыдтой цъай къахын.
26Иу ахӕмы Исаакмӕ Герарӕй ӕрбацыд Авимелех йӕ уынаф-фӕйы лӕг Ахуззат ӕмӕ йе ’фсады хицау Пихолимӕ.27Исаак сӕ бафарста: «Цы ма мӕм ӕрбацыдыстут, уе сӕфт мӕ куы федтат ӕмӕ мӕ уӕ цурӕй куы фӕсырдтат, уӕд?»28Уыдон ын загътой: «Мах бӕлвырд бафиппайдтам, Дунедарӕг дыл кӕй ауды, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтам: демӕ бафидауӕм ӕмӕ нӕ фидыд сфидар кӕнӕм иумӕйаг ардбахӕрдӕй.29Ард бахӕр, кӕй ницы фыдбылыз нын сараздзынӕ, уый тыххӕй. Мах дӕр дӕ куы нӕ бахъыгдардтам, хорзы дын куы бацыдыстӕм ӕрмӕстдӕр ӕмӕ дӕ фарнимӕ куы арвыстам! Дунедарӕгӕй арфӕгонд дӕ ныр».
30Уый фӕстӕ сын Исаак куывд скодта, ӕмӕ фӕминас код-той.31Райсомӕй раджы кӕрӕдзийӕн ард бахордтой, ӕмӕ сӕ Исаак фарнимӕ афӕндараст кодта.
32Уыцы бон Исаакмӕ ӕрбацыдысты йӕ цагъартӕ, цъайкъах-джытӕ, ӕмӕ йын, дон ссардтам, зӕгъгӕ, фехъусын кодтой.
33Исаак уыцы цъай схуыдта Шива, ома «ардбахӕрд». Сахар ныронг дӕр уымӕ гӕсгӕ хуыйны Беер-Шевӕ.
Иаков — Хуыцауы ӕвзӕрст
34Исавыл дыууиссӕдз азы куы сӕххӕст и, уӕд ӕрхаста хеттаг Беерийы чызг Йехудиты ӕмӕ хеттаг Елоны чызг Басе-маты.35Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр Исаак ӕмӕ Ревеккӕйӕн уыдысты масты хос.
#">^71Исаак базӕронд ис ӕмӕ йӕ цӕстырухс бамынӕг и.
Иу ахӕмы фӕдзырдта йӕ хистӕр фырт Исавмӕ: «Мӕ фырт!» Уый йын дзуапп радта: «Хъусын дӕм».2Исаак ын загъта: «Базӕронд дӕн ӕмӕ нӕ зонын, мӕ адзалы бон кӕд ралӕудзӕни, уый.3Гъемӕ-ма де ’рдын ӕмӕ дӕ фатдонимӕ цуаны ацу ӕмӕ мын быдырӕй исты ӕрбахӕсс.4Цы хӕрзад хӕринаг уарзын, уый мын сцӕттӕ кӕн, ӕз дзы бахӕрон ӕмӕ, цалынмӕ нӕма амардтӕн, уӕд мӕ дын арфӕ ракӕнон».
5Ревеккӕ фехъуыста, Исаак Исавӕн цы дзырдта, уый. Исав быдырмӕ цуаны куы ацыди,6уӕд Ревеккӕ Иаковӕн загъта: «Ӕз фехъуыстон, дӕ фыд де ’фсымӕр Исавӕн цы дзырдта, уый:
7„Сырды фыд ӕрбахӕсс ӕмӕ мын дзы хӕрзад хӕринаг скӕн, ӕз дзы бахӕрдзынӕн ӕмӕ, цалынмӕ нӕма амардтӕн, уӕдмӕ дын Дунедарӕджы раз раарфӕ кӕндзынӕн”.8Гъемӕ, мӕ хъӕ-бул, байхъус, цы дын фӕдзӕхсын, уымӕ.9Цу ӕмӕ мын фосы дзугӕй дыууӕ дзӕбӕх сӕныччы ӕрбахӕсс, сӕ дзидзайӕ сын дӕ фыдӕн хӕрзад хӕринаг акӕнон, куыд уарзы, афтӕ.10Ды йын ӕй бахӕсдзынӕ, ӕмӕ, куы бахӕра, уӕд дын йӕ мӕлӕты размӕ раарфӕ кӕндзӕн».11Иаков загъта йӕ мад Ревеккӕйӕн: «Куы йӕ зоныс, ме ’фсымӕр Исавы буар хъуынджын у, мӕнӕн та нӕу.12Мӕ фыд мӕ, мыййаг, уырзӕй куы ӕрысгара, уӕд зӕгъдзӕни, хынджылӕг мӕ кӕны, зӕгъгӕ, ӕмӕ уӕд арфӕ райсыны бӕсты ӕлгъыстаг фӕуыдзынӕн».13Йӕ мад ын загъта: «Уыцы ӕлгъыст мӕныл ӕфтыд фӕуӕд, мӕ хъӕбул, ӕрмӕст цу ӕмӕ ӕрбахӕсс, цы дын загътон, уый».
14Иаков ӕрбахаста дыууӕ сӕныччы, ӕмӕ Ревеккӕ скодта хӕрзад хӕринаг, Исаак куыд уарзта, афтӕ.15Уый фӕстӕ, хӕдзары йӕ хистӕр лӕппу Исавӕн цы райст-бавӕрд дарӕс уыди, уый скодта йӕ кӕстӕр лӕппу Иаковыл,16йӕ цӕнгтӕ ӕмӕ йын йӕ бӕрзӕйыл та ӕрбатыхта сӕныччыты цӕрмттӕ.
17Стӕй, цы хӕрзад хӕринаг сцӕттӕ кодта, уый дзулимӕ Иаковмӕ радта.
18Иаков бацыди йӕ фыдмӕ ӕмӕ йӕм бадзырдта: «Мӕ фыд!» Уый загъта: «Хъусын дӕм, мӕ хъӕбул. Кӕцы дӕ?»19Иаков дзуапп радта: «Исав дӕн, дӕ хистӕр фырт. Цы мын загътай, уый бакодтон. Рабад, дӕ хорзӕхӕй, ӕмӕ сырды фыдӕй саход, стӕй-иу мын саккаг кӕн дӕ арфӕ».20Исаак ӕй бафарста: «Цӕй тагъд ацуан кодтай уый, мӕ хъӕбул?» Фырт ын дзуапп радта: «Мӕ размӕ мын ӕй Дунедарӕг, Дӕ Хуыцау, рар выста».21Исаак Иаковӕн афтӕ: «Ӕри-ма, мӕ уырзӕй дӕ фенон, кӕддӕра ӕцӕг-дӕр Исав дӕ».22Иаков бацыди йӕ фыд Исаакмӕ, ӕмӕ йӕ уый ӕрысгӕрста ӕмӕ загъта: «Хъӕлӕс — Иаковы хъӕлӕс, къухтӕ та — Исавы къухтӕ».23Нӕ йӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ къухтӕ, йе ’фсымӕр Исавы къухтау, хъуынджын уыдысты. Фӕлӕ йын цалынмӕ арфӕ нӕма ракодта,24уӕдмӕ ма йӕ ноджыдӕр ба-фарста: «Ӕцӕгдӕр мӕ фырт Исав дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «О».25Исаак загъта: «Ӕри-ма, дӕ сырды фыдӕй дын бахӕрон, мӕ хъӕбул, стӕй дын раарфӕ кӕндзынӕн». Иаков ын радта, ӕмӕ уый бахордта. Ӕрбахаста йын сӕн дӕр, ӕмӕ банызта.
26Стӕй Исаак Иаковӕн загъта: «Рауай-ма ӕмӕ мын аба кӕн, мӕ фырт».27Уый бацыд ӕмӕ йын аба кодта. Исаак ын йӕ да-рӕсмӕ куы басмыста, уӕд ын раарфӕ код та: «Дунедарӕджы арфӕйӕ бӕзнаг цы хуым разынди, уыцы хуымы тӕф цӕуы дӕуӕй, мӕ фырт.28Гъемӕ дӕ Хуыцау арвы ’ртӕх ӕмӕ зӕххы сойӕ барӕвдауӕд! Дӕ хортӕ ӕмӕ дӕ сӕнӕн ныккӕнӕн дӕр куыд нӕ уа, уыцы хорзӕхӕй дӕ схайджын кӕнӕд!29Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕйӕ дӕр дӕ сбуц кӕнӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»
30Куыддӕр Исаак Иаковӕн раарфӕ кодта, куыддӕр Иаков йӕ фыд Исаакы цурӕй рацыд, афтӕ Исав дӕр ӕрбахӕццӕ и цуанӕй.31Уый дӕр скодта хӕрзад хӕринаг, йӕ фыдӕн ӕй бахаста ӕмӕ йын загъта: «Рабад, мӕ фыд, ӕмӕ саход сырды фыдӕй, стӕй мын-иу саккаг кӕн дӕ арфӕ».32Исаак ӕй бафар-ста: «Чи дӕ?» Уый дзуапп радта: «Ӕз дӕ хистӕр фырт Исав дӕн».33Исаак фыр адӕргӕй базыр-зыр кодта ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ де ’рбацыды хӕд размӕ цы сырды фыдӕй бахордтон, уый мын чи ӕрбахаста? Ӕз ын раарфӕ кодтон ӕмӕ йыл уы-цы арфӕ баззайдзӕн».34Исав йӕ фыды ныхас куы фехъуыста, уӕд тынг ныууынӕргъыдта. Бахатыд ӕм: «Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд!»35Уый йын загъта: «Де ’фсымӕр мӕм ӕрбацыд ӕмӕ, дӕуӕн цы арфӕ ракӕнинаг уыдтӕн, уый сайдӕй йӕхи бакодта».36Исав ын загъта: «Хуымӕтӕджы йӕ не схуыдтой Иаков — ныр мыл дыууӕ хатты рацыди хинӕй. Фыццаг мын мӕ хистӕрад байста, ныр та — мӕ арфӕ». Йӕ фыды ма ба-фарста: «Ау, мӕнӕн дӕм арфӕйы ныхас нал разындзӕн?»37Исаак ын дзуапп радта: «Иаковы дын скодтон ӕлдар, йе ’фсымӕртӕ — йӕ цагъартӕ, радтон ын хор ӕмӕ сӕн. Дӕу та ма цӕмӕй барӕвдауон, мӕ хъӕбул?»38Исав йӕ фыдӕн афтӕ: «Ау, иунӕг арфӕ йеддӕмӕ дӕм нӕй, мӕ фыд? Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд!» Ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдта.39Исаак ын загъта:
«Зӕххы сойӕ дӕуӕн нӕ уыдзӕн хай, уӕларвы ’ртӕх дын не ’фсаддзӕн дӕ хуымгӕнд.
40Дӕ карды фӕрцы дардзынӕ дӕхи ӕмӕ уыдзынӕ де ’фсымӕры цагъар.
Фӕлӕ уӕд иу бон сыстдзынӕ йӕ ныхмӕ — дӕ бӕрзӕйӕ куы раппардзынӕ йе ’фсондз».
41Исав фӕфыдӕх ис Иаковмӕ, йӕ фыд ын кӕй раарфӕ код-та, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Мӕ фыдыл кӕуӕн бонтӕ ӕрӕввахс сты, ӕмӕ уӕд амардзынӕн ме ’фсымӕр Иа-ковы».42Ревеккӕйӕн радзырдӕуыди йӕ хистӕр фырт Исавы фӕнд, ӕмӕ басидти йӕ кӕстӕр лӕппу Иаковмӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’фсымӕр дӕ марынмӕ хъавы,43ӕмӕ мӕм бай-хъус, мӕ хъӕбул. Ӕвӕстиатӕй алидз ме ’фсымӕр Лаванмӕ, Харранмӕ.44Иуцасдӕр ӕм ацӕр, цалынмӕ де ’фсымӕры маст ссӕуа, уӕдмӕ.45Йӕ маст куы ссӕуа де ’фсымӕрӕн, цы йын бакодтай, уый йӕ куы ферох уа, уӕд дӕм арвитдзынӕн ӕмӕ дӕ уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзынӕн. Цӕмӕн хъуамӕ фе-нӕхай уон уыцы иу бон уӕ дыууӕйӕ дӕр?»
46Ревеккӕ Исаакӕн загъта: «Мӕ цард мын ад нал кӕны нӕ хеттаг чындзыты аххосӕй. Иаков дӕр ма амы чызджытӕй, хеттӕгтӕй, куы ӕрхӕсса ус, мӕнӕ адоны хуызӕттӕй, уӕд ма мӕ цард цы у?»
1Исаак Иаковмӕ басидт, арфӕ йын ракодта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Ханаанаг чызджытӕй ма ракур ус.
2Фӕлтау ацу Паддан-Араммӕ, дӕ мады фыд Бетуелы хӕдзар-мӕ, ӕмӕ уым дӕ мадыфсымӕр Лаваны чызджытӕй искӕй ракур.3Ӕппӕтхъом Хуыцау дын арфӕгӕнӕг уӕд! Сбирӕ дын кӕнӕд дӕ байзӕддаг, рантысӕд дӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ!
4Хуыцау Авраамӕн куыд раарфӕ кодта, афтӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн дӕр раарфӕ кӕнӕд, цӕмӕй, Авраамӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта ӕмӕ ныр ды ӕрцӕуӕггагӕй кӕм цӕрыс, уый бауа дӕ исбон!»5Исаак Иаковы ауагъта, ӕмӕ уый араст и Паддан-Араммӕ, арамейаг Бетуелы фырт Лаванмӕ — Иаков ӕмӕ Исавы мад Ревеккӕйы ӕфсымӕрмӕ.
6Исав базыдта: Исаак Иаковӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ Паддан-Араммӕ ус курынмӕ арвыста. Арфӕ йын куы кодта, уӕд ын бафӕдзӕхста, ханаанаг чызджытӕй ма ракур ус, зӕгъгӕ.7Иаков байхъуыста йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ ӕмӕ араст и Паддан-Араммӕ.8Афтӕмӕй Исав бамбӕрста, ханаанаг чын-дзытӕ йӕ фыд Исаакы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, уый.9Уӕд фӕцыд Измаилмӕ ӕмӕ ма ӕрхаста иу ус — Авраамы фырт Измаилы чызг Махалаты, Невайоты хойы.
10Ныр Иаков та Беер-Шевӕйӕ араст и Харранмӕ.11Иу ранмӕ бахӕццӕ ис ӕмӕ уым бахсӕвиуат кодта, уымӕн ӕмӕ уӕдмӕ хур аныгуылди. Йӕ алыварс цы стыр дуртӕ уыди, уыдонӕй иу райста, йӕ нывӕрзӕн ӕй бакодта ӕмӕ уыцы ран бахуыссыди.
12Федта фын: зӕххыл лӕууы, йӕ кӕрон уӕларвыл кӕмӕн ӕмбӕ-лы, ахӕм асин, ӕмӕ йыл Хуыцауы зӕдтӕ уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ хизынц.13Дунедарӕг лӕууы аси ны сӕрыл ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.14Дӕ байзӕддаг сбирӕ уыдзысты зӕххы рыгау ӕмӕ афсӕрдзысты ныгуылӕнырдӕм ӕмӕ скӕсӕнырдӕм, цӕга-тырдӕм ӕмӕ хуссарырдӕм. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.15Рох дӕ ма уӕд, Ӕз демӕ дӕн. Кӕдӕмдӕриддӕр ацӕуай, уым дӕ бахъахъхъӕн-дзынӕн ӕмӕ дӕ ацы зӕхмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн. Нӕ дӕ ныууадздзынӕн: сӕххӕст кӕндзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, уый».
16Иаков райхъал ис ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг ацы ран ис, ӕнӕмӕнг, ӕз та йӕ нӕ зыдтон!»17Тынг фӕтарст ӕмӕ загъта: «Цы тасӕфтауӕг у ацы бынат! Цы у, уымӕй — Хуыцауы хӕдзар, арвы дуар».18Райсомӕй раджы Иаков райста, йӕ нывӕрзӕн цы дур бакодта, уый, цыртау ӕй хъен сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ цъуппыл зети ӕруагъта.19Ацы бынат схуыдта Бет-Ел, ома «Хуыцауы хӕдзар». Уымӕй размӕ та сахар хуынди Луз.
20Иаков расомы кодта: «Хуыцау мыл куы ауда, мӕ фӕндагыл мӕ куы хъахъхъӕна, къӕбӕр ӕмӕ дарӕсӕй мӕ цух куы нӕ уадза,21стӕй мӕ фыды уӕзӕгыл фарнимӕ куы сӕмбӕлон, уӕд Дунедарӕг уыдзӕни мӕ Хуыцау.22Табу йын кӕныны охыл цы дур ныссагътон, уый суыдзӕни Хуыцауы хӕдзар, ӕмӕ мын цыдӕриддӕр дӕттай, уымӕн Дын фӕстӕмӕ дӕтдзынӕн йӕ дӕсӕм хай».
Иаков — Лаваны ӕххуырст (29:1-30:43)
ОО1Иаков араст и дарддӕр ӕмӕ скӕсӕйнаг адӕмы бӕ-стӕмӕ бахӕццӕ ис.2Иу ран, быдыры, федта цъай, цъайы цур ривӕд кодтой ӕртӕ дзуджы. Дон-иу сын дардтой ам. Цъайы сӕрыл — стыр къӕй фӕлдӕхт,3ӕмӕ-иу фыстӕ уырдӕм куы ӕрбамбырд сты, уӕд-иу фыййӕуттӕ уыцы къӕй иуварс ассыдтой ӕмӕ-иу сын дон бадардтой, стӕй та-иу къӕй фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдтой.4Иаков фыййӕутты бафарста: «Кӕцӕй стут, ме ’фсымӕртӕ?» Дзуапп ын радтой: «Харранӕй».
5Иаков та сӕ бафарста: «Нахоры байзӕддаг Лаваны зонут?» Загътой: «Зонӕм ӕй».6Бафарста ма сӕ: «Дзӕбӕх-ӕнӕниз у?» Дзуапп та йын радтой: «Дзӕбӕх у. Уартӕ йӕ чызг Рахил фосимӕ ӕрбацӕуы».7Иаков сын загъта: «Изӕрмӕ ма бирӕ рӕстӕг и, фос ӕмбырд кӕныны афон нӕма у. Дон сын бада-рут ӕмӕ сӕ хизын мӕ аскъӕрут».8Фӕлӕ йын уыдон загътой: «Цалынмӕ дзугтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уой, уӕдмӕ нӕ бон нӕу. Стӕй цъайы сӕрӕй къӕй ассондзыстӕм ӕмӕ фыстӕн дон бадардзыстӕм».
9Иаков ма семӕ куыд ныхас кодта, афтӕ йӕ фыды фысвосимӕ ӕрбахӕццӕ и Рахил дӕр — уый сӕ хызта.10Иаков йӕ мады-фсымӕр Лаваны чызджы куы ауыдта фыстимӕ, уӕд цъаймӕ бауад, къӕй йын йӕ сӕрӕй ассыдта ӕмӕ Лаваны фосӕн дон бадардта.11Уый фӕстӕ Иаков Рахилӕн аба кодта ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыд та.12Стӕй йын загъта, дӕ фыды хион дӕн, зӕгъгӕ, Ревеккӕйы лӕппу. Чызг азгъордта ӕмӕ хабар йӕ фыдӕн фе-хъусын кодта.13Лаваны хъустыл йӕ хойы лӕппу Иаковы кой куы ӕрцыди, уӕд разгъордта йӕ размӕ, ахъӕбыс, аба йын кодта ӕмӕ йӕ сӕхимӕ бахуыдта. Иаков радзырдта йӕ хабӕрт-тӕ иууылдӕр,14ӕмӕ йын Лаван загъта: «Ды мӕ туг, ме стӕг куы дӕ ӕцӕгдӕр!»
Иаков Лаванмӕ иу мӕй куы ацарди,15уӕд ын Лаван афтӕ: «Хион мын дӕ, зӕгъгӕ, уӕд мын лӕвар хъуамӕ кусай? Цас мызд дӕ хъӕуы, уый мын зӕгъ!»16Ныр Лаванӕн та уыди дыууӕ чызджы, хистӕр — Леа, кӕстӕр та — Рахил.17Леайы зӕрдӕмӕдзӕугӕ ничи рахуыдтаид, Рахилмӕ та фыр рӕсугъдӕй бакӕсӕнтӕ нӕ уыд.18Иаков бауарзта Рахилы ӕмӕ Лаванӕн загъта: «Дӕ кӕстӕр чызг Рахилы тыххӕй дӕм бакусдзынӕн авд азы».19Лаван ын загъта: «Ӕндӕр искӕмӕн раттыны бӕсты йӕ дӕуӕн ратдзынӕн. Ам баззай».
20Иаков Рахилы тыххӕй бакуыста авд азы, ӕмӕ йӕм фӕка-стысты къорд боны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Рахилы уарзгӕ кодта.
21Уӕд Иаков Лаванӕн загъта: «Гъеныр мын ратт мӕ усы — ме ’мгъуыды бон ралӕууыд, ӕмӕ йӕ куы ракурин, уый мӕ фӕнды».
22Лаван ӕрхуыдта ӕппӕт сыхбӕсты дӕр ӕмӕ куывд скодта.
23Ӕцӕг, ӕхсӕвы Иаковмӕ бакодта йӕ чызг Леайы, ӕмӕ уый йемӕ ӕмуат ӕрцыди.24Йӕ чызг Леайӕн лӕггад кӕнынӕн Ла-ван радта йӕ унӕут Зилпайы.25Райсомӕй Иаков кӕсы — ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ фарсмӕ Леа! Лаванӕн бауайдзӕф кодта: «Уый мын цы бакуыстай? Ӕз дӕм Рахилы тыххӕй куы фӕфыдӕбон кодтон! Цӕмӕн мӕ афӕлывтай?»26Лаван ын загъта: «Махмӕ афтӕ нӕ фӕкӕнынц, кӕстӕр чызджы хистӕры разӕй моймӕ нӕ фӕдӕттынц.27Аимӕ уал уӕ чындзӕхсӕвы къуыри ахицӕн уӕд, стӕй дын иннӕйы дӕр ратдзыстӕм, ӕрмӕст мӕм уый тыххӕй дӕр авд азы бакус».28Иаков сразы ис, ӕмӕ чындзӕ-хсӕвы къуыри куы ахицӕн и, уӕд ын Лаван радта йӕ чызг Рахилы.29Лаван йӕ чызг Рахилӕн лӕггад кӕнынӕн радта йӕ унӕут Билхайы.30Афтӕмӕй Иаков ӕмуат ӕрцыди Рахилимӕ дӕр ӕмӕ йӕ фылдӕр уарзта Леайӕ. Лаванмӕ ма бакуыста ноджыдӕр авд азы.
Иаковы фырттӕ ӕмӕ йӕ чызг
31Дунедарӕг федта, Иаковӕн Леа ӕнад кӕй у, уый ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд, Рахил та разынд ӕнӕзӕнӕг.32Леа бан-хъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Сӕвӕрдта йыл ном Рувим, ома «федта мын мӕ маст», уымӕн ӕмӕ, дам, мын Дунедарӕг федта мӕ маст. Загъта, ныр мӕ, ӕнӕмӕнг, бауарздзӕни мӕ мой, зӕгъгӕ.33Банхъӕлцау та ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Загъ-та: «Дунедарӕг федта, мӕ мойӕн ӕнад кӕй дӕн, уый ӕмӕ ма мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Сӕвӕрдта йыл ном Симеон, ома «фехъуыста».34Банхъӕлцау ис ӕмӕ та ныййардта лӕппу. Загъта: «Ацы хатт мӕ мой ӕрӕмуд уыдзӕни мемӕ, уымӕн ӕмӕ йын ӕртӕ фырты ныййардтон». Уымӕ гӕсгӕ йыл ӕвӕрд ӕрцы-ди ном Леви, ома «ӕрӕмуд уыдзӕни».35Ногӕй та банхъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Загъта: «Ныр стаудзынӕн Дунеда-рӕджы!» Уымӕ гӕсгӕ йыл сӕвӕрдта ном Иудӕ, ома «стауын». Уый фӕстӕ Леайӕн дзӕвгар рӕстӕг цот нал рацыди.
<31Рахилӕн Иаковӕй цот кӕй нӕ цыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ хомӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта. Иу ахӕмы йӕ мойӕн загъта: «Ратт мын зӕнӕджы амонд, кӕннод амӕлдзынӕн!»
2Иаков рамӕсты и Рахилмӕ: «Дӕуӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Уый дын Хуыцау нӕ дӕтты цот».3Ууыл ын Рахил загъта: «Мӕнӕ мӕ унӕут Билхамӕ бацу, ӕмӕ мын мӕ хъӕбысмӕ ныййарӕд, ӕмӕ уӕд уый фӕрцы ӕз дӕр схӕдзар уыдзынӕн».4Рахил йӕ унӕут Билхайы йӕ мойӕн номылусӕн радта, ӕмӕ Иаков ӕмуат ӕрцыди йемӕ.5Билха банхъӕлцау ис ӕмӕ Иаковӕн ныййардта фырт.6Рахил загъта: «Хуыцау мын Йӕ тӕрхон ра-хаста — мӕ лӕгъстӕ мын фехъуыста ӕмӕ мын лӕппу радта». Уымӕ гӕсгӕ йыл Рахил сӕвӕрдта ном Дан, ома «тӕрхон раха-ста».7Рахилы унӕут Билха та банхъӕлцау ис ӕмӕ Иаковӕн ныййардта дыккаг фырт.8Рахил загъта: «Хуыцауы ӕххуысӕй стох кодтон мӕ хоимӕ ӕмӕ йыл фӕтых дӕн». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Неффалим, ома «тох».
9Леа федта: зӕнӕг ын нал цӕуы, ӕмӕ йӕ унӕут Зилпайы Иаковӕн номылусӕн радта.10Леайы унӕут Зилпа Иаковӕн ныййардта фырт.11Леа загъта: «Бантысти мын!» Ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Гад, ома «ӕнтыст».12Леайы унӕут Зилпа ма Иаковӕн ныййардта ноджыдӕр иу фырт.13Леа загъта: «Фӕ-нывджын дӕн! Сылгоймӕгтӕ мӕ схондзысты нывджын». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Асир, ома «нывджын».
14Иу ахӕмы, мӕнӕугӕрдӕнты, Рувим ацыди быдырмӕ, уым ссардта монцхъалгӕнӕн дыргътӕ ӕмӕ сӕ ӕрбахаста йӕ мад Леайӕн. Рахил бахатыди Леамӕ: «Ратт-ма мын, дӕ лӕппу кӕй ӕрбахаста, уыцы дыргътӕй».15Фӕлӕ йын Леа афтӕ: «Мӕ мойы мын байстай, уый дын ӕгъгъӕд нӕу, ӕмӕ ма уыцы дыргътӕ дӕр дӕхирдыгӕй фӕкӕнинаг дӕ?» Рахил ын загъта: «Омӕ-иу ацы дыргъты ныхмӕ демӕ фӕуӕд ахсӕв».16Иаков изӕры быдырӕй куы ӕрбацыди, уӕд Леа йӕ размӕ рауад ӕмӕ йын загъта: «Мӕнмӕ рацу. Мӕ лӕппу цы дыргътӕ ссардта, уы-донӕй дӕ балхӕдтон». Ӕмӕ Иаков уыцы ӕхсӕв йемӕ фӕци.17Хуыцау Леайы лӕгъстӕ фехъуыста, ӕмӕ уый банхъӕлцау ис ӕмӕ Иаковӕн ныййардта фӕндзӕм фырт.18Загъта: «Мӕ унӕуты мӕ мойӕн кӕй радтон, уый сӕрмӕ мын Хуыцау саккаг кодта хӕрзиуӕг». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Иссахар, ома «хӕрзиуӕг» кӕнӕ «ӕлхӕнын».19Леа та банхъӕлцау ис ӕмӕ Иаковӕн ныййардта ӕхсӕзӕм фырт.20Загъта: «Диссаджы лӕ-вар мын ракодта Хуыцау. Ныр мӕ уарздзӕни мӕ мой, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсӕз фырты ныййардтон». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Завулон, ома «лӕвар».21Уый фӕстӕ ма Леа ныййардта чызг ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Динӕ.
22Ӕппынфӕстагмӕ Хуыцау ӕрхъуыды кодта Рахилы дӕр, йӕ лӕгъстӕ йын фехъуыста ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд.
23Рахил банхъӕлцау ис, лӕппу ныййардта ӕмӕ загъта: «Мӕ худинагӕй мӕ фервӕзын кодта Хуыцау».24Сабийыл сӕвӕрдта ном Иосиф ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг ма мын раттӕд дыккаг лӕппу дӕр!»
Лаван ӕмӕ Иаковы быцӕутӕ
25Рахил Иосифы куы ныййардта, уый фӕстӕ Иаков Лаванӕн загъта: «Ауадз мӕ гъеныр, ӕмӕ нӕхимӕ, мӕ райгуырӕн бӕстӕм, ацӕуон.26Ратт мын, кӕй тыххӕй дӕм фӕкуыстон, мӕ уыцы устыты ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты, ӕмӕ аздӕхон. Куы йӕ зоныс, цас дын фӕкуыстон, уый».27Лаван ын афтӕ: «Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд дӕ курын, ӕмӕ баззай! Дӕсныфӕрсгӕйӕ мын раргом и, Дунедарӕг мӕнӕн дӕ сӕраппонд кӕй раарфӕ кодта, уый».28Ноджы ма бафарста: «Бӕлвырд мын зӕгъ — цас мызд дын раттон?»29Иаков ын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зоныс, мӕ фӕллойы руаджы дӕ фос куыд сбирӕ сты, уый.
30Мӕ размӕ дӕм чысыл йеддӕмӕ нӕ уыди, ныр дын зӕххыл нал цӕуынц. Дунедарӕг дын ме ’рбацыдимӕ арфӕ ракодта. Фӕлӕ ныр мӕхи хӕдзарӕн та кӕд райдайон кусын?»31Лаван ӕй бафарста: «Уӕддӕр ма зӕгъ, цы дын раттон?» Иаков ын афтӕ: «Мацы мын ратт. Фӕлӕ мын иу хъуыддаг куы саразай, уӕд дын дарддӕр дӕр хиздзынӕн ӕмӕ хъахъхъӕндзынӕн дӕ фос.32Цӕй ӕмӕ абон иумӕ дӕ фосы дзугтыл ӕрзилӕм ӕмӕ фосӕй фӕхицӕн кӕнӕм хъулӕттӕ ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл уа, уыцы зӕйц, сӕгътӕй дӕр — хъулӕтты ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл уа, уыдоны. Мӕ фидӕны мызд дӕр ахӕм фос уыдзысты.33Мӕ цӕсгом дӕ разы сыгъдӕг кӕй у, уый базондзынӕ, мыздӕн цы фос райсон, уый фенынмӕ куы ӕрбацӕуай, уӕд. Тӕппытимӕ ӕмӕ хъулон цы сӕгътӕ нӕ уой, стӕй сау цы фыс нӕ уа, ахӕм-тӕ мӕм разынди, зӕгъгӕ, уӕд-иу мын сӕ давдыл банымай».
34Лаван ын загъта: «Хорз. Ды куыд зӕгъыс, афтӕ уӕд».
35Тӕккӕ уыцы бон Лаван фӕхицӕн кодта гӕрӕм ӕмӕ, тӕп-пытӕ кӕуыл уыди, уыцы цӕуты, стӕй хъулон ӕмӕ, тӕппытӕ
30:24Иосифрагон дзуттаг ӕвзагыл амоны «бафтауӕд, ноджыдӕр раттӕд».
кӕуыл уыди, уыцы сӕгъты, — урс тӕппытӕ кӕуыл уыди, уы-доны се ’ппӕты дӕр; фыстӕй та фӕхицӕн кодта сауты. Йӕ фыртты бар сӕ бакодта36ӕмӕ семӕ ӕртӕ бонцауы адард ис Иаковӕй. Ныр Иаков та хызта, Лаваны лыстӕг фосӕй ма йӕм цы баззади, уыдон.
37Иаков райста гӕдыбӕласы, миндал-ӕхсӕры ӕмӕ тӕрсы хуылыдз уистӕ, сӕ цъарӕй сын ӕхсӕнмӕ-хсӕнты уадздзӕг-тӕ растыгъта, урс куыд адарой, афтӕ38ӕмӕ-иу уыцы гӕрӕм уистӕ ӕрӕвӕрдта доны тӕгӕнаты, фосӕн сӕ тӕк кӕ мукъуты бын. Уыдон-иу дон нуазынмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу уым тӕрӕн кодтой.39Сӕгътӕ-иу схъазыдысты, уистӕ сӕ цӕстыты раз, афтӕмӕй, ӕмӕ-иу цы сӕныччытӕ ныззадысты, уыдон рауадысты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытимӕ.40Фысты та-иу сӕ хъазыны афон ӕрлӕууын кодта хицӕнӕй, се ’ргом Лаваны гӕрӕм ӕмӕ сау фосы ’рдӕм, афтӕмӕй. Уыйадыл Иаков-мӕ фӕзынди йӕхи фосы дзугтӕ, ӕмӕ сӕ Лаваны урс дзугтӕй дардта иппӕрдӕй.41Фидар фос-иу куы кодтой тӕрӕн, уӕд-иу сын алкӕддӕр сӕ разы тӕгӕнаты уистӕ ӕрӕвӕрдта, цӕмӕй уыцы уисты цур схъазой.42Цола фос куы кодтой тӕрӕн, уӕд уыдонӕн та не ’вӕрдта. Ӕмӕ-иу цола фос баисты Лаваны, фидар фос та Иаковы.43Иаков сси ӕвӕджиауы бонджын лӕг. Уыди йӕм тынг бирӕ фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ, сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.
<3"11Иаковы хъустыл ӕрцыдысты Лаваны фыртты ныхӕстӕ, X Иаков, дам, нын нӕ фыды исбон иууылдӕр йӕхирды-гӕй фӕкодта. Утӕппӕт мулк, дам, нӕ фыдӕй ратыдта.2Ӕмӕ Иаков Лаваны куы федта, уӕд бафиппайдта, раздӕры цӕстӕй йӕм нал кӕсы, уый.
3Дунедарӕг Иаковӕн загъта: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ, дӕ хионтӕм. Ӕз уыдзынӕн демӕ».4Иаков арвыста Рахил ӕмӕ Леамӕ, цӕмӕй рацӕуой быдырмӕ, йӕ фосы дзугтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм,5ӕмӕ сын загъта: «Уӕ фыды уын федтон ӕмӕ бафиппайдтон, раздӕрау мӕм хорз цӕстӕй нал кӕсы, уый. Фӕлӕ мыл мӕ фыды Хуыцау ауды.6Уӕхӕдӕг ӕй зонут: уӕ фыдӕн куыстон, мӕхиуыл нӕ ауӕрдгӕйӕ,7уый та-иу мӕ афӕлывта, иу дӕс хатты мын аивта мӕ мызд дӕр. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр Хуыцау нӕ бауагъта мӕнӕн фыдбылыз ракӕнын.
8Лаван мын афтӕ куы загъта, тӕппытимӕ цы фос фӕзына, уый уыдзӕни дӕ мызд, зӕгъгӕ, уӕд ӕппӕт фос дӕр фӕзын-ди тӕппытимӕ. Гӕрӕм фос уыдзӕни дӕ мызд, зӕгъгӕ, мын куы загъта, уӕд та фосы зӕйц иууылдӕр разындысты гӕрӕм.
9Афтӕмӕй Хуыцау уӕ фыды фос байста ӕмӕ сӕ мӕнӕн радта.
10Иу ахӕмы, фос куы фӕхъазынц, уыцы заман федтон ахӕм фын: сӕгътыл цы цӕутӕ схызти, уыдон уыдысты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытимӕ.11Хуыцауы зӕд мӕм фыны басидт: „Иаков!” Ӕз ын дзуапп радтон: „Хъусын дӕм”.12Уый загъта: „Акӕс-ма, сӕгътыл цы цӕутӕ схызти, уыдон сты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытимӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз федтон, Лаван дын цыдӕриддӕр аразы, уыдӕттӕ.13Ӕз Бет-Елы Хуыцау дӕн, табуйаг дуры цъуппыл зети ӕруадзгӕйӕ Мын сомы кӕм ра-кодтай, уыцы Бет-Елы Хуыцау. Ныр ӕвӕстиатӕй рацу ацы зӕххӕй ӕмӕ аздӕх дӕ райгуырӕн бӕстӕм”».
14Рахил ӕмӕ Леа Иаковӕн загътой: «Нӕ фыды хӕдзары ма нӕм исты хай, исты мулк ӕрхаудзӕни, мыййаг?15Ӕцӕгӕлӕттыл нӕ куы нымайы! Ауӕй нӕ кодта ӕмӕ нын нӕ аргъ йӕхӕдӕг бахордта.16Хуыцау нӕ фыдӕй цы исбон райста, уый ай-гъай мах ӕмӕ нӕ цоты у. Гъемӕ дын Хуыцау куыд загъта, афтӕ кӕн».
17Иаков йӕ бинонты теуатыл сбадын кодта,18сӕргъӕвта йе ’ппӕт мулк, ахъӕр кодта, Паддан-Арамы кӕй самал кодта, йӕ уыцы фосыл ӕмӕ араст ис йӕ фыд Исаакмӕ, Ханааны зӕхмӕ.
19Уыцы заман Лаван ацыд йӕ фыстӕ ӕлвынынмӕ, ӕмӕ Рахил радавта йӕ фыды хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ.20Иаков дӕр хи-нӕй рацыд арамейаг Лаваныл — ницы йын загъта,21афтӕмӕй сусӕгӕй алыгъд йе ’ппӕт исбонимӕ. Евфраты доныл ахызт ӕмӕ йӕ ных сарӕзта Галаады хӕхтӕм.
22Ӕртыккаг бон Лаванмӕ фӕхабар чындӕуыд, Иаков алыгъди, зӕгъгӕ.23Уӕд Лаван йӕ хионты йемӕ ракодта, ӕмӕ Иаковы фӕдыл афӕдис кодтой. Авд боны фӕстӕ йӕ баййӕфтой Га-лаады хӕхты.24Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв арамейаг Лаванмӕ йӕ фыны Хуыцау ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Иаковмӕ мацы сдзур!»25Лаван Иаковы куы баййӕфта, уӕдмӕ уый Галаады хӕхбӕсты айтыгъта йӕ цатыр. Лаван дӕр йӕ хионтимӕ ӕрасадӕн кодта уыцы хӕхбӕсты.
26Лаван Иаковы бафарста: «Уый цы бакуыстай? Хинӕй мыл цӕмӕн рацыдтӕ? Мӕ чызджыты мын дӕ разӕй, хӕсты за-ман уацайраг чызджыты куыд фӕтӕрынц, афтӕ ратардтай!
27Сусӕгӕй цӕмӕн алыгътӕ, куыд мӕ афӕлывтай? Куыд ницы мын загътай? Ӕз дӕ афӕндараст кодтаин хъӕлдзӕг зарджы-тимӕ, далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ.28Мӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ мын мӕ чызджытӕн аба кӕ ныны фадат дӕр куы нал рад тай. Ӕнӕрхъуыды ми бакодтай ды.29Уыцы хъару мӕм ис, ӕмӕ уӕ бафхӕрон, фӕлӕ мын дысон уӕ фыды Хуыцау ныффӕдзӕхста, Иаковмӕ мацы сдзур, зӕгъгӕ.30Дӕ фыды уӕзӕгыл ӕрхъӕцмӕ нал хъӕцыдтӕ ӕмӕ рафардӕг дӕ, уый, зӕгъӕм, фӕуӕд аф тӕ, фӕлӕ мын мӕ хуыцӕутты та цӕмӕн радавтай?»31Иаков ын дзуапп радта: «Ӕз тарстӕн, дӕ чызджы-ты мын фӕстӕмӕ куы байсай, уымӕй.32Ӕцӕг, дӕ хуыцӕутты кӕмӕ ссарай, уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕни! Хиуӕттӕ ӕвди-сӕн фӕуӕнт: цыдӕриддӕр мӕм ис, уымӕ ӕркӕс ӕмӕ дӕхион фӕстӕмӕ райс!» Иаков нӕ зыдта, хуыцаугӕндтӕ Рахил кӕй радавта, уый.
33Лаван баджигул кодта Иаковы цатыры, Леайы цатыры ӕмӕ дыууӕ унӕуты цатыры, фӕлӕ ницы ссардта. Леайы цатырӕй куы рацыди, уӕд Рахилы цатырмӕ бахызти.34Уӕдмӕ Рахил хуыцаугӕндтӕ райста, теуайы саргъыл цы хордзен ӕфтыд уыди, уым сӕ нывӕрдта ӕмӕ йыл ӕрбадти. Лаван ын басгӕр-ста йӕ цатыры ӕппӕт къуымтӕ, фӕлӕ ницы ссардта.35Рахил йӕ фыдӕн афтӕ: «Курын дӕ, мӕ фыд, ма мӕм фӕхӕрам у, мӕ бон дын сыстын кӕй нӕу, уый тыххӕй: ныртӕккӕ сылгой-маджы низӕй тыхсын». Афтӕмӕй, Лаван йӕ хуыцаугӕндтӕ фӕцагуырдта, фӕлӕ сӕ не ссардта.
36Иаков рамӕсты ис ӕмӕ Лаванӕн уайдзӕфтыл схӕцыди: «Уӕддӕр цы у мӕ фыдракӕнд, цавӕр тӕригъӕды бацыдтӕн, цӕмӕй гурӕй-гурмӕ мӕ фӕдыл зилай?37Ме ’ппӕт дзауматӕ дӕр мын басгӕрстай — ӕмӕ мӕм дӕхионӕй цы ссардтай? Ӕрӕвӕр-ма сӕ ам мӕ хиуӕтты раз, ӕмӕ нӕ дыууӕйӕн тӕрхон-гӕнӕг фӕуӕнт!38Ссӕдз азы дӕм фӕдӕн, ӕмӕ дӕ фыстӕ дӕр, дӕ сӕгътӕ дӕр никуы фефтыдтой. Дӕ дзуджы тохъхъылтӕй, мӕхи куы бафсадин, зӕгъгӕ, ни куы аргӕвстон.39Дӕ фосӕй дын тугдзых сырд аргӕвста, зӕгъгӕ, уӕд-иу дӕм ӕй нӕ ба-хастон, фӕлӕ-иу дын йӕ аргъ мӕхӕдӕг бафыстон. Боныгон ӕрцыдаид уыцы зиан ӕви ӕхсӕв — агуырдтай йӕ мӕнӕй.40Бон-иу ӕнтӕфӕй тыхстӕн, ӕхсӕв — уазалӕй, ӕмӕ-иу мӕ хуыссӕг фӕлыгъди.41Гъе афтӕмӕй ссӕдз азы арвыстон дӕ хӕдзары. Дӕ дыууӕ чызджы тыххӕй дын фӕкуыстон цыппӕр-дӕс азы, фосы тыххӕй та — ӕхсӕз. Мӕ мызд дӕр мын аивтай иу дӕс хатты.42Мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау, Исаак Кӕмӕй тӕрсы, уыцы Хуыцау мемӕ куы нӕ уыдаид, уӕд мӕ ныридӕ-гӕн ӕнӕ ницӕмӕй рарвыстаис. Фӕлӕ мын Хуыцау федта ме ’фхӕрд ӕмӕ мӕ хъиамӕт ӕмӕ дысон мӕ сӕрыл рахӕцыди».
43Лаван Иаковӕн загъта: «Мӕнӕ — мӕ чызджытӕ, мӕнӕ — мӕ зӕнӕджы зӕнӕг, мӕнӕ — мӕ фос. Ам цыдӕриддӕр уыныс, уыдон мӕн сты. Фӕлӕ ма ныр цы ракӕнын у мӕ бон мӕ чызджытӕн кӕнӕ, кӕй ныййардтой, уыцы сывӕллӕттӕн?44Цӕй ӕмӕ бафидауӕм, ӕмӕ нӕ фидыд исты нысанӕй сфи-дар кӕнӕм!»
45Уыйадыл Иаков иу стыр дур хъен сӕвӕрдта, табу йын кӕ-ныны охыл,46ӕмӕ йӕ хиуӕттӕн загъта: «Ӕрӕмбырд кӕнут дуртӕ». Уыдон дурцӕнд самадтой ӕмӕ цӕнды цур минасыл ӕрбадтысты.47Лаван уыцы цӕнд схуыдта Йегар-Сахадута, Иаков та — Гал-Ед.48Лаван загъта: «Абон ацы дурцӕнд нӕ фидыдӕн — ӕвдисӕн». Уымӕ гӕсгӕ йӕ схуыдтой Гал-Ед, ома «ӕвдисӕны цӕнд»,49стӕй — Мицпа, ома «фӕлгӕсӕн мӕсыг», уымӕн ӕмӕ ма Лаван йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ду-недарӕг Йӕ цӕст дарӕд нӕ дыууӕмӕ дӕр, кӕрӕдзийы куы нал уынӕм, уӕд.50Мӕ чызджыты мын куы ӕфхӕрай кӕнӕ ма ӕндӕр устытӕ куы ӕрхӕссай, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар: ам нӕ цуры ӕвдисӕны номыл иу адӕймаг дӕр нӕй — Хуыцау у нӕ дыууӕйӕн ӕвдисӕн!»
51Лаван ма Иаковӕн ноджыдӕр загъта: «Дӕ зӕрдыл дар! Мӕнӕ — дурцӕнд, мӕнӕ уый та — табуйаг дур нӕ дыууӕйы ӕхсӕн.52Ацы дурцӕнд ӕмӕ ацы табуйаг дур уыдзысты ӕв-дисӕн, фыдвӕндимӕ дӕм кӕй нӕ бацӕудзынӕн сӕ фаллаг фарсмӕ, ды дӕр мӕм фыдвӕндимӕ кӕй не ’рбацӕудзынӕ сӕ ардыггаг фарсмӕ.53Тӕрхонгӕнӕг нын фӕуӕнт Авраамы Хуыцау ӕмӕ Нахоры хуыцау». Ӕмӕ Иаков ард бахордта йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕй.54Стӕй Иаков уым, хохыл, кусарт акод-та ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕм фӕдзырдта. Фӕминас кодтой ӕмӕ уыцы ӕхсӕв уым баззадысты.
Иаков ӕмӕ Исав куыд бафидыдтой
О О1Райсомӕй раджы Лаван йӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ йӕ «3^1 чызджытӕн фӕбатӕ кодта, раарфӕ сын кодта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхтис.
2Иаков дарддӕр араст ис йӕ фӕндагыл, ӕмӕ йыл амбӕлды-сты Хуыцауы зӕдтӕ.3Куы сӕ федта, уӕд загъта: «Ай у Хуыцауы асадӕн». Ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Маханаим.
4Иаков йӕ разӕй йе ’фсымӕр Исавмӕ арвыста минӕвӕрттӕ Сеиры зӕхмӕ, Едомы бӕстӕм.5Бафӕдзӕхста сын: «Исавӕн-иу зӕгъут, дӕ хӕрзтӕм бӕллӕг Иаков афтӕ зӕгъы: „Ӕз ныронг цардтӕн ӕцӕгӕлон зӕххыл, Лаванмӕ.6Ныр мӕм ис галтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, лыстӕг фос, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ. Хъусын ын кӕнын ацы хабар ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын, йӕ хӕлардзинад мын ма банымайӕд ӕвгъауыл!”»
7Минӕвӕрттӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Иаковӕн загътой: «Де ’фсымӕр Исавмӕ дын бахӕццӕ стӕм, ӕмӕ, йе-мӕ цыппарсӕдӕ лӕджы, афтӕмӕй дӕ размӕ рацӕуы».8Тынг фӕтарст Иаков. Йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта, ӕмӕ йӕ адӕмы, йӕ лыстӕг фос, йе стурвос ӕмӕ йӕ теуаты адих кодта дыууӕ асадӕныл.9Загъта: «Исав йӕхи иу асадӕныл куы ныццӕва ӕмӕ йӕ куы ныддӕрӕн кӕна, уӕддӕр, иннӕ асадӕны чи уа, уыдон алидздзысты ӕмӕ фервӕздзысты».
10Иаков скуывта: «О мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исаакы Хуыцау! О Дунедарӕг, афтӕ мын Чи загъта, аздӕх дӕхи бӕстӕм, дӕ хионтӕм, ӕмӕ дыл ауддзынӕн, зӕгъгӕ!
11Ӕдзух мын цы хӕрзты цыдтӕ ӕмӕ Дӕ дзырд куыд ӕххӕст кодтай, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Кӕддӕр айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн Иорданы фалемӕ, ныр мӕ фӕллой у дыууӕ асадӕны фаг.12Гъемӕ мӕ ме ’фсымӕр Исавы фыдӕхӕй бахиз! Тӕрсын, куы ӕрбацӕуа ӕмӕ куы амара мӕн дӕр ӕмӕ мӕ цоты дӕр сӕ мадӕлтимӕ.13Зӕрдӕ мын куы бавӕрдтай, ауддзынӕн дыл ӕмӕ дын денджызы змисау сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддаг, зӕгъгӕ».
14Иаков уым бахсӕвиуат кодта, стӕй йе ’ппӕт дзугтӕй йе ’фсымӕр Исавӕн лӕвары хай рахицӕн кодта15дыууӕсӕдӕ сӕ-гъы, ссӕдз цӕуы, ды ууӕсӕдӕ фысы, ссӕдз фыры,16дӕс ӕмӕ ссӕдз дуцгӕ теуайы ӕд лӕппынтӕ, дыууиссӕдз хъуджы, дӕс галы, ссӕдз сыл хӕрӕджы, дӕс нӕл къӕлӕуы.17Йӕ цагъарты бар сӕ бакодта, алы дзугӕн дӕр — хицӕн скъӕрӕг, ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Цӕугӕут мӕ разӕй, уӕ кӕрӕдзийӕ дӕрддзӕф-гомау».18Фыццаг цагъарӕн загъта: «Ме ’фсымӕр Исав дыл куы амбӕла, уӕд дӕ фӕр сдзӕни, кӕй цагъар дӕ, кӕдӕм цӕуыс ӕмӕ кӕй фос тӕрыс дӕ разӕй, зӕгъгӕ.19Дзуапп ын-иу ратт: „Адон дӕ хӕрзтӕм бӕллӕг Иаковы фос сты, Исавӕн сӕ рар-выста лӕварӕн. Йӕхӕдӕг дӕр нӕ фӕстӕ рацӕуы”».20Иаков бафӕдзӕхста дыккаг цагъарӕн, ӕртыккагӕн ӕмӕ, фосы фӕ-дыл чи цыди, уыцы цагъартӕн се ’ппӕтӕн дӕр: «Сымах дӕр-иу афтӕ зӕгъут Исавӕн, куы йыл амбӕлат, уӕд.21Уӕ ныхасыл ма-иу ӕнӕмӕнг бафтаут: „Дӕ хӕрзтӕм бӕллӕг Иаков йӕхӕ-дӕг дӕр нӕ фӕстӕ рацӕуы”». Афтӕ хъуыды кодта: «Йӕ зӕрдӕ йын балхӕнон, мӕ разӕй цы лӕвӕрттӕ фӕцӕуы, уыдонӕй, ӕмӕ йӕм мӕхи куы равдисон, уӕд мын, чи зоны, ныббара».
22Афтӕмӕй Иаков йӕ лӕвӕрттӕ разӕй арвыста, йӕхӕдӕг та ӕхсӕвы асадӕны баззади.
23Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Иаков сыстади, сыстын кодта йӕ дыу-уӕ усы ӕмӕ сӕ унӕутты, йӕ иуӕндӕс фырты ӕмӕ доны тӕнджыты семӕ Йавокы фаллаг фарсмӕ бахызти.24Фаллаг фарсмӕ бахизын кодта се ’ппӕты дӕр, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уыимӕ,25йӕхӕдӕг хибар ран баззадис.
Уӕд Чидӕр йемӕ хъӕбысӕй хӕцын райдыдта, фӕхӕцыды-сты суанг бонивайӕнтӕм.26Йӕ бон Иаковы абырсын нӕу, уый куы федта, уӕд ын хӕцгӕ-хӕцын йӕ агъдмӕ февнӕлдта, ӕмӕ йӕ сины стӕг фелвӕсти.27Иаковмӕ бахатыди: «Суадз Мӕ, бон фӕрухс кӕны». Иаков ын афтӕ: «Цалынмӕ мын арфӕ ра-кӕнай, уӕдмӕ Дӕ не суадздзынӕн».28Уый йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Дзуапп ын радта: «Иаков».29Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Иаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ лӕджы фырттыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».30Иаков Ӕм бахатыди: «Дӕ ном мын зӕгъ, Дӕ хорзӕхӕй». Уый йын загъта: «Мӕ номӕй Мӕ цы фӕрсыс?» Ӕмӕ уым Иаковӕн раарфӕ кодта.
31Иаков уыцы бынат схуыдта Пенуел, ома «Хуыцауы цӕсгом», уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы федтон ныхӕй-ныхмӕ ӕмӕ удӕга-сӕй баззадтӕн.32Уалынмӕ хур скаст, ӕмӕ Иаков Пенуелӕй рараст ис. Йӕ синӕй цыди къуылых.33Хъӕбысӕйхӕцӕг ын йӕ сины хӕцъӕфмӕ кӕй февнӕлдта, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ суанг абонмӕ дӕр сины хӕцъӕф нӕ хӕрынц.
<3 О 'Иаков афӕлгӕсыд, ӕмӕ дын мӕнӕ Исав цыппарсӕдӕ лӕгимӕ ӕрбацӕуы. Уӕд Леайы, Рахилы ӕмӕ дыууӕ номылусы хицӕнтӕй ӕрлӕууын кодта, алкӕйы дӕр — йӕхи сывӕллӕттимӕ.2Разӕй уыдысты номылустытӕ сӕ цотимӕ, уыдоны фӕстӕ — Леа йӕ цотимӕ, се ’ппӕты фӕстӕ та — Ра-хил ӕмӕ Иосиф.3Йӕхӕдӕг цыди се ’ппӕты разӕй ӕмӕ, цалынмӕ йе ’фсымӕрмӕ бахӕццӕ и, уӕдмӕ йын авд хатты зӕххы онг ӕркуывта.4Фӕлӕ йӕм Исав базгъордта ӕмӕ йын фӕ батӕ ӕмӕ фӕхъӕбыстӕ кодта, стӕй дыууӕйӕ дӕр ӕмкуыд ныккодтой.5Исав сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты куы фед-та, уӕд бафарста: «Адон дын чи сты?» Иаков дзуапп радта: «Фарн дӕм бадзурӕд, Хуыцау мын кӕй балӕвар кодта, уыцы сывӕллӕттӕ».6Уалынмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ ӕрбахӕццӕ сты номылустытӕ ӕмӕ Исавӕн бакуывтой.7Стӕй ӕрбахӕццӕ и Леа дӕр йӕ сывӕллӕттимӕ, ӕмӕ йын бакуывтой. Уыдоны фӕстӕ ӕрбахӕццӕ сты Иосиф ӕмӕ Рахил, ӕмӕ йын уыдон дӕр бакуывтой.
8Исав та Иаковы бафарста: «Цы дзугтӕ федтон, уыдон та дын цы сты?» Иаков ын дзуапп радта: «Дӕ зӕрдӕ балхӕнинаг сӕ дӕн».9Исав загъта: «Мӕнмӕ бирӕ и, ме ’фсымӕр. Дӕхион дӕ-хицӕн уадз».10Иаков дзуапп рад та: «Нӕ, кӕд мыл ӕрвӕссыс,
32:29Израилрагон дзуттаг ӕвзагыл амоны: «хӕцы Хуыцауимӕ» кӕнӕ «Хуыцау хӕцы».
уӕд мын мӕ лӕвар айс, дӕ хорзӕхӕй! Дӕ уынд мын Хуыцауы фендау у, хур мыл ракасти.11Айс, дӕ хорзӕхӕй, мӕ лӕвар. Хуыцау мын раарфӕ кодта, ӕмӕ мӕм алцыдӕр ис». Иаков ӕм тынг бахатыд, ӕмӕ уӕд уый дӕр уӕл дай ницыуал загъта.
12Исав Иаковӕн зӕгъы: «Цом, ӕз дӕр демӕ цӕуын».13Иаков ын дзуапп радта: «Сывӕллӕттӕ лӕмӕгъ сты, уый куы зоныс. Мӕ ногзад фыстӕ ӕмӕ хъуццытыл дӕр тыхсын: куы сӕ атӕ-рон, уӕд иу бонмӕ фӕцагъды уыдзысты иууылдӕр.14Фӕлтау ды, дӕ хорзӕхӕй, разӕй ацу, ӕз та дӕ фӕстӕ — сындӕггай, мӕ разӕй фос куыд цӕуой, стӕй сывӕллӕттӕ куыд фӕразой, афтӕ, цалынмӕ дӕм Сеирмӕ бахӕццӕ уон, уӕдмӕ».15Исав загъта: «Уӕд та дӕм, цӕй, мӕ адӕмӕй иу къорд лӕджы ныу-уадзон». Фӕлӕ Иаков не сразы и: «Цӕмӕн? Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ дӕн».
16Тӕккӕ уыцы бон Исав фӕстӕмӕ аздӕхти Сеирмӕ,17Иаков та араст и Суккотмӕ ӕмӕ уым ӕрбынӕттон и, йӕ фосӕн дӕр скодта халагъудтӕ. Уымӕ гӕсгӕ хуыйны уыцы бынат Суккот, ома «халагъудтӕ».
18Афтӕ Иаков, Паддан-Арамӕй куы рацыди, уӕд сӕрӕгасӕй бахӕццӕ и ханаанаг сахар Шехемы онг ӕмӕ сахармӕ хӕстӕг ран ӕрбынат кодта.19Цӕрӕнуатӕн зӕххы хай балхӕдта, Ше-хемӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта, уыцы Хаморы фырттӕй — уый сӕрмӕ сын радта ӕвзисты фондзыссӕдз фӕзгъӕры.20Уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Ел-Елохе-Исраел, ома «Хъомысджын, Израилы Хуыцау».
Ӕфсымӕртӕ сӕ хо Динӕйы маст куыд райстой
<31Иаков ӕмӕ Леайы чызг Динӕ иу ахӕмы рацыди уыр-дыгон чызджыты абӕрӕг кӕнынмӕ.2Бӕстӕйы хицау хивваг Хаморы фырт Шехем ӕй куы федта, уӕд ӕй аскъӕфта ӕмӕ йын батых кодта.3Динӕ йӕ зӕрдӕйы ныххауди, бауарзта йӕ ӕмӕ йыл рӕвдауӕн ныхӕстӕй узӕлыди.4Шехем бахатыд йӕ фыд Хамормӕ: «Ацы чызджы мын ракур».
5Иаков фехъуыста, йӕ чызг Динӕйы йын кӕй фегад кодтой, уый, фӕлӕ уыцы заман йӕ фырттӕ быдыры фос хызтой, ӕмӕ се ’рбацыдмӕ иу дзырд не схауди йӕ дзыхӕй.6Аныхас кӕнын-мӕ йӕм ӕрбацыди Шехемы фыд Хамор.7Уалынмӕ быдырӕй ӕрбаздӕхтысты Иаковы фырттӕ дӕр ӕмӕ, хабар куы базыд-той, уӕд ныхъхъынцъым кодтой. Сӕ маст рафыхти, уымӕн ӕмӕ Шехем ракодта ӕнаккаг ми — Иаковы чызгыл тыхӕй кӕй ныххӕцыди, уымӕй фегад кодта Израилы хӕдзар. Нӕ йын ӕмбӕлд ахӕм ӕнӕуаг ми бакӕнын.
8Хамор сӕм бахатыди: «Мӕ фырт Шехемы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыди уӕ чызг, ӕмӕ йын ӕй, уӕ хорзӕхӕй, усӕн раттут.9Стӕй амӕй фӕстӕмӕ дӕр хӕстӕгдзинад кӕнут немӕ: чызг дӕр нын дӕттут ӕмӕ нӕ чызг дӕр курут.10Цӕрут не ’хсӕн. Нӕ зӕхх уӕ разы ис, ӕмӕ йыл ӕрбынӕттон ут, сӕудӕджер ыл кӕнут уӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, уӕхицӕн дзы исбонӕн амал кӕнут зӕххы хӕйттӕ».11-12Шехем йӕхӕдӕг та чызджы фыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн загъта: «Кӕд мыл барвӕссат, уӕд уын бафиддзынӕн, цыдӕриддӕр зӕгъат, уый. Ӕрцагурут тӕккӕ стырдӕр ирӕд ӕмӕ лӕвӕрттӕ, ӕрмӕст мӕ ӕнӕ дзуаппӕй ма арвитут».
13Иаковы фырттӕ Шехем ӕмӕ йӕ фыд Хаморӕн радтой хин дзуапп, уымӕн ӕмӕ сын Шехем фегад кодта сӕ хо Динӕйы.
14Загътой сын: «Нӕ бон уый бакӕнын нӕу. Худинаг у махӕн нӕ хойы ӕнӕсунӕт лӕджы фыццаг скӕнын.15Уемӕ ӕрмӕст уӕд сразы уыдзыстӕм, мах хуызӕн куы суат — уе ’ппӕт нӕл-гоймӕгтӕ дӕр куы ’рцӕуой сунӕтгонд.16Гъеуӕд уын чызг дӕр дӕтдзыстӕм ӕмӕ уӕ чызг дӕр курдзыстӕм, ӕмӕ цӕрдзы-стӕм уе ’хсӕн, уемӕ суыдзыстӕм иу адӕм.17Нӕ коммӕ куы нӕ бакӕсат ӕмӕ сунӕт куы нӕ скӕнат, уӕд та нӕ чызджы фӕстӕмӕ байсдзыстӕм».
18Уыцы ныхӕстӕ фӕцыдысты Хаморы ӕмӕ йӕ фырт Шехемы зӕрдӕмӕ.19Лӕппу нӕ фӕзивӕг кодта сунӕт скӕнынмӕ, уы-мӕн ӕмӕ уарзта Иаковы чызджы. Йӕ фыды мыггаджы ’хсӕн та Шехем тӕккӕ кадджындӕр адӕймагыл нымад уыди.20Хамор ӕмӕ Шехем бацыдысты сӕ сахары кулдуармӕ ӕмӕ сахары цӕрджытӕн загътой:21«Уыцы адӕм нӕм кӕсынц хӕлар цӕ-стӕй. Уадз ӕмӕ ӕрцӕрой нӕ зӕххыл, сӕудӕджер ыл кӕнӕнт сӕ зӕрдӕйы фӕндиаг — парахат куы у фӕйнӕрдӕм сӕ разы. Мах та сӕ чызг дӕр курдзыстӕм ӕмӕ сын нӕ чызджытӕй дӕр дӕтдзыстӕм.22Фӕлӕ уыцы адӕм не ’хсӕн ӕрцӕрыныл ӕмӕ, немӕ иу адӕм суой, ууыл разы сты ӕрмӕст ахӕм дзырдӕй: уыдонау махмӕ дӕр хъуамӕ сунӕтгонд ӕрцӕуа алы нӕлгой-маг.23Ууыл куы сразы уӕм, уӕд цӕрдзысты не ’хсӕн, ӕмӕ мах бауыдзысты се ’ппӕт фос ӕмӕ сӕ исбон».24Сахары цӕрджы-тӕ байхъуыстой Хамор ӕмӕ йӕ фырт Ше хеммӕ, ӕмӕ ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕрцыдысты сунӕтгонд.
25Ӕртыккаг бон сӕ хъӕдгӕмттӕ нӕма байгас сты, афтӕ Иако-вы дыууӕ фырты Симеон ӕмӕ Леви, Динӕйы ӕфсымӕртӕ, райстой фӕйнӕ карды, ӕнӕкъуылымпыйӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ ныццагътой нӕлгоймӕгты иууылдӕр.26Кардӕй амардтой Хаморӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фырт Шехемы дӕр, стӕй Шехемы хӕдзарӕй Динӕйы ракодтой ӕмӕ рацыдысты.
27Уый фӕстӕ Иаковы иннӕ фырттӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ фӕ-къахтой, сӕ хойы сын кӕм фегад кодтой, уыцы сахар.28Ратӕлӕт сын кодтой сӕ лыстӕг фос, се стурвос ӕмӕ сӕ хӕрджытӕ, аха-стой, сахары ӕмӕ быдыры цыдӕриддӕр фӕллой уыди, уый.29Афтӕмӕй сын байстой се ’ппӕт исбон. Сӕ сабиты ӕмӕ сӕ устыты сын акод той уацары, сӕ хӕдзӕртты ма цы баззади, уыдон дӕр сын рассывтой.
30Иаков Симеон ӕмӕ Левийӕн загъта: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат! Сӕнӕуынон мӕ кодтат ацы бӕстӕйы цӕрджы-тӕн — ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕн! Мӕ адӕм цъус сты, ӕмӕ адон ӕмхуызонӕй мӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ бинонты дӕр бабын кӕндзысты!»31Симеон ӕмӕ йын Леви дзуапп радтой: «Ау, уӕдӕ нын хӕтаг сылы бынаты хъуамӕ сӕвӕрдтаиккой нӕ хойы?»
Иаков — Бет-Елы
<3 С 'Хуыцау Иаковӕн загъта: «Бет-Елмӕ ссу, ӕрцӕр дзы ӕмӕ уым Хуыцауӕн — де ’фсымӕр Исавӕй куы алыгътӕ, уӕд дӕм ӕргом Чи рацыди, Уымӕн — сараз нывондхӕссӕн».
2Иаков йӕ бинонтӕн ӕмӕ, йемӕ чидӕриддӕр уыдис, уыдонӕн бафӕдзӕхста: «Аппарут, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй уӕм цыдӕрид-дӕр ис, уыдон, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уӕ дарӕс раивут.
3Сыстӕм ардыгӕй ӕмӕ ссӕуӕм Бет-Елмӕ. Уым сараздзынӕн нывондхӕссӕн, мӕ зыны сахат-иу мын Чи баххуыс кодта ӕмӕ, цы фӕндӕгтыл фӕцыдтӕн, уым мемӕ Чи уыди, уыцы Хуыцауӕн».4Иаковмӕ радтой, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй сӕм цы-дӕриддӕр уыди, уыдон, стӕй сӕ хъусцӕг-амулеттӕ, ӕмӕ сӕ Иаков баныгӕдта Шехеммӕ ӕввахс тулдз бӕласы бын.5Уӕд уырдыгӕй араст сты. Сӕ алфамбылай сахарты цӕрджытыл Хуыцау бафтыдта стыр тас, ӕмӕ Иаковы фыртты фӕсте нал асырдтой.
6Иаков йӕ адӕмимӕ бахӕццӕ и ханаанаг сахар Лузмӕ, ома Бет-Елмӕ,7ӕмӕ уым сарӕзта нывондхӕссӕн. Уыцы бынат схуыдта Ел-Бет-Ел, ома «Бет-Елы Хуыцау», уымӕн ӕмӕ, йе ’фсымӕрӕй куы алыгъди, уӕд ӕм уыцы ран ӕргом рацыди Хуыцау.
8Амарди Ревеккӕйы дыджызӕ Девора, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Бет-Елы дӕле, тулдзы бын. Уыцы бӕлас схуыдтой Аллон-Бахут, ома «хъарӕджы тулдз».
9Иаков Паддан-Арамӕй куы ’рбаздӕхти, уый фӕстӕ та йӕм ногӕй Хуыцау ӕргом рацыди ӕмӕ йын раар фӕ кодта.10Загъта йын: «Дӕ ном Иаков у, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Иаков нӕ, — Из-раил уыдзӕни дӕ ном!» Афтӕмӕй йыл сӕвӕрдта ном Израил.11Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъом Хуыцау дӕн. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддаг! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ, паддзӕхтӕ.12Авраам ӕмӕ Исаакӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн».
13Хуыцау Иаковы цурӕй куы ацыди,14уӕд Иаков, Хуыцау йе-мӕ кӕм дзырдта, уыцы ран ныссагъта табуйаг дур ӕмӕ йыл рауагъта сӕн ӕмӕ зети.15Хуыцау йемӕ кӕм дзырдта, уыцы бынат Иаков схуыдта Бет-Ел.
Вениамины райгуырд ӕмӕ Рахилы мӕлӕт
16Бет-Елӕй сӕ фӕндаг адардтой, ӕмӕ, Ефратӕмӕ нӕма бахӕццӕ сты, афтӕ Рахилӕн ӕрцыди йӕ арыны афон. Тынг фӕрыстис йе ’вгъӕды сахат.17Йӕ рыстӕн куы нал фӕрӕзта, уӕд ын ӕвгъӕдгӕс афтӕ: «Ма тӕрс, ай дӕр дын лӕппу у».
18Фӕлӕ Рахил мӕлыны къахыл ныллӕуыд ӕмӕ, йӕ уд исгӕйӕ, йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном Бен-Они, ома «масты фырт»; йӕ фыд та йӕ схуыдта Вениамин, ома «амондджын саби».
19Афтӕ амарди Рахил, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Ефратӕмӕ, ома Вифлееммӕ, фӕндагыл.20Иаков ын йӕ ингӕныл ныссагъта табуйаг дур, ӕмӕ уыцы дур абон дӕр ма лӕууы уым — Рахи-лы ингӕныл.
21Израил уырдыгӕй араст ис ӕмӕ йӕ цатыр айтыгъта Миг-дал-Едеры фале.22Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иу ахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст, ӕмӕ йын фӕхъыг ис.
Иаковы фырттӕ
Иаковӕн уыди дыууадӕс фырты.23Леайы лӕппутӕ: Рувим, Иаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Леви, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Завулон.24Рахилы лӕппутӕ: Иосиф ӕмӕ Вениа-мин.25Рахилы унӕут Билхайы лӕппутӕ: Дан ӕмӕ Неффалим.
26Леайы унӕут Зилпайы лӕппутӕ: Гад ӕмӕ Асир.
Адон — Иаковы фырттӕ, райгуырдысты йын Паддан-Ара-мы.
Исаакы мӕлӕт
27Иаков ӕрцыд йӕ фыд Исаакмӕ Хъирйат-Арбамӕ, ома Хев-ронмӕ, Мамремӕ, кӕддӕр Авраам кӕм царди, уый фӕстӕ та — Исаак, уырдӕм.28Исаак фӕцарди фарастыссӕдз азы.
29Йӕ цардӕй ахицӕн и хӕрз зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. Бавӕрдтой йӕ Исав ӕмӕ Иаков, йӕ фырттӕ.
Исавы байзӕддаг
0/2 ^Мӕнӕ Исавы, ома Едомы, байзӕддаг.
0\/2Исав ракуырдта ханаанаг устытӕ: хеттаг Елоны чызг Адайы ӕмӕ Охоливамайы — хивваг Цивоны фырт Анайы чызджы,3ноджы ма — Измаилы чызг Басематы, Невайоты хойы.4Ада Исавӕн ныййардта Елифазы, Басемат — Регуелы,
5Охоливама — Йеушы, Йаламы ӕмӕ Хъорахы.
Адон — Исавы фырттӕ. Райгуырдысты йын Ханааны зӕх-хыл.
6Исав сыстад ӕмӕ йе ’фсымӕр Иаковы цурӕй ӕндӕр бӕстӕм ацыд ӕд устытӕ, ӕд цот, йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ, йе ’ппӕт фо-сы дзугтимӕ ӕмӕ йе ’ппӕт исбонимӕ, Ханааны зӕххыл кӕй самал кодта, уыимӕ.7Афтӕ сбирӕ и сӕ мулк дыууӕ ӕфсымӕ-рӕн, ӕмӕ сын иумӕ цӕрынӕн фадат нал уыди. Цы зӕххыл цардысты, уый нал фаг кодта сӕ бирӕ фосы дзугтӕн.8Уымӕ гӕсгӕ Исав, ома Едом, ӕрцарди Сеиры хӕхбӕсты.
9Мӕ нӕ едомӕгты фыдӕл Исавы байзӕддаг, Сеиры хӕхбӕсты чи царди, уыдон.
10Исавӕн йӕ фырттӕ: Елифаз ӕмӕ Регуел. Елифаз райгуырд Адайӕ, Регуел та — Басематӕй.
11Елифазӕн уыди фырттӕ: Теман, Омар, Цефо, Гатам, Хъе-наз.12Тимна уыд Исавы фырт Елифазы номылус. Елифазӕн ныййардта Амалехъы. Адон сты Исавы ус Адайы зӕнӕджы зӕнӕг.13Регуелы фырттӕ: Нахат, Зерах, Шамма, Мизза. Адон сты Исавы ус Басематы зӕнӕджы зӕнӕг.
14Исавы фырттӕ, Цивоны фырт Анайы чызг Охоливама йын кӕй ныййардта, уыдон: Йеуш, Йалам ӕмӕ Хъорах.
15Мӕнӕ Исавы байзӕддаджы мыггӕгтӕ.
Исавы хистӕр фырт Елифазы байзӕддаг: Теман, Омар, Цефо, Хъеназ,16Хъорах, Гатам, Амалехъ. Адон сты Едомы зӕххыл цӕрӕг мыггӕгты хистӕртӕ, Елифазы артӕй чи рацыди, уы-дон — Адайы зӕнӕджы зӕнӕг
17Исавы фырт Регуелы байзӕддаг: Нахат, Зерах, Шамма, Мизза. Адон сты Едомы зӕххыл цӕрӕг мыггӕгтӕ, Регуелы артӕй чи рацыди, уыдон — Исавы ус Басематы зӕнӕджы зӕнӕг.
18Исавы байзӕддаг, Охоливамайӕ йын чи рантысти, уыдон: Йеуш, Йалам, Хъорах. Адон сты, Исавы ус Охоливамайӕ, Анайы чызгӕй, чи рацыди, уыцы мыггӕгты хистӕртӕ.
19Адон се ’ппӕт дӕр сты Исавы, ома Едомы, байзӕддаг, сӕ мыггӕгтӕ.
20Хораг Сеиры фырттӕ, уыцы зӕххыл раздӕр чи царди, уыдон: Лотан, Шовал, Цивон, Ана,21Дишон, Ецер, Дишан.
Адонӕй рацыдысты, Едомы зӕххыл раздӕр чи царди, уыцы хорӕгты мыггӕгтӕ — Сеиры байзӕддаг.22Лотаны фырттӕ: Хо-ри ӕмӕ Хемам; Лотаны хо: Тимна.23Шовалы фырттӕ: Алван, Манахат, Евал, Шефо, Онам.24Цивоны фырттӕ: Айа ӕмӕ Ана. Ӕдзӕрӕг быдыры, йӕ фыд Цивоны хӕрджытӕ хизгӕйӕ, тӕвд суадӕттӕ ацы Ана ссардта.25Анайы цот: Дишон ӕмӕ Охоли-вама, Анайы чызг.26Дишоны фырттӕ: Хемдан, Ешбан, Итран, Керан.27Ецеры фырттӕ: Билхан, Зааван, Ахъан.28Дишаны фырттӕ: Уц ӕмӕ Аран.
29Хорӕгты мыггӕгты хистӕр тӕ: Лотан, Шовал, Цивон, Ана,
30Дишон, Ецер, Дишан. Адонӕй равзӕрдысты хорӕгты мыг-гӕгтӕ Сеиры зӕххыл.
31Мӕнӕ, Израилӕн паддзах куы нӕма уыди, уыцы заман Едомы бӕстӕйы паддзӕхтӕ.32Едомы паддзахиуӕг кодта Беоры фырт Бела, йӕ сахары ном — Динхава.33Белайы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Зерахы фырт Йовав, боцрайаг.
34Йовавы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси теманаг Хушам.
35Хушамы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Бедады фырт Хадад, Моавы быдыры мидйанонты уый басаста. Йӕ са-хары ном — Авит.36Хадады амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Самла, масрекайаг.37Самлайы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Шаул, Евфраты былгӕрон сахар Реховотӕй.38Шаулы амӕлӕты фӕстӕ паддзах ссис Ахборы фырт Баал-Ханан.39Ахборы фырт Баал-Хананы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Хадар, йӕ сахары ном — Пагу. Йӕ ус уыди Матреды чызг Мехетавел. Матред йӕхӕдӕг та уыди Ме-Захавы чызг.
40Мӕнӕ, Исавы артӕй цы мыггӕгтӕ рацыди, уыдон, ал-чи дӕр сӕ — ӕд бинонтӕ, ӕд цӕрӕнбынӕттӕ: Тимнайы мыггаг, Алвайы мыггаг, Йететы мыггаг,41Охоливамайы мыггаг, Елайы мыггаг, Пиноны мыггаг,42Хъеназы мыггаг, Теманы мыггаг, Мивцары мыггаг,43Магдиелы мыггаг, Ира-мы мыггаг.
Адон сты Едомы мыггӕгтӕ — алкӕмӕн дӕр сӕ уыди йӕхи цӕрӕнбынат сӕ исбоны зӕххыл. Едомӕгтӕн сӕ фы-дӕл — Исав.
Иосиф — Иаковы фырт(37:1-50:26)
Иосиф ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ
О1-2Мӕнӕ Иаков ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрт-/тӕ. Иаков ӕрбынат кодта Ханааны зӕххыл — йӕ фыд ӕрцӕуӕггагӕй кӕм царди, уым.
Иосифыл цыдис ӕвддӕс азы. Йе ’фсымӕртимӕ хызта лыстӕг фос — ӕххуыс кодта йӕ фыды устытӕ Билха ӕмӕ Зилпайы лӕппутӕн ӕмӕ-иу сыл йӕ фыдмӕ ӕвзаг хаста.3Иосиф Израи-лӕн йӕ зӕры бонты райгуырд, ӕмӕ йӕ йӕ иннӕ фырттӕй фылдӕр уарзта. Уымӕ гӕсгӕ йын балӕвар кодта хӕрзаив пӕ-лӕз.4Ӕфсымӕртӕ уыдтой, сӕ фыд йӕ цотӕй уымӕй фылдӕр кӕй никӕй уарзы, уый, ӕмӕ сын Иосиф ӕнӕуынон фестади, рӕстмӕ йӕм дзургӕ дӕр нал кодтой.
5Иу ахӕмы Иосиф федта фын ӕмӕ йӕ радзырдта йе ’фсымӕр-тӕн.6Загъта сын: «Ӕрбайхъусут-ма, цы фын федтон, уымӕ!
7Цыма хуымы астӕу бастам куыристӕ, ӕмӕ мӕ куырис уырдыг слӕууыди, сымах куыристӕ та йӕ алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын ӕркуывтой».8Йе ’фсымӕртӕ йын афтӕ: «Паддзах нын суай, уымӕ ма бахъав? Ӕнхъӕлдӕн ӕмӕ ныл дӕ бархъомыс ӕрсадзинаг дӕ, и?» Ӕмӕ сын йӕ фынтӕ ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй ноджы фенӕуынондӕр ис.
9Иосиф ма федта иу фын ӕмӕ та уый дӕр йе ’фсымӕртӕн радзырдта: «Федтон ма ноджы иу фын: цыма мын ӕркуывтой хур, мӕй ӕмӕ иуӕндӕс стъалыйы».10Иосиф уыцы фын ра-дзырдта йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн. Йӕ фыд ын бауайдзӕф кодта: «Уый дын цавӕр фын у? Ау, ӕз ӕмӕ дӕм дӕ мад, де ’фсымӕртӕ зӕххы онг ӕркувынмӕ ӕцӕг бацӕудзыстӕм?»
11Ӕфсымӕртӕн сӕ маст рафыхт Иосифмӕ, фӕлӕ фыд ацы хабӕрттӕ йӕ зӕрдыл бадардта.
12Иу заман Иосифы ӕфсымӕртӕ сӕ фыды фос хизынмӕ ацы-дысты Шехемы быдыртӕм.13Израил Иосифӕн загъта: «Зоныс ӕй, де ’фсымӕртӕ Шехемы быдырты фос хизынц, уый, ӕмӕ дӕ, зӕгъын, уыдонмӕ арвитон». Уый дзуапп радта: «Ӕз цӕттӕ дӕн».14Израил ын загъта: «Цу уӕдӕ ӕмӕ фен де ’фсымӕрты дӕр, фосы дӕр, ӕмӕ мын сӕ бӕрӕг ӕрбахӕсс». Ӕмӕ йӕ фыр-ты арвыста Хевроны дӕлвӕзӕй Шехеммӕ.
Иосиф бахӕццӕ и Шехеммӕ,15ӕмӕ, фӕссахар йе ’фсымӕр-ты агурӕг куыд фӕцӕйцыд, афтӕмӕй йыл иу чидӕр амбӕлд ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы агурыс?»16Иосиф дзуапп радта: «Ме ’фсымӕрты агурын. Зӕгъ-ма мын, дӕ хорзӕхӕй, сӕ фос кӕ-цы ран хизынц?»17Уыцы лӕг ын афтӕ: «Ардыгӕй ацыдысты. Сӕ ныхас сын куыд фехъуыстон, афтӕмӕй — Дотанмӕ». Иосиф йе ’фсымӕрты фӕдыл араст ис ӕмӕ сӕ ссардта Дота-ны.
18Уыдон ӕй суыдтой дардмӕ ӕмӕ сӕм цалынмӕ хӕццӕ код-та, уӕдмӕ йӕ марынвӕнд скодтой.19Кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уартӕ ӕрбацӕуы нӕ фынтӕуынӕг.20Цӕй, амарӕм ӕй ӕмӕ йӕ донуӕттӕй иуы ныппарӕм. Стӕй зӕгъдзыстӕм, тугдзых сырд ӕй бахордта, зӕгъгӕ. Гъеуӕд фендзыстӕм, йӕ фынтӕ цӕмӕ рацыдысты, уый».21Фӕлӕ Рувим уый куы фехъуыста, уӕд ӕм нӕ бауагъта къух сисын. Загъта сын: «Нӕ йӕ хъӕуы марын».22Ноджы ма сын загъта: «Туг ныккалынӕй уӕхи бахизут. Фӕлтау ӕй, уартӕ ӕдзӕрӕг ран цы донуат ис, уым ныппарут». Ныр ӕцӕгӕй та Рувим йӕ зӕрдӕ дардта, ӕфсы-мӕртӕй йӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ йӕ уыдоны сусӕгӕй сӕ фыдмӕ кӕй арвитдзӕн, ууыл.
23Иосиф куыддӕр йе ’фсымӕртӕм ӕрбахӕццӕ ис, афтӕ йын йӕ аив пӕлӕз йӕ уӕлӕйӕ феппӕрстой,24йӕхи та йын донуаты нысхуыстой. Донуат афтид уыди — бахуыскъ ис.
25Ӕфсымӕртӕ къӕбӕр хӕрыныл куыд ӕрбадтысты, афтӕ дын кӕсынц, ӕмӕ Галаады ’рдыгӕй ӕрбацӕуы измаилонты чырӕ — сӕ теуатӕ Мысырмӕ ластой хӕрздӕфгӕнӕг чъиутӕ: нехот, ӕвдадз ӕмӕ буд.26Иудӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Не ’фсымӕры куы амарӕм ӕмӕ йын йӕ мард куы басусӕг кӕнӕм, уӕд ныл уымӕй цы бафтдзӕни?27Нӕ къух ӕм сисыны бӕсты йӕ фӕлтау измаилонтӕн ауӕй кӕнӕм. Уӕддӕр та не ’фсы-мӕр у, нӕ туг, не стӕг». Ӕфсымӕртӕ сразы сты ууыл28ӕмӕ сӕм сӕудӕджертӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд Иосифы донуатӕй систой ӕмӕ сын ӕй ӕвзисты ссӕдз къӕрттыл ауӕй кодтой. Уыдон ӕй аластой Мысырмӕ.
29Рувим донуатмӕ ӕрбаздӕхти, кӕсы, ӕмӕ дын Иосиф уым нал. Уӕд йӕ дарӕс ӕррӕдывта,30йе ’фсымӕртӕм бацыд ӕмӕ сын афтӕ: «Лӕппу уым куы нал и, уӕд цы кӕнон? Цы ма фӕуон?»31Уӕд ӕфсымӕртӕ аргӕвстой цӕу, Иосифы аив пӕлӕз райстой ӕмӕ йӕ тугӕй самӕстой.32Уый фӕстӕ уыцы пӕлӕз сӕ фыдмӕ ахастой ӕмӕ загътой: «Мӕнӕ цы ссардтам! Фен-ма, дӕ фырты пӕлӕз ма уӕд».33Иаков ӕй базыдта ӕмӕ ныккӕрзыдта: «Ай мӕ фырты пӕлӕз куы у! Тугдзых сырд ба-хордта Иосифы! Аргӕвста йӕ!»34Иаков ӕррӕдывта йӕ дарӕс, йӕ астӕуыл хъисын ӕрбатыхта ӕмӕ бирӕ бонты фӕкуыдта йӕ фыртыл.35Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕ иууылдӕр ӕрба-лӕууыдысты йӕ фарсмӕ, йӕ зӕрдӕ йын фӕфидар кӕнынмӕ, фӕлӕ йӕм ныфсӕвӕрӕнтӕ нӕ хъардтой. Загъта: «Хъыггӕнгӕ ныххиздзынӕн мӕрдты бӕстӕм мӕ фыртмӕ». Афтӕ йыл хъа-рӕг кодта йӕ фыд.
36Ныр мидйанонтӕ та Иосифы аластой Мысырмӕ ӕмӕ йӕ ауӕй кодтой Потифарӕн. Уый уыди фараоны барджын, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау.
Иудӕ ӕмӕ Тамар
<3 О1Уыцы заман Иудӕ йе ’фсымӕртӕй байуӕрста, ацыд
ОО ӕмӕ ӕрцард адулламаг Хирайы цур.2Уым йӕ зӕрдӕ-мӕ фӕцыди ханаанаг Шуайы чызг ӕмӕ йӕ ракуырдта. Йемӕ ӕрӕмуат ис,3ӕмӕ уый банхъӕлцау ис ӕмӕ лӕппу ныййардта. Иудӕ йыл сӕвӕрдта ном Ер.4Шуайы чызг та банхъӕлцау и, лӕппу ныййардта ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Онан.5Уый фӕстӕ ма ныййардта иу лӕппу ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдта ном Шела. Уыцы заман Иудӕ уыди Кезивы.
6Иудӕ йӕ хистӕр фырт Ерӕн ӕрхаста ус, йӕ ном — Тамар.
7Фӕлӕ Ер, Иудӕйы хистӕр фырт, Дунедарӕджы цӕсты фыдлӕг уыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг йӕ цард аскъуыдта.8Уӕд Иудӕ Она-нӕн загъта: «Баив де ’фсымӕры — йӕ идӕдзимӕ йын бацӕр ӕмӕ цот скӕн де ’фсымӕрӕн».9Онан зыдта, цот йӕхионтыл нымад нӕ уыдзысты, уый ӕмӕ-иу йе ’фсымӕры усимӕ ӕмуат куы ӕрцыди, уӕд-иу йӕ мыг зӕхмӕ ауагъта, цӕмӕй йе ’фсы-мӕрӕн цот ма скӕна.10Онан цы арӕзта, уый Дунедарӕджы цӕсты фыдми уыд, ӕмӕ Дунедарӕг уымӕн дӕр йӕ цард айста.11Уӕд Иудӕ йӕ чындз Тамарӕн бафӕдзӕхста: «Цалын-мӕ мӕ фырт Шела байрӕза, уӕдмӕ уал идӕдзӕй ацӕр дӕ цӕгаты». Йӕхинымӕр та загъта: «Кӕннод мын йе ’фсымӕртау ай дӕр куы амӕла». Уыйадыл Тамар йӕ цӕгатмӕ аздӕх-тис.
12Уӕдӕй рацыди дзӕвгар рӕстӕг. Амард Иудӕйы ус, Шуайы чызг. Иудӕйӕн йӕ саударӕн бонтӕ куы фесты, уӕд йӕ адулла-маг хӕлар Хираимӕ йӕ фысӕлвынджытӕм ссыди Тимнамӕ.
3Тамармӕ фӕхабар чындӕуыди, дӕ хицау Тимнамӕ йӕ фос ӕлвынынмӕ ссӕуы, зӕгъгӕ,14ӕмӕ сылгоймаг йӕ идӕдзы дарӕс раласта, йӕхиуыл ӕмбӕрзӕн ӕркодта ӕмӕ афтӕмӕй Гимнамӕ фӕндагыл Енаимы кулдуары цур сбадти. Уымӕн ӕмӕ федта: Шела байрӕзти, фӕлӕ йын Гамары нӕ ракуырдтой.
15Иудӕ йӕ куы федта, уӕд ӕй рог сыл фӕхуыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕсгом ӕмбӕрзт уыди.16Фӕндаджы былмӕ йӕм баздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Цӕй ӕмӕ демӕ ӕмуат ӕрцӕуон». Йӕ чындз у, уый нӕ базыдта. Гамар ӕй бафарста: «Цы мын ратдзынӕ, мемӕ куы ӕрӕмуат уай, уӕд?»17Иудӕ йын дзуапп радта: «Мӕ дзугӕй дын иу сӕныкк ӕрбарвитдзынӕн». Гамар ын афтӕ: «Цъынды мын исты ныууадз, цалынмӕ йӕ ӕрбарвитай, уӕд-мӕ».18Иудӕ йӕ бафарста: «Цы дын ныууадзон?» Загъта йын: «Дӕ мыхуырӕвӕрӕн ӕд бос ӕмӕ дӕ къухы уыцы лӕдзӕг». Радта йын сӕ ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. Гамар банхъӕлцау ис.19Иудӕйӕ куы фӕхицӕн и, уӕд йе ’мбӕрзӕн систа ӕмӕ га скодта йӕ идӕдзы дарӕс.
20Уыцы сылгоймагӕй цъынды фӕстӕмӕ райсыны тыххӕй йын Иудӕ йӕ адулламаг хӕларимӕ арвыста сӕныкк, фӕлӕ йӕ уый не ссардта.21Уырдыгон адӕмы дӕр бафарста, ам, фӕндаггӕрон, цы хӕтаг сыл бадти, уый цы фӕци, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын енаимӕгтӕ дзуапп радтой, ам, дам, хӕтаг сыл нӕ уыди.!2Уӕд Иудӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Нӕ йӕ ссардтон. Уырдыгон адӕм дӕр мын загътой, уыцы ран, дам, хӕтаг сыл нӕ уыд».23Иудӕ загъта: «Йӕхицӕн уадзӕд уӕдӕ уыцы дзаума-тӕ, кӕннод фӕхудинаг уыдзыстӕм. Ӕз ын сӕныкк арвыстон, фӕлӕ йӕ ды не ссардтай. Гъемӕ фӕуӕд афтӕ!»
24Уымӕй иу ӕртӕ мӕйы фӕстӕдӕр Иудӕмӕ фӕхабар чын-дӕуыди: «Дӕ чындз Тамар хъахбай сыл разынди, суанг ма сывӕрджын дӕр баци». Иудӕ бафӕдзӕхста: «Ракӕнут ӕй ӕмӕ йӕ арты басудзут».25Фӕлӕ Тамары куы ракодтой, уӕд йӕ хицаумӕ барвыста: «Зӕгъут ын, ацы дзауматӕ кӕй сты, уы-мӕй дӕн ӕнхъӕлцау». Бафӕрсын ӕй кодта: «Ӕркӕс-ма, ацы мыхуырӕвӕрӕн ӕд бос ӕмӕ ацы лӕдзӕг кӕй сты?»26Иудӕ сӕ базыдта ӕмӕ загъта: «Тамар раст у. Рӕдигӕ чи фӕкодта, уый — мӕхӕдӕг, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ фырт Шелайӕн нӕ рад-тон». Ӕмӕ йемӕ ӕмуат никуыуал ӕрцыди.
27Тамар ӕвгъӕды куы уыди, уӕд рабӕрӕг и, фаззӕттӕ йӕм кӕй ис, уый.28Ӕмӕ арыныл куы ныллӕууыди, уӕд сӕ иуӕн йӕ къух разынд. Ӕвгъӕдгӕс сылгоймаг ӕм февнӕлдта, сырх-сырхид ӕндах ыл абаста ӕмӕ загъта: «Ай фыццаг рацыди».
29Фӕлӕ уый йӕ къух фӕстӕмӕ баласта, ӕмӕ фыццаг рацыдис йе ’фсымӕр. Ӕвгъӕдгӕс загъта: «Уӕдӕ афтӕ гӕрдыс фӕндаг дӕхицӕн?» Ӕмӕ йӕ схуыдтой Фарес.30Йӕ фӕдыл рацыдис йе ’фсымӕр, йӕ къухыл сырх-сырхид ӕндах, афтӕмӕй. Ном ын радтой Зара.
Иосиф ахӕстоны
'Иосифы акодтой Мысырмӕ. Уым ӕй измаилонтӕй иу
мысираг балхӕдта, йӕ ном Потифар. Потифар уыди фараоны барджын, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау.2Дунедарӕг аудыдта Иосифыл, ӕмӕ Иосиф алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын. Царди йӕ мысираг хицауы хӕдзары.3Мысираг уыдта, Дунедарӕг Иосифыл кӕй ауды, алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыстджын кӕй у, уый.4-5Иосиф фӕцыди йӕ зӕрдӕмӕ, ӕмӕ сси йӕ сӕрмагонд лӕггадгӕнӕг. Йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ исбон Потифар ӕгасӕйдӕр бакодта Иосифы ӕвджид, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕг, Иосифы сӕр нымайгӕйӕ, Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта мысираджы хӕдзар. Раарфӕ йын кодта ӕмӕ йын сбирӕ кодта йӕ мулк ӕмӕ йӕ хуымты бӕр-кад.6Гъемӕ Потифар дӕр Иосифыл йӕ ис йӕ бон иууылдӕр бафӕдзӕхста, ӕмӕ йӕ ныр бахӕрынӕй дарддӕр ницыуал мӕт уыдис.
Иосиф уындӕй ӕмӕ кондӕй рӕсугъд уыди.7Цасдӕр рӕстӕ-джы фӕстӕ йыл Потифары ус йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Бауарз-ма мӕ!»8Фӕлӕ уый не сразы: «Ме ’лдары мӕн руаджы ницӕйуал мӕт ис йӕ хӕдзары. Йе ’ппӕт исбон дӕр бакодта мӕ быгъдуан,9ацы хӕдзары мӕ скодта йе ’мсӕр. То-бӕ мын ницӕмӕй загъта — дӕуӕй фӕстӕмӕ: ды йӕ ус дӕ. Куыд хъуамӕ бакӕнон ныр ахӕм ми, куыд хъуамӕ бацӕуон тӕригъӕды Хуыцауы раз?»10Сылгоймаг ӕрвылбон уӕгъд нӕ уагъта Иосифы, фӕлӕ йын уый ком нӕ лӕвӕрдта — йе ’мгӕ-рон нӕ цыд.
11Иу ахӕмы Иосиф йӕ куысты фӕдыл хӕдзармӕ куы бахыз-ти (ныр хӕдзаронтӕй та мидӕгӕй ничи уыди),12уӕд ын ус йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ та загъта: «Ӕрхуысс мемӕ!» Фӕлӕ уый йӕ дарӕс усы къухы фӕуагъта ӕмӕ феддӕдуар ис.13Иосифы дарӕс йӕ къухы куы аззади,14уӕд сылгоймаг хӕдзаронтӕм фӕфӕдис кодта: «Кӕсут-ма, мӕ мой нӕм ацы дзуттаджы махӕй фӕхъазынмӕ ӕрбакодта. Йӕ зӕрды мын тыхми бакӕнын уыди!15Фӕлӕ куы ныцъцъӕхахст кодтон, уӕд йӕ дарӕс мӕ цуры фӕуагъта ӕмӕ феддӕдуар ис».
16Ус йӕ мойы ӕрбацыдмӕ йӕхимӕ ныууагъта Иосифы да-рӕс,17стӕй уыцы ныхӕстӕ рафӕзмыдта йӕ мойӕн дӕр: «Цы дзуттаг цагъары ӕрбакодтай нӕ хӕ дзармӕ, уый мыл тыхӕй ӕрхӕцынмӕ хъавыди,18фӕлӕ куы ныцъцъӕхахст кодтон, уӕд йӕ дарӕс мӕ цуры фӕуагъта ӕмӕ фӕлидзӕг ис».19Потифар йӕ усы ныхӕстӕ куы фехъуыста, дӕ цагъар мын афтӕ бакод-та, зӕгъгӕ, уӕд йӕ маст рафыхт.20Иосифы ӕрцахсын кодта ӕмӕ йӕ, паддзахы ахӕстытӕ кӕм уыдысты, уыцы ахӕстоны бакодта.
Афтӕмӕй Ио сиф бахаудта ахӕстонмӕ.21Фӕлӕ Дунедарӕг уыд Иосифимӕ ӕмӕ йыл аудыдта. Ахӕстоны хицауы зӕрдӕмӕ йӕ фӕцӕуын кодта.22Ӕмӕ йын уый ӕппӕт ахӕстыты дӕр йӕ бар бакодта. Цыдӕриддӕр куыстой, уым сын Иосиф лӕвӕрд-та разамынд.23Ахӕстоны хицау йӕхӕдӕг, Иосифы бӕрны цы уыди, уыдӕттӕй йӕ цӕст ницӕмӕуал дардта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг аудыдта Иосифыл, ӕмӕ уый алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын.
Л/Л1-2Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Мысыры паддзахы дыууӕ барджыны — хистӕр дзагдар ӕмӕ хистӕр дзулфы-цӕг — фӕазымджын сты сӕ хицауы, Мысыры паддзахы, раз. Фараон смӕсты и сӕ дыууӕмӕ дӕр3ӕмӕ сӕ сбадын кодта, хъахъхъӕнджыты хицауы хӕдзары цы ахӕстон уыди, уым.
4Хъахъхъӕнджыты хицау сӕ Иосифыл бафӕдзӕхста, ӕмӕ сын уый лӕггад кодта.
Рӕстӕг цыдис,5ӕмӕ иу ахӕмы дыууӕ ахӕсты, Мысыры пад-дзахы дзагдар ӕмӕ йӕ дзулфыцӕг, уыцы иу ӕхсӕв федтой фынтӕ — фӕйнӕ фыны. Алкӕй фынӕн дӕр сӕ уыди йӕхи сӕрмагонд нысаниуӕг.6-7Райсомӕй Иосиф бацыди ахӕстытӕм, фараоны барджынтӕм, ӕмӕ сӕ уыцы тыхстхуызӕй куы бай-йӕфта, уӕд сӕ афарста: «Абон цӕй тар сты уӕ цӕсгӕмттӕ?»8Уыдон ын дзуапп радтой: «Фынтӕ федтам, ӕмӕ нын сӕ чи райхала, уый нӕй». Иосиф сын загъта: «Хуыцауы фӕрцы сын ис райхалӕн. Уӕ хорзӕхӕй, радзурут мын сӕ».
9Хистӕр дзагдар Иосифӕн радзырдта: «Фыны федтон, цыма мӕ разы уыди сӕнӕфсиры тала,10ӕртӕ къалиуы йыл. Гала уайтагъд къуыбыр рафтыдта, дидинӕг ракалдта, цупӕлттӕ йыл фӕзынд, ӕмӕ йӕ гагатӕ арӕгъӕд сты.11Мӕ къухы уыди, фараон кӕмӕй фӕназы, уыцы синон. Ӕз ратыдтон сӕнӕфсиры гагатӕ, синонмӕ сӕ ӕрлӕмӕрстон ӕмӕ йӕ фараоны къухмӕ радтон».12Иосиф ын загъта: «Мӕнӕ дӕ фын. Ӕртӕ къалиуы сты ӕртӕ боны.13Ӕр тӕ боны фӕстӕ дӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни: фӕстӕмӕ дӕ сӕвӕрдзӕни дӕ бынаты, ӕмӕ та раздӕрау уы-дзынӕ йӕ дзагдар — фараон йӕ нуазӕн дӕ къухӕй исдзӕни.
14Гъемӕ дӕ хъуыддаг хорз куы ацӕуа, уӕд-иу мӕ ма ферох кӕн. Уыцы хорз мын-иу ракӕ, зӕгъ мӕн тыххӕй фараонӕн ӕмӕ мӕ ауадзын кӕн ардыгӕй.15Дзуттӕгты зӕххӕй дӕр мӕ давгӕ ракодтой, ӕмӕ ам дӕр, ницӕмӕй фӕазымджын дӕн, афтӕмӕй мӕ ацы талынг уӕрмы бамидӕг кодтой».
16Хистӕр дзулфыцӕг федта, Иосиф уыцы фын хорзырдӕм кӕй райхӕлдта, уый ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕр федтон иу фын. Цыма мӕ сӕрыл — дзулы ӕртӕ чыргъӕды.17Уӕллаг чыргъӕды — фараонӕн конд алыхуызон дзултӕ, мӕргътӕ сӕ чыргъӕдӕй хӕрынц».18Иосиф ын дзуапп радта: «Мӕ-нӕ цӕмӕ цӕуы дӕ фын. Ӕртӕ чыргъӕды сты ӕртӕ боны.
19Ӕртӕ боны фӕстӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни дӕу дӕр: бӕ-ласыл дӕ ӕрцауындздзӕн, ӕмӕ дӕ мард мӕргътӕн холыйаг фӕуыдзӕни».
20Ӕртыккаг бон уыди фараоны гуырӕн бон, ӕмӕ куывд скодта йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн. Йӕ дӕлдӕрты раз бӕрзонд систа йӕ хистӕр дзагдары ӕмӕ йӕ хистӕр дзулфыцӕджы:21хистӕр дзагдары сӕвӕрдта йӕ раздӕры бынаты, цӕмӕй та фараоны къухмӕ дӕтта синон;22хистӕр дзулфыцӕджы та ӕрцауыгъта. Хъуыддӕгтӕ рауадысты, Иосиф сын сӕ фынтӕ куыддӕриддӕр райхӕлдта, афтӕ.23Фӕлӕ Иосиф хистӕр дзагдары зӕрдыл не ’рлӕууыди. Ферох дзы ис.
Иосиф — фараоны барджын
Л"I ^Рацыди дыууӕ азы, ӕмӕ иу ахӕмы фараон федта “ X фын. Цыма лӕууыди Нилы былгӕрон,2ӕмӕ донӕй рацыд авд хъуджы, рӕсугъд ӕмӕ нард стуртӕ, ӕмӕ хызты-сты хъӕзы ’хсӕн.3Уалынмӕ Нилӕй сӕ фӕдыл рацыд ӕндӕр авд хъуджы, фыдуынд ӕмӕ мӕллӕджытӕ, ӕмӕ доны былгӕ-рон фыццӕгты цур ӕрлӕууыдысты.4Фыдуынд ӕмӕ мӕллӕг хъуццытӕ бахордтой рӕсугъд ӕмӕ нард хъуццыты. Уыйадыл фараон фехъал и.
5Ногӕй бафынӕй ӕмӕ та федта фын. Цыма иу зӕнгыл ӕр-зади авд ӕфсиры — тыппырнӕмыг дзаг ӕфсиртӕ.6Фӕлӕ сӕ хӕдуӕлвӕд зӕххӕй скастис ӕндӕр авд ӕфсиры, хус дымгӕ-мӕ чи баруад, ахӕмтӕ,7ӕмӕ аныхъуырдтой тыппырнӕмыг дзаг ӕфсирты. Фараон та райхъал ис ӕмӕ бамбӕрста, фын кӕй федта, уый.
8Фараон катайы бацыд, ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсны-фӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын.9Уӕд хистӕр дзагдар фараонӕн загъта: «Мӕ кӕддӕры рӕдыд ныр мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд.10Иу хатт фараон смӕсты и йӕ цагъартӕм ӕмӕ мӕ йӕ хистӕр дзул-фыцӕгимӕ бакодта, хъахъхъӕнджыты хицауы хӕдзары цы ахӕстон ис, уым.11Ӕмӕ уыцы иу ӕхсӕв федтам фынтӕ, ӕз дӕр ӕмӕ уый дӕр. Алкӕй фынӕн дӕр нӕ уыди сӕрмагонд нысаниуӕг.12Уым нын иу дзуттаг лӕппу, хъахъхъӕнджыты хицауы цагъар, лӕггад кодта. Мах ын нӕ фынтӕ радзырдтам, ӕмӕ нын сӕ райхӕлдта, алкӕмӕн дӕр нӕ загъта, йӕ фын цы амоны, уый.13Куыддӕриддӕр нын сӕ райхӕлдта, афтӕ рауади хъуыддаг: ӕз фӕстӕмӕ мӕ бынаты ӕвӕрд ӕрцыдтӕн, уый та ӕрцауыгътой».
14Фараон арвыста Иосифмӕ, ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ахӕстонӕй ракодтой. Иосифӕн йӕ сӕр ӕмӕ йӕ цӕсгомы хил куы ныд-дастой ӕмӕ йӕ дарӕс куы аивта, уӕд фараонмӕ ӕрбацыди.
15Фараон Иосифӕн загъта: «Иу фын федтон, ӕмӕ никӕй бон у йӕ райхалын. Дӕу тыххӕй та фехъуыстон, фын дын куы радзурынц, уӕд ӕй уайтагъд райхалыс, зӕгъгӕ».16Иосиф дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз нӕ — Хуыцау ратдзӕни фарао-нӕн фарны дзуапп».
17Фараон Иосифӕн радзырдта: «Мӕ фыны цыма лӕууыдтӕн Нилы былгӕрон,18ӕмӕ донӕй рацыд авд хъуджы, нард ӕмӕ рӕсугъд стуртӕ, ӕмӕ хызтысты хъӕзы ’хсӕн.19Уалынмӕ Ни-лӕй сӕ фӕдыл рацыд ӕндӕр авд хъуджы — тынг фыдуынд ӕмӕ мӕллӕг стуртӕ. Ахӕм цауд хъуццытӕ Мысыры зӕххыл никуыма федтон.20Мӕллӕг ӕмӕ цауд хъуццытӕ бахордтой, фыццаг чи рацыди, уыцы авд нард хъуджы.21Нард хъуццытӕ сӕ хъуыры аирвӕзтысты, фӕлӕ адоныл уый зынгӕ дӕр нӕ фӕкодта — куыд тӕнтӕхауд уыдысты, афтӕмӕй баззадысты. Стӕй райхъал дӕн.22Ног та бафынӕй дӕн ӕмӕ мӕ фыны фед-тон, цыма иу зӕнгыл ӕрзад авд ӕфсиры — тыппырнӕмыг дзаг ӕфсиртӕ.23Фӕлӕ сӕ хӕдуӕлвӕд зӕххӕй скасти ӕндӕр авд ӕфсиры, хус дымгӕмӕ чи баруадис, ахӕмтӕ,24ӕмӕ тыппырнӕ-мыг ӕфсирты аныхъуырдтой. Мӕ фынтӕ дӕсныфӕрсджытӕн радзырдтон, фӕлӕ мын сӕ уыдонӕй ничи райхӕлдта».
25Иосиф фараонӕн загъта: «Фараоны дыууӕ фыны иу фын сты. Хуыцау фараонӕн раргом кодта, цы бакӕнинаг у, уый.26Авд дзӕбӕх хъуджы амонынц авд азы, авд дзӕбӕх ӕфсиры дӕр — авд азы. Афтӕмӕй фын иу у.27Фыццӕгты фӕдыл цы авд мӕллӕг ӕмӕ цауд хъуджы рацыди, уыдон та амонынц иннӕ авд азы, хус дымгӕмӕ руад ӕфсиртӕ дӕр — афтӕ. Адон сты авд стонг азы.28Гъе уымӕ гӕсгӕ загътон фараонӕн, Хуыцау фараонӕн равдыста, цы саразинаг у, уый, зӕгъгӕ.29Ныридӕгӕн ӕппӕт Мысы ры зӕххыл райдайдзысты бӕркадджын авд азы.30-31Фӕлӕ уыдоны фӕдыл ралӕудзысты авд стонг азы, ӕмӕ Мысыры зӕххы стыр бӕркад ферох уыдзӕнис адӕмӕй. Ахӕм ӕвирхъау заман скӕндзӕн, ӕмӕ зӕхх бынтондӕр сафтид уыдзӕни, раздӕры бӕркадӕн йӕ кой йӕ хъӕр дӕр нал уы-дзӕни.32Фараон уыцы иу фын дыууӕ хатты кӕй федта, уый та амоны, Хуыцауӕн Йӕ уынаффӕ ӕнӕивгӕ кӕй у ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй кӕй сӕххӕст кӕндзӕни, уый.
33Гъемӕ фараон бацагурӕд куырыхон, ӕрхъуыдыджын лӕ-джы ӕмӕ йӕ Мысыры сӕргъы сӕвӕрӕд.34Ноджы ма равзарӕд барджын лӕгтӕ, цӕмӕй йын бӕркадджын авд азы дӕргъы Мысыры адӕмӕй исой тыллӕджы фӕндзӕм хай.35Ӕрцӕуинаг чи у, уыцы тыллӕгджын азты ӕмбырд кӕнӕнт ӕппӕт хор, ӕмӕ йыл ӕрмӕст фараоны бар куыд цӕуа, аф тӕ йӕ хордӕт-ты ӕфснайдӕй дарӕнт.36Уыцы хорӕй авд стонг азы дӕргъы ирвӕздзысты Мысыры адӕм, нӕ амӕлдзысты сыдӕй».
37Ацы фӕнд фӕцыди фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты зӕрдӕмӕ,38ӕмӕ фараон йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Кӕм ма ссардзыстӕм ӕндӕр ахӕм лӕг, Хуыцауы Удӕй хайджын чи уа?»39Иосифӕн дӕр загъта: «Хуыцау дын адон иууыл кӕм раргом кодта, уым дӕу хуызӕн куырыхон лӕг дыккаг нӕй!40Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ быгъдуан кӕнын мӕ галуан, мӕ адӕм дӕм иууылдӕр хъусдзысты. Ӕз дӕуӕй уӕлдӕр уыдзынӕн ӕрмӕст мӕ пад-дзахы номӕй».41Фараон Иосифӕн загъта: «Ӕппӕт Мысыры сӕргъы дӕ ӕвӕрын».42Ӕмӕ рафтыдта йӕ къухӕй фараон йӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн ӕмӕ йӕ Иосифы къухыл бакод-та. Йӕ уӕлӕ йын скодта гӕнӕлвыст дарӕс, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сызгъӕрин рӕхыс.43Бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ ласой фараоны дыккаг уӕрдоны ӕмӕ йӕ разӕй хъӕргӕнгӕ цӕуой: «Ӕрзоныгыл кӕнут!» Афтӕмӕй фараон Иосифы сӕ-вӕрдта ӕппӕт Мысыры сӕргъы.44Загъта йын: «Ӕз фараон дӕн, фӕ лӕ нырӕй фӕстӕмӕ Мысыры зӕххыл де ’вастӕй йӕ къух дӕр ӕмӕ йӕ къах дӕр ничиуал батилдзӕни».45Фараон Иосифыл сӕвӕрдта ном Цафенат-Панеах. Усӕн ын радта Асе-наты, Оны сауджын Потиферайы чызджы.46Иосиф фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы.
Иосиф рацыди фараоны цурӕй ӕмӕ араст ис ӕппӕт Мы-сыры зӕххыл ӕрзилынмӕ.47Бӕркадджын авд азы дӕргъы зӕхх лӕвӕрдта бирӕ тыллӕг.48Уыцы азты Мысыры зӕххыл цыдӕриддӕр хор ӕмбырд кодтой, уый Иосиф ӕфснайдта хор-дӕтты: алы сахары дӕр — алыварс хуымты тыллӕг.49Иосиф бафснайдта тынг бирӕ хор, денджызы змисау ын банымайӕн дӕр нал уыди.
50Стонг заманы размӕ Оны сауджын Потиферайы чызг Асенатӕй Иосифӕн райгуырди дыууӕ фырты.51Йӕ хистӕр фыртыл Иосиф сӕвӕрдта ном Манасси, ома «рох ӕфтауӕг», уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы фӕрцы мӕнӕй ферох сты ме ’ппӕт хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕ фыды уӕзӕг.52Йӕ дыккаг фыртыл сӕвӕрдта ном Ефраим, ома «скодта мӕ зӕнӕгджын», уымӕн ӕмӕ, дам, мӕ Хуыцау, удхар цы зӕххыл бавзӕрстон, уым скодта зӕнӕгджын.
53Мысыры зӕххыл цы бӕркадджын авд азы скодта, уыдон фесты,54ӕмӕ, Иосиф куыд загъта, афтӕ райдыдтой авд стонг азы. Ӕппӕт бӕстӕты уыди стонг заман, Мысыры та уыди хор.55Фӕлӕ уалынмӕ Мысыры адӕм дӕр ӕххормаг ӕййафын бай-дыдтой, ӕмӕ, хойраджы тыххӕй фараонӕн кӕуын хъӕлӕсӕй куы ныллӕгъстӕ кодтой, уӕд сын уый загъта: «Иосифмӕ ба-цӕут ӕмӕ уын цы зӕгъа, уый кӕнут».56Ӕппӕт зӕххыл дӕр ралӕууыди стонг заман; ӕмӕ Иосиф байгом кодта хордӕттӕ, ӕмӕ Мысыры адӕмӕн райдыдта хор уӕй кӕнын. Ныр стонг заман та Мысыры зӕххыл карзӕй-карзмӕ цыди.57Мысырмӕ, Иосифмӕ, хор ӕлхӕнынмӕ ӕфтыдысты алы бӕстӕтӕй, уымӕн ӕмӕ стонг заман стых джын ис ӕппӕт дунейыл дӕр.
Иосифы ӕфсымӕрты фыццаг балц Мысырмӕ
Л €\1Иаков базыдта, Мысыры хор кӕй ис, ӕмӕ йӕ фырт-тӕн загъта: «Уӕ кӕрӕдзимӕ цы ракӕс-бакӕс кӕнут?
2Мысыры хор и, зӕгъгӕ, фехъуыстон, цӕугӕут уырдӕм ӕмӕ дзы балхӕнут, цӕмӕй удӕгасӕй баззайӕм, науӕд амӕлдзы-стӕм».3Ӕмӕ Иосифы дӕс ӕфсымӕры хор ӕлхӕнынмӕ араст сты Мысырмӕ.4Ӕрмӕст сын Иаков Иосифы ӕфсымӕр Вениа-мины, исты йыл куы ’рцӕуа, зӕгъгӕ, семӕ нӕ рауагъта.
5Ханааны зӕххыл стонг заман кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Мы-сырмӕ афтыди бирӕ хорӕлхӕнӕг адӕм, уыдонимӕ Иаковы фырттӕ дӕр.6Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Иосиф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы адӕлгом сты зӕх-хыл.7Иосиф сӕ куыддӕр ауыдта, афтӕ сӕ базыдта, фӕлӕ сын йӕхи не схъӕр кодта. Тызмӕгӕй сӕ бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдыстут?» Дзуапп ын радтой: «Ханааны зӕххӕй, хойраг балхӕнынмӕ».8Афтӕмӕй Иосиф базыдта йе ’фсымӕрты, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ базыдтой.9Иосифы зӕрдыл ӕрлӕууыди, кӕддӕр сӕ йӕ фынты куыд федта, уый ӕмӕ сын загъта: «Сымах сгар-джытӕ стут. Нӕ бацӕуӕнтӕ нын басгарынмӕ фӕзындыстут».
10Уыдон ын дзуапп радтой: «Нӕ, не ’лдар цӕра, хойраг ӕл-хӕнынмӕ ӕрбацыдыстӕм.11Мах не ’ппӕт дӕр — иу лӕджы фырттӕ, цӕсгомджын адӕм. Сгарджытӕ, цард дын фестӕм, никуы уыдыстӕм».12Фӕлӕ та сын уый афтӕ: «Нӕ, сымах нын нӕ бацӕуӕнтӕ басгарынмӕ фӕзындыстут».13Уыдон ын загътой: «Мах, цард дын фестӕм, дыууадӕс ӕфсымӕрӕй иу лӕджы фырттӕ стӕм, ханаанӕгтӕ. Кӕстӕр ныртӕккӕ нӕ фы-димӕ и, нӕ иу ӕфсымӕр та нал ис».14Иосиф сын ногӕй: «Куыд ӕнхъӕлдтон, хъуыддаг афтӕ у: сымах, бӕлвырд, сгарджытӕ стут.15Мӕнӕ уӕ цы хуызы бафӕлвардзыстӕм: фараонӕй уын ард хӕрын, ардыгӕй нӕ аздӕхдзыстут, цалынмӕ уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ӕрцӕуа, уӕдмӕ.16Уӕ иуы арвитут уе ’фсымӕры ӕркӕнынмӕ, уӕхӕдӕг та уал ахӕстоны баддзыстут, ӕмӕ аф-тӕмӕй хъуамӕ раргом уа, уӕ ныхӕстӕ раст сты ӕви нӕ. Раст куы нӕ разыной, уӕд фараонӕй ард хӕрын, сгарджытӕ стут».
17Ӕмӕ сӕ ӕртӕ боны дӕргъы ахӕсты фӕдардта.
18Ӕртыккаг бон сын Иосиф загъта: «Мӕнӕ уын куыд кӕнгӕ у — ӕмӕ уӕд удӕгасӕй баззайдзыстут, — уымӕн ӕмӕ ӕз Хуыцауӕй тӕрсын.19Кӕд цӕсгомджын адӕм стут, уӕд уал уӕ иу ам, ахӕстоны, лӕууӕд, иннӕтӕ хор аласӕнт се ’ххормаг бинонтӕн.20Стӕй мӕм ӕркӕндзыстут уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры.
Афтӕ куы бакӕнат, уӕд сбӕрӕг уыдзӕни уӕ рӕстдзинад ӕмӕ нӕ амӕлдзыстут».
Ӕфсымӕртӕ сразы сты.21Сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Бӕгуы-дӕр, азымджын стӕм не ’фсымӕры раз. Йӕ зӕрдӕйы тас ын уыдтам, куы нын лӕгъстӕ кодта, уӕд, фӕлӕ йӕм нӕ байхъуы-стам, ӕмӕ ныр нӕхӕдӕг дӕр бӕллӕхы бахаудыстӕм».22Рувим сын афтӕ: «Нӕ уын дзырдтон, уыцы лӕппуйы тӕригъӕды ма бацӕут, зӕгъгӕ? Фӕлӕ нӕ байхъуыстат, ӕмӕ нӕ йӕ туг истӕуы ныр».23Иосиф сӕм хъусы, уый нӕ зыдтой, уымӕн ӕмӕ се ’хсӕн тӕлмацгӕнӕг уыд.24Иуварс рацыд Иосиф ӕмӕ ныккуыдта. Фӕстӕмӕ сӕм куы баздӕхт ӕмӕ та семӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд Симеоны иннӕтӕй фӕхицӕн кодта ӕмӕ йӕ сӕ цуры сбӕттын кодта.25Уый фӕстӕ Иосиф бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын сӕ голджытӕ хорӕй байдзаг кӕной, алкӕмӕн дӕр йе ’взист фӕстӕмӕ йӕ голладжы нывӕрой, фӕндаггагӕй дӕр сӕ сифтонг кӕной. Ӕмӕ сын афтӕ бакодтой.
26Ӕфсымӕртӕ сӕ хор хӕрджытыл сӕвӕрдтой ӕмӕ рараст сты уырдыгӕй.27Фӕндагыл ӕхсӕвиуат кӕм бакодтой, уым ӕфсымӕртӕй иу, хӕрӕгӕн холлаг раттон, зӕгъгӕ, йӕ гол-ладжы ком райхӕлдта, ӕмӕ дын дзы йе ’взист куы ауынид.
28Йе ’фсымӕртӕм дзуры: «Ме ’взист мӕм фӕстӕмӕ раздӕхти. Мӕнӕ ма — мӕ голладжы ис». Уӕд сӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта, ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Уый нын Хуыцау цы кӕны?»
29Ӕфсымӕртӕ схӕццӕ сты сӕ фыд Иаковмӕ, Ханааны зӕхмӕ, ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ӕрцыди, уыдӕттӕ йын рафӕзмыдтой:
30«Уыцы бӕстӕйы ӕлдар немӕ ныхас кодта тынг тызмӕгӕй, рахуыдта нӕ сгарджытӕ,31фӕлӕ йын загътам: „Мах цӕсгом-джын адӕм стӕм, сгарджытӕ никуы уыдыстӕм.32Дыууадӕс ӕфсымӕрӕй стӕм иу фыды фырттӕ. Нӕ иу ӕфсымӕр нал и, кӕстӕр та нӕ фыдимӕ баззади Ханааны зӕххыл”.33Уӕд нын уыцы бӕстӕйы ӕлдар загъта: „Цӕсгомджын адӕм стут, уый сбӕрӕг кӕндзынӕн мӕнӕ афтӕ. Уе ’фсымӕртӕй иуы ам ныу-уадзут, уӕхӕдӕг та райсут хор, аласут ӕй ӕмӕ уе ’ххормаг бинонты бафсадут.34Уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры мӕм ӕркӕнут, ӕмӕ мӕ уӕд бауырндзӕни, сгарджытӕ нӕ, фӕлӕ цӕсгом-джын адӕм кӕй стут, уый. Уӕд уын суӕгъд кӕндзынӕн уӕ иннӕ ӕфсымӕры, стӕй уын а зӕххыл уыдзӕни сӕудӕджер кӕныны бар дӕр”».
35Ӕфсымӕртӕ сӕ голджытӕ равдӕлон кӕнын мӕ куы ба-внӕлдтой, уӕд дын алкӕмӕн дӕр йе ’взисты дзӕкъул йӕ голладжы куы разынид. Уый фенгӕйӕ, старстысты — сӕ-хӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыд дӕр.36Сӕ фыд Иаков сын загъта: «Мӕ фырттӕй мӕ фенӕхай кодтат. Иосиф нал и. Симеон нал и. Вениамины дӕр акӕнынмӕ хъавут. Ӕппӕт бӕллӕх-тӕ дӕр мӕныл цӕуынц!»37Уӕд Рувим йӕ фыдӕн загъ та: «Мӕ дыууӕ фырты-иу мын амар, Вениамины дӕм фӕстӕ-мӕ куы не ’рбакӕнон, уӕд. Ме ’вджид ӕй бакӕн, ӕмӕ дыл ӕй фӕстӕмӕ сӕмбӕлын кӕндзынӕн».38Иаков загъта: «Мӕ фырт уемӕ нӕ ацӕудзӕн! Йе ’фсымӕр амард, ӕмӕ ма мын иунӕг уый баззад! Уӕ балцы рӕстӕг ыл исты бӕллӕх ӕрцыди, зӕгъгӕ, уӕд ӕй мӕ зӕрдӕ нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ мын афтӕмӕй мӕ зӕронд къуыдыр мӕрдтӕм барвитдзы-стут».
Дыккаг балц Мысырмӕ, ацы хатт — Вениаминимӕ
1Стонг заман ноджы фӕкарздӕр и Ханааны зӕххыл.
2Ӕфсымӕртӕ Мысырӕй цы хор сластой, уый куы фӕци, уӕд та сын сӕ фыд загъта: «Ацӕут ӕмӕ ма иу чысыл балхӕнут хойраг».3Иудӕ йын загъта: «Уыцы лӕг нын цӕхгӕр бафӕдзӕхста, уе ’фсымӕр уе мӕ куы нӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ.4Не ’фсымӕры нын немӕ куы рауадзай, уӕд ацӕудзыстӕм ӕмӕ дын балхӕндзыстӕм хойраг,5куы нӕ йӕ рауадзай, уӕд та нӕ ацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын уыцы лӕг загъта, уе ’фсымӕр уемӕ куы нӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равди-сут, зӕгъгӕ».6Израил сын афтӕ: «Ахӕм хъизӕмар мын цӕй тыххӕй ӕвзарын кӕнут? Цӕмӕн схъӕр кодтат уыцы лӕгӕн, ӕфсымӕр ма уын ис, уый?»7Дзуапп ын радтой: «Рафӕрс-бафӕрс нӕ фӕкодта уыцы лӕг, чи стӕм, бинонтӕ нын цы ис, нӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ, ӕфсы мӕр ма нын ис ӕви нӕ, ӕмӕ йын йӕ фарстытӕн дзуапп лӕвӕрдтам мах дӕр. Уе ’фсымӕры мӕм ӕркӕнут, зӕгъгӕ нӕ бадомдзӕни, уый ӕнхъӕл чи уыд?»
8Иудӕ йӕ фыд Израилӕн загъта: «Мемӕ рауадз лӕппуйы, ацӕуӕм ӕмӕ удӕгасӕй баззайӕм. Науӕд амӕлдзыстӕм мах дӕр, ды дӕр ӕмӕ нӕ сабитӕ дӕр.9Ай тыххӕй дзуапдӕттӕг ӕз уыдзы нӕн, ӕмӕ-иу ӕй мӕнӕй бацагур. Фӕстӕмӕ дын ӕй ам куы не ’рбалӕууын кӕнон, уӕд цӕрӕнбонты азымджын уы-дзынӕн дӕ разы.10Фӕстиат куы нӕ кодтаиккам, уӕд афонмӕ дыууӕ хатты сыздӕхтаиккам Мысырӕй».11Сӕ фыд Израил сын загъта: «Гъемӕ уӕдӕ афтӕ бакӕнут. Ацы зӕххы хуыздӕр хӕрз-тӕй райсут ӕмӕ уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут ӕвдадз, мыд, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ — чъиу, буд, фисташкӕ- ӕмӕ миндал-ӕхсӕртӕ.12Ӕвзист дыууӕ хатты фылдӕр райсут уемӕ, уымӕн ӕмӕ уын уӕ голджыты цы ӕвзист нывӕрдтой, уый дӕр фӕстӕмӕ хӕсгӕ у. Чи зоны, ӕмӕ сын ӕнӕбары афтӕ рауади.
13Вениамины дӕр уемӕ акӕнут ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ацӕут уыцы лӕгмӕ.14Ӕппӕтхъом Хуыцау уӕм фӕфӕлмӕн кӕнӕд уыцы лӕджы зӕрдӕ, цӕмӕй уын рауадза уӕ иннӕ ӕфсымӕры ӕмӕ Вениамины дӕр. Мӕн та кӕд хъысмӕт фенӕхай кӕнинаг у мӕ цотӕй, уӕд мӕ фенӕхай кӕнӕд!»
15Ӕфсымӕртӕ ӕрцӕттӕ кодтой хуынтӕ, райстой дыууӕ хатты фылдӕр ӕвзист ӕмӕ семӕ акодтой Вениамины дӕр. Мысырмӕ куы ныццыдысты, уӕд Иосифы раз ӕрлӕууыдысты.16Иосиф сын семӕ Вениамины куы федта, уӕд, йӕ хӕдзар кӕй бӕрны уыди, уыцы лӕгӕн бафӕдзӕхста: «Ацы адӕмы хӕдзармӕ акӕн, стӕй фосӕй исты аргӕвд ӕмӕ фынг ацӕттӕ кӕн — сихорыл мемӕ иу фынгыл баддзысты».17Уыйадыл ын сӕ уый йӕ хӕдзармӕ акодта.
18Ӕфсымӕрты тас бацыд, Иосифы хӕдзармӕ сӕ куы ба-кодтой, уӕд: «Айразмӕ нын нӕ голджыты фӕстӕмӕ цы ӕвзист нывӕрдӕуыди, уый тыххӕй нӕ ӕрбакодтой ардӕм. Ам нӕ бауромдзысты ӕмӕ нӕ сӕ ца гъартӕ скӕндзысты, нӕ хӕрджытӕ дӕр нын байсдзысты».19Къӕсӕры раз Иосифы хӕдзары уынаффӕгӕнӕгмӕ бахатыдысты:20«Дӕ хорзӕхӕй, не ’лдар, иу ныхасы бар! Айразмӕ дӕр ма уыды стӕм ам хой-раг балхӕнынмӕ21ӕмӕ, фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ, ӕхсӕвиуаты кӕм ӕрӕнцадыстӕм, уым нӕ голджытӕ куы байгом кодтам, уӕд нӕ алкӕй ӕвзист дӕр — чи цы бафыста, уый — йӕ голладжы разынд. Ӕмӕ уыцы ӕвзист фӕстӕмӕ ӕрхастам.
22Ӕрхастам ма ӕндӕр ӕвзист дӕр, ногӕй та хойраг балхӕ-нынмӕ. Айразмӕ нын не ’взист нӕ голджыты чи нывӕрдта, уымӕн ницы зонӕм».23Иосифы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын загъта: «Гыхсгӕ ма кӕнут ӕмӕ ма тӕрсут! Айразмӕ мӕм уе ’взист фӕхӕццӕ ис. Уыцы хӕзна та уын, ӕвӕццӕгӕн, уӕ Хуыцау, уӕ фыды Хуыцау, нывӕрдта уӕ голджыты». Иоси-фы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сӕм Симеоны ракодта24ӕмӕ се ’ппӕты дӕр мидӕмӕ бахуыдта. Сӕ къӕхтӕ цӕхсынмӕ сын ӕрбахаста дон, стӕй сын сӕ хӕрджытӕн радта холлаг.
25Ӕфсымӕртӕ сихорафонмӕ, Иосифы ӕрбацыдмӕ, ӕрцӕт-тӕ кодтой сӕ хуынтӕ, уымӕн ӕмӕ сын загъдӕуыди, сихор уым кӕй кӕндзысты.
26Иосиф хӕдзармӕ куы ӕрбацыди, уӕд ын бахастой сӕ хуынтӕ ӕмӕ йӕ разы зӕххыл адӕлгом сты.27Иосиф сын салам радта, стӕй сӕ бафарста: «Куыд у уӕ зӕронд фыд, айразмӕ йӕ кой кӕмӕн кодтат, уый? Ӕгас ма у?»28Уыдон ын дзуапп радтой: «Дзӕбӕх, сӕрӕгас у, цард дын фестӕм, нӕ фыд». Ӕмӕ та ӕрзоныгыл кодтой йӕ разы.29Иосиф сыл афӕлгӕсыд ӕмӕ, йе ’фсымӕр, йӕ мады зӕнӕг Вениамины куы ауыдта, уӕд сӕ бафарста: «Уый, кӕй кой мын кодтат, уӕ уыцы кӕстӕр ӕфсымӕр у?» Ӕмӕ йын загъта: «Хуыцауы хорзӕх дӕ уӕд, мӕ хъӕбул!»30Йе ’фсымӕры уындӕй фыр цинӕй йӕ риу ссыгъд, йӕ зӕрдӕ суынгӕг и; уӕд рӕбинаг уаты фӕмидӕг ис ӕмӕ уым фӕкуыдта.31Уый фӕстӕ йӕ цӕсгом цӕхсадта, рацыд ӕмӕ, хиуылхӕцгӕйӕ, бафӕдзӕх-ста, фынг ӕрӕвӕрут, зӕгъгӕ.32Иосифӕн фынг ӕрӕвӕрдтой хицӕнӕй, ӕфсымӕртӕн дӕр — хицӕнӕй, йемӕ минасгӕ-нӕг мысирӕгтӕн дӕр афтӕ. Мысирӕгтӕ дзуттӕгтимӕ иу фынгыл бадыныл ӕлгъ кӕнынц.33Ӕфсымӕрты Иосифы бакомкоммӕ куыдхистӕрӕй кӕй сбадын кодтой, уый сӕ дисы бафтыдта ӕмӕ кӕрӕдзимӕ фӕрсӕджы каст кодтой.
34Иосиф сӕм йӕ фынгӕй ӕрвыста хӕйттӕ, ӕмӕ иннӕты хӕйттӕй Вениамины хай уыди фондз хатты стырдӕр. Ӕфсымӕртӕ дзӕбӕх фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Иоси -фимӕ.
Иосиф фӕлвары йе ’фсымӕрты
Л Л1Иосиф йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕгӕн бафӕдзӕхста: «Ацы адӕмӕн сӕ голджыты ныккӕн, цас афӕразой, уыйас хор ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр йе ’взист йӕ голладжы ны-вӕр.2Кӕстӕрӕн та-иу йӕ голладжы нывӕр, йӕ хоры аргъ ӕвзисты уӕлӕмхасӕн, ме ’взист синон дӕр». Уый сӕххӕст кодта Иосифы фӕдзӕхст.
3Куыддӕр ӕрба бон ис, афтӕ ӕфсымӕрты ауагътой ӕд хӕр-джытӕ.4Сахарӕй нӕма адард сты, афтӕ Иосиф бафӕдзӕхста йӕ хӕдзары бӕрнонӕн: «Рӕвдз атындз уыцы лӕгты фӕдыл ӕмӕ сӕ куы баййафай, уӕд-иу сын афтӕ зӕгъ: „Хорздзинад хӕрамӕй цӕмӕн фидут? Ӕвзист нуазӕн цӕмӕн радавтат?5Уый ме ’лдары синон куы у! Ме ’лдар дӕсны дӕр уымӕй фӕфӕрсы! Ӕнахъинон ми бакодтат”».6Уый сӕ баййӕфта ӕмӕ сын Иосифы ныхӕстӕ рафӕзмыдта.7Уыдон ын загътой: «Цӕмӕн афтӕ зӕгъы не ’лдар? Нӕ сӕртӕ дӕ нывонд, ахӕм ми бакӕнӕм, уымӕн уӕвӕн нӕй.8Нӕ голджыты комы цы ссардтам, суанг уый дӕр дӕм Ханааны зӕххӕй фӕстӕмӕ куы ’рбахастам, уӕд не ’лдары хӕдзарӕй куыд хъуамӕ радавӕм ӕвзист кӕнӕ сызгъӕрин?9Уыцы синон кӕмӕ разына, цард дын фестӕм, уый-иу амарут, иннӕтӕ та йӕ цагъартӕ суӕнт не ’лдарӕн».10Уый загъта: «Фӕуӕд афтӕ. Ӕцӕг, синон кӕмӕ разына, уый уыдзӕни мӕ ца гъар, иннӕтӕ та уыдзысты сӕри-бар».11Алчидӕр сӕ уайтагъд йӕ голлаг зӕхмӕ ӕриста ӕмӕ йын йӕ ком райхӕлдта.12Иосифы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын куыдхистӕрӕй басгӕрста сӕ голджытӕ, ӕмӕ синон Ве-ниамины голладжы разынди.13Уӕд ӕфсымӕртӕ ӕррӕдывтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ алчи йӕ уаргъ фӕстӕмӕ сӕвӕрдта йӕ хӕрӕгыл, афтӕмӕй ӕрбаздӕхтысты сахармӕ.
14Иосиф ма хӕдзары уыд, Иудӕ йӕм йе ’фсымӕртимӕ куы бацыди, уӕд. Йӕ разы адӕлгом сты зӕххыл.15Иосиф сӕ ба-фарста: «Уый цы бакуыстат? Ӕви, мӕ хуызӕн адӕймагӕй бамбӕхсӕн ницы ис, уый нӕ зыдтат?»16Иудӕ афтӕ: «Цы зӕ-гъӕм ме ’лдарӕн? Цы дзуапп ын раттӕм? Цӕмӕй сраст кӕнӕм нӕхи? Хуыцау нын раргом кодта, цард дын фестӕм, нӕ азым, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ ме ’лдарӕн уыдзыстӕм цагъартӕ — мах дӕр ӕмӕ, синон кӕмӕ разынди, уый дӕр».17Фӕлӕ Иосиф загъта: «Нӕ, ӕз афтӕ бакӕнон, уымӕн уӕвӕн нӕй. Синон кӕмӕ разынди, уый уыдзӕни мӕ цагъар, сымах та фарнимӕ аздӕхут уӕ фыдмӕ».
18Уӕд Иудӕ Иосифмӕ ӕввахс бацыд ӕмӕ йӕм бахатыди: «Курын дӕ, ме ’лдар, ныхасы бар мын ратт. Ма мӕм смӕсты у, кӕд фараоны ӕмсӕр дӕ, уӕддӕр.19Айразмӕ нӕ ме ’лдар фарста, фыд, ӕфсымӕр ма нын ис ӕви нӕ, уымӕй.20Мах ме ’лдарӕн дзуапп радтам, зӕгъгӕ, ис нын зӕронд фыд, уы-мӕн та ма — кӕстӕр фырт, йӕ зӕры бонты йын райгуырди. Лӕппуйӕн йе ’фсымӕр амард, ӕмӕ ма мады зӕнӕгӕй иунӕг уый баззади. Нӕ фыд ыл ӕнувыд у.21Ды нын бафӕдзӕхстай, ӕркӕнут мӕм ӕй ӕмӕ йӕ фенон, зӕгъгӕ,22ӕмӕ мах ме ’лдарӕн загътам, зӕгъгӕ, лӕппуйӕн йӕ фыды ныууадзын йӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ йӕ куы ныууадза, уӕд йӕ фыд амӕлдзӕни.23Фӕлӕ нын ды, цард дын фестӕм, загътай: уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр уемӕ куы не ’рцӕуа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут.24Мах ссыдыстӕм нӕ фыдмӕ ӕмӕ йын ме ’лда-ры ныхӕстӕ ра фӕзмыдтам.25Ӕмӕ та нын фӕстӕдӕр нӕ фыд куы загъта, ацӕут ӕмӕ ма иу чы сыл балхӕнут хойраг, зӕгъгӕ,26уӕд ын дзуапп радтам: „Нӕй нын ацӕуӕн. Ацӕу-дзыстӕм ӕрмӕстдӕр уӕд, нӕ кӕстӕр ӕфсымӕр немӕ куы уа, — ӕнӕ уымӕй нӕ бон нӕу уыцы лӕгмӕ нӕхи равдисын”.27Уӕд нын нӕ фыд загъта: „Сымах зонут, мӕ ус мын дыууӕ фырты ныййардта, уый.28Сӕ иу мӕ куы ныууагъта, уӕд загътон, сырд ӕй аргӕвста, бӕлвырд; уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ нал федтон.29Ӕмӕ ныр ай дӕр мӕ цурӕй куы акӕнат ӕмӕ йыл исты куы ’рцӕуа, уӕд мӕ зӕрдӕ аскъуындзӕн ӕмӕ мын мӕ зӕронд къуыдыр мӕрдтӕм барвитдзыстут”.30Гъемӕ ныр, рухс бонтӕ дын фестон, нӕ фыдмӕ, йӕ сӕр дын нывондӕн чи хӕссы, уымӕ куы бацӕуон, ӕмӕ, афтӕ ӕнувыд кӕуыл у, йӕ уыцы хъӕбул немӕ куы нӕ разына,31ӕмӕ нӕ фыд уый куы фена, уӕд амӕлдзӕн. Йӕ зӕрдӕ аскъуындзӕн, ӕмӕ аф-тӕмӕй, цард дын фестӕм, нӕ зӕронд фыды зӕрдӕхъыгӕй мӕрдтӕм барвитдзыстӕм.32Ныр ацы лӕппуйы тыххӕй та, дӕ сӕрыл хаст фӕуон, нӕ фыдӕн дзуапдӕттӕг ӕз дӕн. Аф-тӕ йын загътон: „Фӕстӕмӕ дӕм ӕй куы не ’рбакӕнон, уӕд цӕрӕнбонты азымджын уыдзынӕн дӕ разы”.33Гъемӕ, дӕ хорзӕхӕй, бар ратт, ӕмӕ ӕз, рухс бонтӕ дын фестон, ацы лӕппуйы бӕсты ме ’лдармӕ баззайон, уый та йе ’фсымӕр-тимӕ ацӕуӕд.34Уымӕн ӕмӕ лӕппу мемӕ куы нӕ уа, уӕд куыд ӕрлӕудзынӕн нӕ фыды раз? Уый удхармӕ кӕсын нӕ бауыдзӕни мӕ бон».
Иосиф йӕхи раргом кӕны йе ’фсымӕртӕн
Л[“1Иосиф ма тыххӕй йӕхи урӕдта, йӕ цуры чи уыди, “ уыдоны раз ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Ацӕут уе ’ппӕт дӕр!» Иосифы раз ничиуал аззадис, йӕхи йе ’фсымӕртӕн куы ӕргом кодта, уӕд,2фӕлӕ афтӕ тынг куыдта, ӕмӕ йӕ мысирӕгтӕ дӕр фехъуыстой. Суанг фараоны галуанмӕ дӕр байхъуысти уыцы хабар.
3Иосиф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Иосиф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ?» Ӕфсымӕртӕ фӕуыргъуыйау сты ӕмӕ йын не сфӕрӕзтой дзуапп раттын.4Иосиф та сӕм дзуры: «Хӕстӕг мӕм ӕрбацӕут!» Куы йӕм бацыдысты, уӕд сын афтӕ: «Ӕз Иосиф дӕн, уе ’фсымӕр, Мысырмӕ кӕй ауӕй кодтат, уый.
5Фӕлӕ ма хъынцъым кӕнут, ардӕм мӕ кӕй ауӕй кодтат, уый фӕдыл ныр уӕхи ма хӕрут. Уымӕн ӕмӕ мӕн уӕ цурӕй ардӕм Хуыцау рарвыста сымахӕн уӕ цард бахъахъхъӕныны сӕрвӕлтау.6Зӕххыл стонг заман куы скодта, уӕдӕй дыууӕ азы рацыд, ӕмӕ ма ноджыдӕр фондз азы дӕргъы нӕдӕр хуым кӕндзысты, нӕдӕр хуым кӕрддзысты.7Фӕлӕ мӕ Хуыцау уӕ цурӕй арвыста, цӕмӕй уын уӕ мыггаг ныууадза зӕххыл, цӕ-мӕй диссаджы ирвӕзт акӕнат.8Уӕдӕ мӕ ардӕм сымах нӕ рарвыстат, фӕлӕ мӕ Хуыцау рарвыста ӕмӕ мӕ фараонӕн скодта уынаффӕйы лӕг, мӕ дӕлбар мын бакодта уымӕн йӕ галуан ӕмӕ ӕгас Мысыры бӕстӕ.
9Рӕвдздӕр ацӕут мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъут, дӕ фырт Иосиф дӕм ӕрвиты: „Хуыцау мӕ сӕвӕрдта ӕппӕт Мысы-ры сӕргъы. Рацу мӕм ӕвӕстиатӕй.10Ӕрцӕрдзынӕ мӕнмӕ ӕввахс, Гошены зӕххыл, дӕ цот ӕмӕ дӕ цоты цотимӕ, ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон.11Уым дӕ тыхсын ницӕ-мӕй бауадздзынӕн. Стонг заман ма ахӕсдзӕни фондз азы, фӕлӕ нӕдӕр дӕхӕдӕг баййафдзынӕ исты хъуаг, нӕдӕр дӕ хӕдзаронтӕ, нӕдӕр дӕ фос”.
12Сымах дӕр ӕмӕ ме ’фсымӕр Вениамин дӕр уынут, уемӕ Иосиф кӕй ныхас кӕны, уый!13Мӕ фыдӕн фехъусын кӕнут, Мысыры мын цы стыр кад ис, уый. Цыдӕриддӕр федтат, уый йын рафӕзмут ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ардӕм ӕркӕнут».
14Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Иосиф йе ’фсымӕр Вениамины ӕф-цӕджы ныттыхст ӕмӕ ныккуыдта. Иосифыл ныттыхсгӕйӕ, куыдта Вениамин дӕр.15Цӕссыг калгӕйӕ, Иосиф фӕбатӕ кодта йе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ сӕ бон сси йемӕ ны-хас кӕнын.
16Фараоны галуанмӕ байхъуысти, зӕгъгӕ, ӕрцыдысты Иосифы ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ уыцы хабар фараонӕн ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн дӕр ӕхсызгон уыди.17Фараон Иосифӕн загъта: «Де ’фсымӕртӕн афтӕ бафӕдзӕхс мӕ номӕй: „Уӕ хӕрджытыл уӕргътӕ сӕвӕрут, фӕцӕут Ханааны зӕхмӕ
18ӕмӕ мӕм фӕстӕмӕ ӕрбацӕут уӕ фыдимӕ ӕмӕ уӕ хӕ-дзаронтимӕ. Ӕз уын ратдзынӕн Мысыры хуыздӕр зӕхх, ӕмӕ йын кайдзыстут йӕ бӕркадӕй”.19Ноджы ма сын ба-фӕдзӕхс, уӕ сабитӕ ӕмӕ, зӕгъ, уӕ устыты раласынмӕ Мысырӕй акӕнут уӕрдӕттӕ. Раласут, зӕгъ, уӕ фыды ӕмӕ ӕрбацӕут.20Уӕ фӕллӕйттӕ ныууадзын уӕм, зӕгъ, ӕвгъау ма фӕкӕсӕд — Мысыры зӕххыл хуыздӕрӕй цы ис, уыдон, зӕгъ, сымах уыдзысты».
21Гъемӕ афтӕ бакодтой Израилы фырттӕ. Иосиф сын фарао-ны фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ радта уӕрдӕттӕ, стӕй ма фӕндаггаг дӕр.22Ӕфсымӕртӕн радта фӕйнӕ фӕлысты дарӕс, Вениа-минӕн та — аст джиранкайы ӕвзист ӕмӕ фондз фӕлысты дарӕс.23Йӕ фыдӕн Иосиф дӕс нӕл хӕрӕгыл арвыста Мысыры хуыздӕр хӕзнатӕй, дӕс сыл хӕрӕгыл та хор ӕмӕ фӕндаггаг.
24Йе ’фсымӕртӕ куы цыдысты, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Фӕн-дагыл-иу быцӕу ма кӕнут».
25Афтӕмӕй ӕфсымӕртӕ рараст сты Мысырӕй ӕмӕ ӕрба-здӕхтысты Ханааны зӕхмӕ, сӕ фыдмӕ.26Радзырдтой йын: «Иосиф сӕрӕгас у, ӕлдариуӕг кӕны ӕппӕт Мысырӕн». Иаков фӕджих и — нӕ сыл ӕууӕндыди.27Фӕлӕ Иосифы ныхӕстӕ сӕ фыд Иаковӕн куы ра фӕзмыдтой, стӕй, йӕ раласыны тых-хӕй Иосиф цы уӕрдӕттӕ сӕрвыста, уыдон куы федта, уӕд ӕрцарди йӕ уд.28Израил загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕгас у нырма мӕ фырт Иосиф! Цӕуон ӕмӕ ма йӕ фе нон мӕ мӕлӕты размӕ».
Ӕртыккаг балц Мысырмӕ, ныр та — сӕ фыд ӕмӕ се ’ппӕт хӕдзаронтимӕ
Л /Г1Израил йе ’ппӕт исбонимӕ сыстади Ханааны зӕххӕй.
Беер-Шевӕмӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕн ӕрхаста нывӕндтӕ.2Ӕхсӕвы йӕм ӕргом рацыди Хуыцау ӕмӕ йӕм фӕсидти: «Иаков! Иаков!» Уый дзуапп рад-та: «Хъусын дӕм».3Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Ма тӕрс, цу Мысырмӕ — уым дӕуӕй рантысын кӕн-дзынӕн разагъды адӕм.4Мысырмӕ дӕр Мӕхӕдӕг ацӕудзынӕн демӕ, фӕстӕмӕ дӕр дӕ Мӕхӕдӕг ракӕндзынӕн уырдыгӕй. Иосиф дын йӕхи къухӕй ӕрӕхгӕндзӕни дӕ цӕстытӕ».5Ӕмӕ Иаков рацыди Беер-Шевӕйӕ. Фараон кӕй сӕрвыста, уыцы уӕр-дӕтты Израилы фырттӕ аластой сӕ фыд Иаковы, сӕ сабитӕ ӕмӕ сӕ устыты.6Семӕ райстой, Ханааны зӕххыл цы фос ӕмӕ исбон самал кодтой, уый дӕр.
Афтӕмӕй Иаков йӕ байзӕддагимӕ ӕрцыди Мысыры зӕх-мӕ.7Уырдӕм йемӕ ӕркодта йӕ цот ӕмӕ йӕ цо ты цоты — йе ’ппӕт байзӕддӕгты.
8Мӕнӕ Израил ӕмӕ йӕ байзӕддаг, Мысырмӕ чи ӕрцыди, уыдон — Иаков ӕмӕ йӕ фырттӕ.
Иаковы хистӕр фырт Рувим.9Рувимы фырттӕ: Ханох, Пал-лу, Хецрон, Карми.10Симеоны фырттӕ: Йемуел, Йамин, Охад, Йахин, Цохар, Шаул — йӕ ханаанаг усы лӕппу.11Левийы фырттӕ: Гершон, Кехат, Мерари.12Иудӕйы фырттӕ: Ер, Онан, Шела, Фарес, Зара. Ӕцӕг, Ер ӕмӕ Онан амардысты Ханааны зӕххыл. Фаресы фырттӕ: Есром ӕмӕ Хамул.13Иссахары фырт-тӕ: Тола, Пуа, Йашув, Шимрон.14-15Завулоны фырттӕ: Серед, Елон, Йахлеел.
Иаковӕн уыди чызг дӕр — Динӕ.
Адон сты Леайы цот, Иаковӕн Паддан-Арамы кӕй ныййард-та, уыдон. Лӕппуйӕ, чызгӕй ӕдӕппӕтӕй — ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз.
16Гады фырттӕ: Цифйон, Хагги, Шуни, Ецбон, Ери, Ароди, Арели.17Асиры фырттӕ: Имна, Ишва, Ишви, Бериа; сӕ хо — Се-рах. Бериайы фырттӕ: Хевер ӕмӕ Малкиел.18Адон сты, Лаван йӕ чызг Леайӕн кӕй радта, уыцы унӕут Зилпайы цот, уый Иаковӕн кӕй ныййардта, уыдон. Ӕдӕппӕтӕй — ӕхсӕрдӕс.
19Иаковы ус Рахилы лӕппутӕ: Иосиф ӕмӕ Вениамин.20Иоси-фӕн Мысыры зӕххыл райгуырдысты Манасси ӕмӕ Ефраим, Оны сауджын Потиферайы чызг Асенат ын кӕй ныййардта, уыдон.21Вениамины фырттӕ: Бела, Бехер, Ашбел, Гера, Наа-ман, Ехи, Рош, Муппим, Хуппим, Ард.22Адон сты Рахил ӕмӕ Иаковы цоты цот. Ӕдӕппӕтӕй — цыппӕрдӕс.
23Даны фырт Хушим.24Неффалимы фырттӕ: Йахцеел, Гуни, Йецер, Шиллем.25Адон сты, Лаван йӕ чызг Рахилӕн кӕй рад-та, уыцы унӕут Билхайы цот, уый Иаковӕн кӕй ныййардта, уыдон. Ӕдӕппӕтӕй — авд.
26Иаковимӕ Мысырмӕ чи ӕрцыди, йӕ уыцы байзӕддаг, йӕ фыртты устыты нӕ нымайгӕйӕ, ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсӕз ӕмӕ ӕртиссӕдзы.27Иосифы фырттӕ та, Мысыры йын чи рай-гуырди, уыдон, уыдысты дыууӕ. Афтӕмӕй Иаковы мыггаг, Мысырмӕ чи ӕрцыди, уыдон, ӕдӕппӕтӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы.
28Иаков Иосифмӕ арвыста Иудӕйы, цӕмӕй уый йӕ размӕ рацӕуа Гошенмӕ. Ӕмӕ Иаков йӕ хӕдзаронтимӕ Гошены зӕхмӕ куы бахӕццӕ и,29уӕд Иосиф дӕр сифтыгъта йӕ уӕр-дон ӕмӕ ссыди Гошенмӕ, йӕ фыд Израилмӕ. Йӕ цуры куы балӕууыди, уӕд йе ’фцӕджы ныттыхст ӕмӕ бирӕ фӕкуыдта.
30Израил Иосифӕн загъта: «Сӕрӕгасӕй ма дӕ кӕм федтон, уым ныр разы дӕн амӕлыныл дӕр».
31Иосиф йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йӕ фыды иннӕ хӕдзаронтӕн загъта: «Цӕуон фараонмӕ ӕмӕ йын фехъусын кӕнон: „Хана-аны зӕххӕй мӕм ӕрцыдысты ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ фыды ӕппӕт хӕдзаронтӕ.32Фыййау адӕм сты, фосдарджытӕ. Семӕ ӕртардтой сӕ лыстӕг фос ӕмӕ се стурвос, ӕрхастой се ’ппӕт исбон дӕр”.33Фараон уӕм куы фӕдзура ӕмӕ уӕ куы бафӕрса, цы куыстгӕнӕг стут, зӕгъгӕ,34уӕд-иу ын раттут ахӕм дзуапп: „Мах, дӕ нывонд фӕуӕм, нӕ фыдӕлтау не ’взонгӕй нырмӕ фосдарджытӕ стӕм”. Ӕмӕ уӕд Гошены зӕххыл баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ мысирӕгтӕ фыййӕуттыл былысчъил кӕнынц».
Л1Иосиф фараонмӕ бацыдис ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фыд “/ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты Ханааны зӕххӕй — ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон. Ӕрӕнцадысты Гошены зӕххыл».2Иосиф йе ’фсымӕртӕй фондзы бакодта фараоны размӕ.3Фараон сӕ бафарста: «Цы куыстгӕнӕг стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Мах, дӕ нывонд фӕуӕм, нӕ фыдӕлтау фыййӕуттӕ стӕм».4Ноджы ма загътой фараонӕн: «Мах ардӕм ӕрцыдыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фо сӕн нал и хизӕнуат — Ха-нааны зӕххыл, дӕ сӕрыл хаст фӕуӕм, скодта ӕвирхъау стонг заман. Гъемӕ нын, дӕ хорзӕхӕй, бар ратт, ӕмӕ Гошены зӕх-хыл ӕрцӕрӕм».5Фараон Иосифӕн загъта: «Дӕ фыд ӕмӕ дӕм де ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты,6ӕмӕ, зӕхх хуыздӕр кӕм у, уым сӕ ӕрцӕрын кӕн — Мысыры зӕхх иууылдӕр дӕ разы куы ис. Ӕрцӕрӕнт Гошены зӕххыл. Кӕд се ’хсӕн сӕрӕн адӕм зоныс, уӕд уыдонӕн та мӕ фос сӕ бӕрны бакӕн».
7Уӕд Иосиф фараоны размӕ бахуыдта йӕ фыд Иаковы дӕр, ӕмӕ Иаков фараонӕн раар фӕ кодта.8Фараон Иаковы бафар-ста: «Ныр дыл цал азы цӕуы?»9Иаков загъта: «А дунейыл хӕтӕнхуагӕй цӕрын сӕдӕ ӕртын азы. Цыбыр ӕмӕ зынвадат уыди мӕ цард. Мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, мӕнӕн уыйас нӕ бантыст».10Иаков та ногӕй раарфӕ кодта фараонӕн ӕмӕ йӕ цурӕй рацыд.
11Иосиф, фараоны фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсы-мӕрты ӕрцӕрын кодта Мысыры хуыздӕр зӕххыл, Рамесесы. Уым сын радта зӕххы хӕйттӕ.12Йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсы мӕртӕн, стӕй йӕ фыды иннӕ хӕдзаронтӕн, кӕмӕ цал сабийы уыди, уымӕ гӕсгӕ лӕвӕрдта хойраг.
Стонг заман Мысыры зӕххыл
13Стонг заман афтӕ стыхджын ис, ӕмӕ зӕххыл хойраджы мур нал баззади. Мысыр ӕмӕ Ханааны адӕмтӕ батадысты фыр ӕххормагӕй.14Ӕвзистӕй сӕм цы уыди, уый ӕгасӕй дӕр Иосифӕй хор ӕлхӕнынӕн бахъуыди. Иосиф ӕй ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ йӕ фараоны галуанмӕ бахаста.15Афтӕмӕй Мысыр ӕмӕ Ханааны ӕвзист нал баззади. Мысыры адӕм иууылдӕр ӕрбацыдысты Иосифмӕ ӕмӕ йын загътой: «Ӕри нын хойраг! Ӕви дӕ разы мӕлгӕ хъуамӕ акӕнӕм? Ӕвзист нӕм нал баз-зад!»16Иосиф сын афтӕ: «Кӕд уӕм ӕвзист нал ис, уӕд уын уӕ фосы сӕрмӕ ратдзынӕн хойраг».17Уыйадыл Иосифмӕ ӕрба-тардтой сӕ фос, ӕмӕ сын уый сӕ бӕхтӕ, сӕ фысвос, стурвос ӕмӕ хӕрджыты сӕрмӕ радта афӕдзваг хойраг.
18Аивгъуыдта уыцы аз, ӕмӕ та иннӕ аз дӕр ӕрбацыдысты Иосифмӕ ӕмӕ йын загътой: «Цы йӕ сусӕг кӕнӕм не ’лда-рӕй, не ’взист дӕр нал и, нӕ фос дӕр дӕу баци. Ницыуал нӕм баззади, цы дын раттӕм, ахӕмӕй, нӕхи ӕмӕ нӕ зӕххы-тӕй дарддӕр.19Ау, дӕ цӕсты раз хъуамӕ бабын уӕм ӕмӕ нӕ зӕххытӕ ӕдзӕрӕг фӕуой? Фӕлтау нын нӕхи дӕр ӕмӕ нӕ зӕххытӕ дӕр хойраджы сӕрмӕ айс, ӕмӕ ӕд зӕххытӕ суыдзы-стӕм фараоны цагъартӕ. Ратт нын тауинаг, цӕмӕй удӕгасӕй аирвӕзӕм, науӕд быныскъуыд кӕнӕм, ӕмӕ заууатмӕ ӕрцӕу-дзӕни зӕхх дӕр».
20Афтӕмӕй Иосиф фараонӕн балхӕдта ӕппӕт Мысыры зӕх-хытӕ. Мысирӕгтӕ сыдӕй мӕлынмӕ куы ӕрцыдысты, уӕд ауӕй кодтой сӕ хуымтӕ, ӕмӕ зӕхх баци фараоны исбон.21Мысыры адӕмы та — бӕстӕйӕн йӕ иу кӕронӕй иннӕмӕ — Иосиф скодта фараоны цагъартӕ.22Ӕрмӕст сауджынты зӕххытӕ нӕ балхӕдта, уымӕн ӕмӕ сауджынтӕн хай уыди фараоны бӕркадӕй. Уымӕй цардысты, ӕмӕ нӕ ауӕй кодтой сӕ зӕх-хытӕ.
23Иосиф Мысыры адӕмӕн загъта: «Гъеныр уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ зӕххытӕ дӕр балхӕдтон фараонӕн. Мӕнӕ уын хор тауинагӕн.24Тыллӕг куы исат, уӕд ын йӕ фӕндзӕм хай дӕттут фараонӕн, цыппар хайы та уын — тауинагӕн, стӕй хӕ-рынӕн: уӕхицӕн, уӕ хӕдзаронтӕн ӕмӕ уӕ сабитӕн».25Уыдон загътой: «Ды нӕ ирвӕзын кӕныс! Уыцы хорздзинад дӕр ма нын дӕ цӕст куы бауарзид, не ’лдар, ӕмӕ куы суаиккам фа-раоны цагъартӕ».26Иосиф Мысыры цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уый ма суанг абон дӕр йӕ тыхы ис: тыллӕджы фӕндзӕм хай фараоны у. Ӕрмӕст сауджынты зӕххытӕй ницы ӕрхауди фа-раонмӕ.
Иаковы фӕстаг арфӕ йӕ байзӕддагӕн
27Израилӕгтӕ ӕрцардысты Мысыры, Гошены зӕххыл, цот рауагътой ӕмӕ сбирӕ сты.28Иаков Мысыры зӕххыл фӕцарди ӕвддӕс азы, ӕмӕ йыл уым сӕххӕст ис сӕдӕ цыппор авд азы.
29Израилӕн йӕ адзал куы ӕрхӕстӕг и, уӕд басидт йӕ фырт Иосифмӕ: «Кӕд мӕ нымайыс, уӕд мын дӕ къухӕй мӕ сагӕхтӕм бавнал ӕмӕ ард бахӕр, иузӕрдион ӕмӕ мын уарзӕгой фырт кӕй разындзынӕ, уый тыххӕй. Мысыры-иу мын ма бавӕр мӕ мард,30фӕлӕ-иу мӕ нӕхимӕ мӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕр. Иосиф ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзынӕн».
31Израил загъта: «Ард мын бахӕр». Иосиф ын ард бахордта, ӕмӕ Израил йӕ нывӕрзӕныл ӕруагъта йӕ сӕр.
Л1Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Иосифмӕ фӕхабар чын-дӕуыди, дӕ фыд фӕрынчын и, зӕгъгӕ, ӕмӕ Иосиф йемӕ ракодта йӕ дыууӕ фырты, Манасси ӕмӕ Ефраимы, ӕмӕ араст ис Иаковмӕ.2Иаковӕн загътой, йӕ фырт Иосиф ӕм кӕй ӕрбацыди, уый. Израил йӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кодта ӕмӕ йӕ хуыссӕны рабадт.3Иаков Иосифӕн загъта: «Кӕддӕр мӕм Ӕппӕтхъом Хуыцау ӕргом рацыди Лузы, Ханааны зӕххыл, ӕмӕ мын раарфӕ кодта.4Загъта мын: „Ӕз дӕ сбирӕ кӕндзы-нӕн — тынг бирӕ уыдзӕни дӕ байзӕддаг, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн хӕдзарвӕндӕгтӕ, дӕ байзӕддагӕн мыггагмӕйы исбонӕн ратдзынӕн ацы зӕхх”.5Гъемӕ, Мысырмӕ дӕм цалын-мӕ ӕрцыдтӕн, уӕдмӕ дын ам цы дыууӕ хъӕбулы райгуырди, уыдонӕй ныр мӕхицӕн зӕгъын фырттӕ. Ардыгӕй фӕстӕмӕ Ефраим ӕмӕ Манасси, Рувим ӕмӕ Симеонау, уыдзысты мӕ цотыл нымад.6Сӕ фӕстӕ ма дын чи рантыса, уыдон та ны-мад уыдзысты дӕхи цотыл, ӕмӕ фыдӕй фыртмӕйы исбон райсдзысты сӕ хистӕр ӕфсымӕрты зӕххыл.7Уымӕй де ’дзард мад Рахилы сӕр нымайын. Падданӕй куы рацыдтӕн, уӕд, Ханааны зӕххыл, Ефратӕмӕ нӕма бахӕццӕ стӕм, аф-тӕмӕй, ме ’намондӕн, амарди Рахил. Йӕ мард дӕр ын уым бавӕрдтон, Ефратӕмӕ фӕндагыл». Ефратӕ ныр хуыйны Виф-леем.
8Израил Иосифы фыртты куы федта, уӕд ӕй бафарста: «Адон дын чи сты?»9Иосиф йӕ фыдӕн дзуапп радта: «Мӕ фырттӕ, Хуыцау мын ам кӕй радта, уыдон». Иаков ын загъта: «Ӕрбакӕ-ма сӕ, ӕмӕ сын ар фӕ ракӕнон».10Израил базӕронд и, ӕмӕ цӕстӕй тынг фӕцудыдта. Иосиф лӕппуты йӕ фыды уӕлхъус ӕрлӕууын кодта, ӕмӕ сын уый фӕхъӕбыстӕ ӕмӕ фӕбатӕ кодта. "Иосифӕн загъта: «Дӕхи дын фендзынӕн, уый ӕнхъӕл дӕр нал уыдтӕн, афтӕмӕй мын Хуыцау дӕ байзӕддӕгты дӕр ма фенын кодта».12Иосиф сабиты Израилы хъӕбысӕй рахи-зын кодта ӕмӕ йӕ разы адӕлгом и зӕххыл.
13Уый фӕ стӕ Иосиф Ефраимы ӕрлӕууын кодта йӕ рахиз фарс — Израилы галиу къухы акомкоммӕ, Манассийы та йӕ галиу фарс — Израилы рахиз къухы акомкоммӕ, ӕмӕ та йӕм сӕ бакодта.14Фӕлӕ Израил, йӕ къухтӕ дзуарӕвӕрд скӕнгӕйӕ, йӕ рахиз къух ӕрӕвӕрдта Ефраимы — кӕстӕры сӕрыл, йӕ галиу къух та Манассийы сӕрыл, кӕд уый хистӕр уыди, уӕддӕр.15Ӕмӕ Израил Иосифӕн раар фӕ кодта:
«Мӕ фыдӕлтӕ, Авраам ӕмӕ Исаак, коммӕгӕс Кӕмӕн уыдысты,
мӕ райгуырдӕй нырмӕ мын Фыййау цы Хуыцау у,
16алы бӕллӕхӕй мӕ Чи хызта, уыцы зӕд ракӕнӕд ацы лӕппутӕн арфӕ!
Ацы лӕппутӕ хӕссӕнт-иу мӕ ном,
стӕй Авраамы ӕмӕ Исаакы — мӕ фыдӕлты — ном!
Дунейыл бир-бирӕ бауӕд сӕ байзӕддаг!»
17Иосиф ӕй Ефраимы сӕрыл йӕ рахиз къух ӕрӕвӕргӕ куы федта, уӕд уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ фыды къух-мӕ бавнӕлдта, Ефраимы сӕрӕй йӕ хъавыди Манассийы сӕрмӕ айсын.18Загъта йын: «Афтӕ нӕ, мӕ фыд. Мӕнӕ уый у хистӕр. Уый сӕрыл ӕрӕвӕр дӕ рахиз къух».19Фӕлӕ йӕм фыд нӕ байхъуыста, загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын. Уы-мӕй дӕр рантысдзӕн адӕм, уый дӕр уыдзӕни номдзыд лӕг. Фӕлӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр суыдзӕни ноджы номдзыддӕр, йӕ байзӕддаг уыдзысты ӕнӕнымӕц».
20Гъе афтӕмӕй сын уыцы бон Иаков раарфӕ кодта, ӕмӕ Иосифӕн загъта:
«Израилы адӕм кӕрӕдзийӕн, дӕ ном аргӕйӕ, арфӕтӕ кӕндзысты — зӕгъдзысты-иу: „Хуыцауы арфӕ сӕмбӕлӕд Ефраимау, Манассийау дӕуыл дӕр!”»
Афтӕмӕй Ефраимы фӕуӕлдӕр кодта Манассийӕ.
21Уый фӕстӕ Израил Иосифӕн загъта: «Ӕз ныр мӕлгӕ кӕнын, фӕлӕ Хуыцау сымахыл ауддзӕн ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ фӕкӕндзӕн уӕ фыдӕлты зӕхмӕ.22Ӕз та дын дӕттын де ’фсымӕрты хӕйттӕй хуыздӕр хай. Аморӕгтӕй йӕ кард ӕмӕ фатӕй байстон».
Л1Иаков йӕ фырттӕм басидт ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбам-“ бырд ут, ӕмӕ уын радзурон, фидӕны уӕм цы кӕсы, уый.
2Ӕртымбыл ут, ӕрбайхъусут, Иаковы фырттӕ, ӕрбайхъусут Израилмӕ, уӕ фыдмӕ.
3-4Рувим, ды дӕ мӕ хистӕр фырт, мӕ хъару, мӕ хъомысы фыццаг ӕнтыст дӕ ды,
Ӕгӕр нӕрӕмон, ’нӕрцӕф ӕмӕ хъал гуырд.
Нӕ сахуыр дӕ хӕцын дӕ монцты рохыл,
Дӕ фыды уатмӕ ’рбарӕдыдтӕ, уӕууа, мӕ нывӕрзӕн фӕчъизи кодтай, сонт лӕг,
Куыд ма бауа ныр хистӕры кад дӕу!
5Симеон ӕмӕ Леви — ӕмсывӕр, иу мады зӕнӕг: ӕрцӕуы сӕм фыдвӕндтӕ, ӕмӕ бакӕнынц тыхми.
6Нӕ уыдзынӕн ӕз уыдонимӕ ’мдзӕхдон, сӕ цӕдисмӕ нӕ бавӕрдзынӕн къах, —
Сӕ карды фындзыл сау мӕлӕт куы хастой, ӕгомыг фосы дӕр фӕкодтой-иу уӕнгцухтӕ!
7Ӕлгъыст фӕуӕд сӕ араугӕ маст, се знӕт, ӕлгъыст фӕуӕд сӕ агъуыд зонд!
Ӕз сын, ӕнӕмӕнг, ба кӕндзынӕн афтӕ,
Куыд фӕхауа сӕ хал ӕмӕ сӕ бӕндӕн!
Куыд ныппырх уа Израилы сӕ мыггаг.
8Ӕфсымӕртӕ дӕ стаудзысты, Иудӕ!
Дӕ фыды фырттӕ кувдзысты дӕуӕн,
Фыдгулӕн-иу куы рацахсай йӕ бӕрзӕй,
Куы йӕ фӕкӕнай сау рыджы бын, уӕд.
9Иудӕ! Ды ӕвзонг домбай дӕ, растдӕр.
Ӕнӕ ӕфтиаг никуы здӕхыс цуанӕй:
Йӕ амӕттаджы цур йӕхи ӕруадзы,
йӕ райхъал кӕнын чи бауӕнддзӕн ныр?
10Уыдзӕн дӕ къухы паддзахы лӕдзӕг, уыдзӕн дӕ бадӕн — паддзахы къӕлӕтджын, дӕ байзӕддаг ӕдзух ӕлдариуӕг кӕндзӕни, Ӕмӕ йын адӕмтӕ та хъалондар уыдзысты, ӕмӕ кӕсдзысты алкӕддӕр йӕ коммӕ.
11Уӕд цардӕй къӕртт ӕппардзӕни Иудӕ, сӕнӕфсирыл йӕ хӕрӕджы куы бӕтдзӕн, йӕ къӕлӕуы-иу — талаты хуыздӕрыл. Сӕнӕфсиры доны ’нхъӕвздзӕни йӕ пӕлӕз, куы ’нхъӕвздзӕнис йӕ дарӕс дӕр сӕны.
12Йӕ цӕстытӕ ысты сырх сӕнӕй тардӕр, йӕ дӕндӕгтӕ ысты ӕхсырӕй урсдӕр.
13Ды, Завулон! Ӕввахс цӕрдзынӕ фурдмӕ, ӕмӕ дӕ бӕстӕ наулӕууӕн ысуыдзӕн.
Дӕ арӕнтӕ ӕххӕсдзысты Сидонмӕ.
14-15Ды, Иссахар! Ныггуыбыр уыдзӕн д’ астӕу, Дӕ уӕззау уаргъ ӕмпъухдзынӕ цагъарау.
Йӕ быны-иу цола хӕрӕгау ды ӕрхаудзынӕ дӕ уӕрджытыл.
Гъе ахӕм у ӕвӕлмас уды фиддон, — Рӕсугъд дӕлвӕзы улӕфын кӕй уарзтай, кӕй бӕллыдтӕ ӕнцад-ӕнӕмӕт цардмӕ, дӕ сӕнттӕ дӕ сӕ уӕлныхты кӕй хастой!..
16Ды, Дан, тӕрхоны лӕг Израилӕн уыдзынӕ. Ӕмӕ дын уый тыххӕй Израилы мыггӕгтӕ Дӕ мыггагӕн кӕндзысты кад.
17Дӕ фӕндагыл ды басгуыхдзынӕ хилӕг, ды къахвӕндагыл бабаддзынӕ калмау: бӕхы счъилыл фӕхӕцы уый ӕваст, —
уӕлбӕхӕй барӕг асхъиуы уӕлгоммӕ.
Раст афтӕ-иу фӕтых уыдзынӕ знӕгтыл!
18Йа, Дунедарӕг, дарын Дыл мӕ зӕрдӕ!
19Ды, Гад! Цӕвдзысты-иу дыл стигъджытӕ сӕхи, фӕлӕ сӕ-иу фӕсурдзынӕ дӕхӕдӕг.
20Ды, Асир! Дӕ бӕркадӕн нӕ уыдзӕни ныккӕнӕн, цӕттӕ кӕндзынӕ паддзахӕн хӕрзад хӕлц.
21О, Неффалим, ды саджы фисынтыл амад дӕ, рӕувад ӕмӕ рӕсугъд уыдзынӕ сагау.
22Иосиф, ды — сӕнӕфсиры цъӕх тала, сӕнӕфсиры цъӕх тала суадоны сӕрмӕ.
Дӕ къабузтӕ ӕмбондау — ӕнгом ӕмӕ бӕрзонд.
23Ӕндзӕрстой дыл ӕрдынджынтӕ сӕхи, фыдӕхӕргомӕй дыл сӕ фӕттӕ уагътой.
24Фӕлӕ сӕм ды фӕлӕууыдтӕ хъӕддых, ды сыл дӕхӕдӕг ралӕууыдтӕ фатӕй. Хъомысджын, Иаковы Хуыцау,
Дӕ фарсхӕцӕг куы уыди!
Ды Уый фӕрцы Израилӕн — йӕ фыййау, йӕ хъахъхъӕнӕг, йӕ ныфсы мӕсыг — ды.
25Дӕ фыды Хуыцау аудӕд дӕуыл,
Ӕппӕтхъомысы арфӕ дыл ӕмбӕлӕд:
Уӕларвы ’ртах ӕмӕ дӕлзӕххы фурдӕй,
дӕ дзаджджын хуымтӕ донӕфсӕст цы ’ййафой, бир-бирӕ дӕ байзӕддаг цы бауа, бир-бирӕ — дӕ фос.
26Ӕнусон хӕхтӕй ноджыдӕр бӕрзонддӕр дӕ кад, дӕ намыс сырӕзӕд!
Сӕ бӕркӕдтӕй хъӕздыгдӕр та дӕ хуымты бӕркад басгуыхӕд.
Ӕппӕтӕй дӕр ысхайджын у, Иосиф,
Ӕфсымӕрты ’хсӕн ды куы дӕ ӕвзӕрст.
27Вениамин, ды тугдзых бирӕгъау уыдзынӕ, дӕ тӕлӕттаг сӕумӕрайсом хӕрдзынӕ, изӕры дӕр уӕнгтӕ кӕндзынӕ де ’фтиаг».
28Гъе адон сты Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы. Гъе ахӕм арфӕтӕ сын ракодта сӕ фыд, алкӕмӕн дӕр — сӕрма-гондӕй.
Иаковы мӕлӕт
29Иаков йӕ фырттӕн бафӕдзӕхста: «Ныр ӕз мӕрдтӕм, мӕ рагфыдӕлты размӕ бацӕуинаг дӕн, ӕмӕ-иу мӕ бавӕрут, хет-таг Ефроны быдыры цы лӕгӕт ис, уым.30Лӕгӕт ис Ханааны зӕххыл, Мамрейы ныхмӕ Махпелайы быдыры. Авраам уыцы быдыр фыдӕй фыртмӕйы исбонӕн балхӕдта хеттаг Ефронӕй, уӕлмӕрдӕн.31Уым бавӕрдтой Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕйы, уым бавӕрдтой Исаак ӕмӕ йӕ ус Ревеккӕйы дӕр, ӕз та дзы бавӕрдтон Леайы.32Уыцы быдыр ӕд лӕгӕт хеттӕгтӕй ӕл-хӕд у».33Иаков йӕ фырттӕн ацы фӕдзӕхстытӕ куы ракодта, уӕд йӕ къӕхтӕ хуыссӕнмӕ систа ӕмӕ ахицӕн ис. Йӕ фыдӕл-ты размӕ бацыди.
/Л1Иосиф ныддӕлгом ис йӕ фыдыл ӕмӕ йын, цӕссыг згъалгӕйӕ, фӕбатӕ кодта.2Уый фӕстӕ бафӕдзӕхста йӕ лӕггадгӕнӕг дохтыртӕн, цӕмӕй йын йӕ фыды мардмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базилой. Ӕмӕ дохтыртӕ базылдысты Израилы мардмӕ.3Архайдтой йыл дыууиссӕдз боны дӕр-гъы — ӕгъдау куыд амыдта, афтӕ. Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз боны йыл фӕхъыг кодтой Мысыры адӕм.
4Саударӕн бонтӕ куы фесты, уӕд Иосиф бахатыди фараоны галуаны адӕммӕ: «Кӕд мын уыцы хорз ракӕнын уӕ бон у, уӕд уӕ курын, ӕмӕ фараонӕн мӕ номӕй зӕгъут:5„Мӕ фыд мын ард бахӕрын кодта — афтӕ мын бафӕдзӕхста, куы амӕлон, уӕд-иу мӕ, Ханааны зӕххыл мӕхицӕн цы зӕппадз скодтон, уым бавӕр, зӕгъгӕ. Гъемӕ мын бар ратт, цӕмӕй ацӕуон ӕмӕ мӕ фыды бавӕрон. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхдзынӕн”».6Фараон ын бар радта: «Ацу ӕмӕ бавӕр дӕ фыды, ард дын куыд бахӕ-рын кодта, афтӕ».
7Иосиф араст ис йӕ фыды мард бавӕрынмӕ. Йемӕ рацыдысты фараоны фӕсдзӕуинтӕ, йӕ барджынтӕ ӕмӕ Мысыры кадджын хистӕртӕ,8стӕй Иосифы хӕдзаронтӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — йӕ фыды ӕппӕт хӕдзар. Гошены зӕххыл ма баззадысты ӕрмӕст сӕ сабитӕ, сӕ лыстӕг фос ӕмӕ стурвос.9Иосифимӕ рацыды-сты уӕрдонджынтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ дӕр. Тынг бирӕ адӕм рацыди йӕ фӕдыл.
10Иорданы фале Горен-Атадмӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уым Иосифы фыдыл еххӕй фӕкуыдтой, фӕбогъ-богъ кодтой; фӕхъыг ыл кодтой авд боны.11Уыцы зӕххы цӕрджытӕ, хана-анӕгтӕ, Горен-Атады куыд дзынӕзтой, уый куы федтой, уӕд загътой: «Куыд тынг кӕуынц мысирӕгтӕ!» Уымӕ гӕсгӕ ацы бынат схуыдтой Авел-Мицраим, ома «мысирӕгты кӕуын». Ис Иорданы фале.
12Иаковы фырттӕ сӕххӕст кодтой сӕ фыды фӕдзӕхст,
13ахастой йӕ Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, Мамрейы ныхмӕ Махпелайы быдыры цы лӕгӕт уыди, уым. Ацы быдыр кӕддӕр Авраам фыдӕй фыртмӕйы исбонӕн бал-хӕдта хеттаг Ефронӕй, уӕлмӕрдӕн.14Иосиф йӕ фыды куы бавӕрдта, уӕд йе ’фсымӕртимӕ ӕмӕ, йӕ фыды зианы фӕдыл чидӕриддӕр рацыди, уыдонимӕ ӕрбаздӕхти Мысыр-мӕ.
Иосиф йе ’фсымӕртимӕ куыд бафидыдта
15Иаковы мӕлӕты фӕстӕ Иосифы ӕфсымӕртӕ ныссагъӕс кодтой: «Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма нӕм Иосиф хӕрам у, цы фыд ын ракодтам, уый тыххӕй нӕ йӕ маст райсдзӕн».16Ӕмӕ Иосифмӕ барвыстой: «Дӕ фыд нын йӕ мӕлӕты размӕ ныффӕ-дзӕхста,17Иосифӕн, дам, зӕгъут: де ’фсымӕртӕн ныббар сӕ тӕригъӕд, сӕ азым — цы фыдми дын бакодтой, уый. Гъемӕ дӕ курӕм, ныххатыр кӕн, дӕ хорзӕхӕй, сӕ азым дӕ фыды Хуыцаумӕ кувджытӕн». Уыцы ныхӕстӕ йын куы кодтой, уӕд Иосиф куыдта.
18Ӕфсымӕртӕ йӕм сӕхӕдӕг дӕр ӕрбацыдысты, ныддӕлгом сты йӕ разы ӕмӕ загътой: «Нырӕй фӕстӕмӕ дын мах — ца-гъартӕ».19Фӕлӕ сын Иосиф загъта: «Тӕрсгӕ мӕ ма кӕнут! Ӕз Хуыцау, мыййаг, куы нӕ дӕн.20Фыдвӕнд уӕ зӕрды уыди, фӕлӕ уын ӕй Хуыцау хорзырдӕм фӕкодта, цӕмӕй ӕрцӕуа, абон цы уынӕм, уый: бирӕ адӕм фервӕзтысты мӕлӕтӕй.
21Гъемӕ ма тӕрсут. Ӕз уын дардзынӕн уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ са-биты дӕр». Уыцы рӕвдауӕн ныхӕстӕй Иосиф ӕрсабыр кодта йе ’фсымӕрты.
22Афтӕ Иосиф йӕ фыды ӕппӕт мыггагимӕ ӕрцарди Мысы-ры. Фӕцарди дӕс ӕмӕ фондзыссӕдз азы.23Ӕрӕййӕфта ма Ефраимы фыртты фыртты. Манассийы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты.24Ӕмӕ загъта Иосиф йе ’фсымӕртӕн: «Мӕнӕн мӕ адзал ӕрцыди, фӕлӕ Хуыцау сымах ӕнӕмӕнг ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Иаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм».25Ӕмӕ Израилы фырттӕн ард бахӕрын код-та — бафӕдзӕхста сын: «Искӕд бон Хуыцауы зӕрдыл куы ’рлӕууат, уӕд-иу мын ме стджытӕ ардыгӕй ахӕссут».
26Иосиф амарди, дӕс ӕмӕ фондзыссӕдз азы йыл куы цыди, уӕд. Йӕ мардмӕ йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базылдысты, чырыны йӕ нывӕрдтой ӕмӕ йӕ Мысыры зӕххыл бафснайдтой.
ФӔСНЫХАС
Чырыстон Библийы 77 чиныджы дих кӕнынц дыууӕ егъау хайыл: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхстыл. Фыццаджы — Рагон Фӕдзӕх-сты ис Моисейы фондз чиныджы, Хуыцауы ӕвзӕрст Израилы адӕмы историйы чингуытӕ, Пехуымпарты чингуытӕ ӕмӕ куырыхондзинады чингуытӕ. Рагон Фӕдзӕхст фыст у рагдзуттаг, арамейаг ӕмӕ рагбер-дзенаг ӕвзӕгтыл.
«Райдиан» у Моисейы фыццаг чиныг. Ирон ӕвзагмӕ ивд ӕрцыди рагон дзуттаг ӕвзагӕй, ВШНа НеЬга1са ЗШИдаЛепыа1, зӕгъгӕ, уыцы чиныгӕй. Абоны онг уый нымад у, чырыстон аргъуан кӕй айста, ахӕм иууыл бӕлвырд ӕмӕ ӕууӕнкаккагдӕр рауагъдыл.
Сыгъдӕг Фысты райдианы тӕлмацтӕй махмӕ ӕрхӕццӕ сты 50-ӕм псалом, дӕс фӕдзӕхсты ӕмӕ куывдтытӕ. Мыхуыргонд сты 1798 азы уагъд катехизисы. Уыцы катехизис традицимӕ гӕсгӕ хонӕм фыццаг ирон чиныг. XIX ӕнусы райдианы рухстауӕг Ӕгъуызаты (Гӕбӕраты) Иуане йӕ мадӕлон ӕвзагмӕ раивта цыппар Евангелийы. Цыбыр рӕ-стӕгмӕ сӕ Уӕрӕсейы Библийы ӕхсӕнады комитет Мӕскуыйы 2 мин чиныгӕй джиппы рауагъта ӕмӕ сӕ ирон аргъуантыл байуӕрста2.
Библи тӕлмац кӕнынмӕ Ирыстоны разӕнгардӕй бавнӕлдтой XIX ӕнусы астӕу, академик А. М. Шёгрен ирон алфавит куы сарӕзта, уый хӕдфӕстӕ. 1848 азы Бетъырбухы рацыди «Стыды чиныг», кӕнӕ «Псалтыр», 1861 азы Тифлисы — цыппар Евангелийы, Григорий Мже-дловы тӕлмацӕй. Дины чингуытӕ уадзыны сӕрмагонд комитет ма йыл ногӕй бакуыста, афтӕмӕй джиппы рацыди цалдӕр хатты. 1862 азы Тифлисы рухс федтой Апостолты фыстӕджытӕ, ирон ӕвзагмӕ сӕ раивта Цорӕты Васили (Елдзарыхъо). Дины чингуытыл кусгӕйӕ, Сыгъдӕг Фыстӕй цӕстахадгӕ хӕйттӕ ратӕлмац кодтой Ирыстоны динамонджытӕ — архимандрит Иосиф (Чепиговский), протоиерей Колыты Алекси (Аксо) ӕмӕ иннӕтӕ.
1917 азы, Октябры цауты фӕстӕ, Ирыстоны Библийы тӕлмацыл куыст бамынӕг ис дӕргъвӕтин рӕстӕгмӕ. 1927 азы Берлины мыхуыры рацыди пехуымпар Даниилы чиныг. Ирон ӕвзагмӕ йӕ раивта Байаты Гаппо. Гаппо ма ноджы ратӕлмац кодта Апостолты хъуыддӕгтӕ, Апо-столты фыстӕджытӕ ӕмӕ Апостол Иоанны Ӕргомады чиныг, фӕлӕ йын къухфыстӕй баззадысты. 1973 азы Библи тӕлмацгӕнӕг институт (БТИ) Стокгольмы репринтӕй рауагъта, ӕнусы ӕрдӕджы размӕ иронау цы 4 Евангелийы чиныг рацыди, уый; 1993 азы рухс федта Ног Фӕ-дзӕхсты ӕххӕст рауагъд — уый дӕр Евангелийы зӕронд текст ӕмӕ, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, Байаты Гаппойы уыцы тӕлмацты бындурыл. 2004 азы ма БТИ бацӕттӕ кодта Ног Фӕдзӕхсты ног тӕлмац, 2006 азы та — Рагон Фӕдзӕхсты дыууӕ чиныджы — Райдиан ӕмӕ Рацыд.
Дӕс азы размӕ Уӕрӕсейы Библийы ӕхсӕнад (УБӔ) сарӕзта Библийы тӕлмацгӕнджытӕ цӕттӕ кӕныны программӕ ӕмӕ йӕ ӕнтыстджы нӕй ӕххӕст дӕр кӕны. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ХХ ӕнусы Сыгъдӕг Фыст иртасыны хъуыддаг — динахуырады дӕснытӕ, филологтӕ, лингвисттӕ, историктӕ, археологтӕ ӕмӕ ӕндӕрты фӕрцы — егъау санчъехтӕ акодта размӕ. Ӕппӕт ацы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад уӕрӕсейаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг специалисттӕ суинаг тӕлмацгӕнджытӕн нӕ бахӕлӕг кодтой, къорд азы дӕргъы семӕ куыстой Уӕрӕсейы Библийы ӕхсӕна-ды программӕмӕ гӕсгӕ. Тӕлмацгӕнджыты иу хай рагдзуттаг ӕвзаг дӕр кӕй сахуыр кодта, уый фӕрцы фыццаг хатт фӕзындис Сыгъдӕг Фыст оригиналӕй комкоммӕ ирон ӕвзагмӕ раивыны фадат. Уымӕй размӕ-иу ацы нысан ӕххӕст кодтой уырыссаг, бердзенаг кӕнӕ ӕндӕр ӕвзӕгты ӕххуысӕй. 2002 азы УБӔ райдыдта Рагон Фӕдзӕхст ирон ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнын. Уыцы куыстмӕ сӕ цӕст лӕмбынӕг дарынц библииртасынад ӕмӕ Хуыцауы дзырдахуырады, ӕвзагзонынады дӕсны-тӕ. Тӕлмацгӕнджыты размӕ лӕууы егъау ӕмӕ иттӕг вазыгджын хӕс: Рагон Фӕдзӕхст уыдон нырыккон ирон ӕвзагмӕ ахӕм хуызы хъуамӕ раивой, цӕмӕй дзы рагон тексты мидызмӕлд, гӕнӕн куыд ис, афтӕ ӕххӕстӕй разына ӕмӕ уыимӕ хуымӕтӕг чиныгкӕсӕгӕн та уа ӕнцо-нӕмбарӕн. Архаизмтӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕй ӕрбайсгӕ дзырдтӕй дӕр гъе уымӕн не ’мбӕлы ӕнӕхъуаджы арӕх пайда кӕнын.
Ныфс нӕ ис: Хуыцауӕн дунейы ӕхцондӕр цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдоны ахсджиагдӕртӕй иу у Сыгъ дӕг Фысты тӕлмац. Фӕлӕ тынг уӕззау куыст у. Уымӕн ӕмӕ Чингуыты чиныг, ома Библи, йемыдзаг цы Хуыцауы уӕлзонынадӕй у, уый кӕцыфӕнды ӕвзагыл дӕр ӕмбӕ-лон хуызы равдисын, ӕвӕццӕгӕн, къухы зынтӕй бафтдзӕни. Хуыцау йӕхӕдӕг зӕгъы Пехуымпар Исайы чиныджы (55:9): «...зӕххӕй арв цас бӕрзонддӕр у, уыйас бӕр зонддӕр сты Мӕ фӕндӕгтӕ сымах фӕндӕг-тӕй, ӕмӕ Мӕ хъуыдытӕ — сы мах хъуыдытӕй». Оригиналон тексттӕ дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕххон адӕм фыстой, фӕлӕ уыдонӕн бирӕ ӕнцондӕр уыди, — цы фыссой, уый сын сӕ зӕрдӕты Хуыцау йӕхӕдӕг кӕй ӕфтыдта кӕнӕ та-иу сын ӕй комкоммӕ кӕй амыдта, уымӕ гӕсгӕ. Ноджы ма кӕд уыдысты, Хуыцауы комы тӕфӕй хайджын чи у, ахӕм разагъды лӕгтӕ!
Тӕлмацгӕнджыты къорд хорз зоны ирон фольклоры хъӕздыг ӕвӕрӕнтӕ, ирон классикон ӕмӕ абоны литературӕйы традицитӕ ӕмӕ сӕ дӕсны спайда кодта. Йӕ куыст арӕзта динамикон тӕлмацы домӕнтыл, цӕмӕй текст зӕла мадӕлон ӕвзагыл фыстау.
Моисейы фыццаг чиныгӕн алы ӕвзӕгтӕ ӕмӕ культурӕты ис алы-хуызон нӕмттӕ: рагдзуттаг традицийы йӕ хонынц фыц цаг дзырдмӕ гӕсгӕ «Берешит» — «Райдианы», бердзенӕгтӕ йын радтой ном «Ге-несис», ома «равзӕрд», уырыссӕгтӕ — «Уӕвынад». Мах ӕй схуыдтам «Райдиан».
Райдианы чиныджы ӕмбӕлӕм, махӕн ӕцӕгӕлон чи у, ахӕм фӕсномыг ныхас ӕмӕ ӕмбисӕндтыл, ӕнахуыр метафорӕтыл, ӕппынфӕстаг-мӕ — дунейы бынтон ӕндӕр нывыл. Уыцы дуне мах, йӕ арӕзты йын цы хъауджыдзинад иртасӕм, канд уымӕй нӕ цымыдис кӕны (ис дзы зӕдты уӕларв бадӕн, зӕххон адӕмы астӕуккаг дуне ӕмӕ тар, ӕнтъы-снӕг Шеол — мӕрдты бӕстӕ). Хицӕн сты ам хӕрзӕгъдауы домӕнтӕ дӕр, къайад, хӕларад, бинонты царды ахаст. Уыдӕттӕ хынцгӕйӕ, тӕлмац сифтонг кодтам цыбыр бӕрӕгуатон ӕрмӕгӕй.
«Райдиан»-мӕ нӕй алы хабӕрттӕ ӕмӕ таурӕгъты рагон ӕмӕ хуымӕтӕг ӕмбырдгонды цӕстӕй кӕсӕн. Истори чиныджы нывӕст цӕуы дунейы сфӕлдыстӕй Иаков ӕмӕ Рахилы фырт Иосифы мӕлӕты онг. Ис дзы ӕртӕ сӕйраг хайы: фыццаджы базонгӕ вӕййӕм дунейы ӕмӕ ӕмткӕй адӕм ты историйы райдайӕн фӕлтӕримӕ (1-11), дыкка-джы — патриархтӕ Авраам, Исаак, Иаков ӕмӕ сӕ бинонтимӕ (12-36); фӕстаг хайы та Иосиф ӕмӕ йе ’фсымӕрты цардимӕ, Мысырмӕ куыд афтыдысты, уы цы хабӕрттимӕ (37-50).
Дунесфӕлдысты истори куыд ӕвдыстӕуы (1-2), афтӕмӕй дзурӕг у, Йе сконд дунейы ӕдде Чи ис, уыцы иунӕг Хуыцауыл. Дуне Хуыцауы бархъомысӕй кӕй сӕвзӕрди, уымӕ гӕсгӕ ӕгасӕй дӕр хъуамӕ йӕ коммӕ кӕса. Дунейы сфӕлдыст нӕу ӕнӕнхъӕлӕджы цау. Уый у, арф кӕй банкъардӕуыд ӕмӕ биноныг хъуыдыгонд чи уыди, Хуыцауы ахӕм уынаффӕйы фӕстиуӕг. Хуыцау адӕймаджы Йӕхи ӕнгӕс скодта, ӕмӕ уый уыди космогонион архайды иууыл бӕрзонддӕр къӕпхӕн. Гъе ӕр-мӕст «аразӕн ӕрмӕджы» (сыджыт, рыг) койӕ адӕймаджы «хуыцауӕнгӕс» ӕууӕлтӕ дзӕвгар ӕрбакъуындӕг сты. Адӕймаг политеизмӕй кӕй адард ис, уымӕ амоны, фыддзинад чиныджы цы хуызы ӕвдыст цӕуы, уый дӕр. Ӕппынӕдзух дзы ӕмбӕлӕм ахӕм дзырдимӕ, зӕгъгӕ, Хуыцау дуне кӕй сфӕлдыста, уый у фарны хъуыддаг. Ацы хъуыды ныхмӕ лӕууы муртаттаг цӕстӕнгасмӕ: ома дуне йӕ ӕрдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ у хӕлд, аипджын. Едемы цы фыццаг тӕригъӕдраконд ӕрцыди (3), уый бӕлвырд кӕны: фыддзинад нӕдӕр ӕрдзон, нӕдӕр уӕлӕрдзон фӕзынд у; йӕ аххосаг ын агурын хъӕуы, адӕймаг Хуыцауы бархъомысы ных-мӕ йӕхи фӕнд кӕй ӕрӕвӕры, уым. Хъуӕгтӕ ӕмӕ мӕгуырдзинад не сты Хуыцауы сконд дунейы хъӕнтӕ, уыдон сты Хуыцауы бархъомысы ныхмӕ лӕууыны фӕстиуӕг. Ӕфсымӕрмар Каины бафхӕрд (4:3-16), ӕнӕуаг адӕмы сӕфт доны хъаймӕтӕй (6:9-8:22), Содом ӕмӕ Гомор-рӕ ӕд тӕригъӕдтӕ (18:16-19:29) — ӕппӕт адӕттӕ ӕвдисӕн сты иу хъуыддагӕн: Хуыцау развӕлгъау цы фӕтк ӕрӕвӕрдта, уый сӕрты ахизӕджы ӕнӕмӕнг бахъӕудзӕни йӕ миты тыххӕй дзуапп дӕттын.
Адӕм се ’ппӕт иу уидагӕй равзӕрдысты, зӕгъгӕ, уыцы хъуыды зыны Хуыцауы сфӕлдыст фыццаг къайы — нӕ иумӕйаг фыдӕлтӕ Адам ӕмӕ Евӕйы — таурӕгъы. Дзыллӕты историйы размӕцыдӕн ӕвдисӕн — Райдианы чиныджы даргъ мыггагвӕндӕгтӕ. Раст цыма иу бинонтӕ сты, афтӕ нӕм кӕсы. Чиныджы 10-ӕм хайы уымӕн ис ирд цӕвиттон — зӕххон цӕрджытӕ ӕгасӕй дӕр нымад цӕуынц, доны хъаймӕтӕй чи аирвӕзти, Нойы уыцы ӕртӕ фырты цотыл.
Ӕфсымӕртӕй уӕлдай арфӕгонд у Сим (9:26): Библийы йӕ мыггагвӕн-даг райдыдта Авраамы, Хуыцау ног адӕмты фыдӕлӕй кӕй снысан кодта, уый райгуырды размӕ (11:26). Авраамы хистӕр фырт, Измаил, Хуыцауы арфӕйӕ сси араббаг адӕмы фыдӕл, Исаак та — израилӕгты.
Иаковы арфӕ нысан кӕны, адӕмы аирвӕзыны истори цы патриархты дуджы райдыдта, уымӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ ис.
Райдианы чиныджы ӕрдхӕрӕны хицӕндзинӕдтӕй иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕймаджы ӕмахастытӕ дзы куыд ӕвдыст цӕуынц, уый. Цы фидыды бындурыл рӕзынц, уымӕн ис фарны мидис. Фыццаг хатт фидыды койыл ӕмбӕлӕм Нойы царды хабӕртты (9:8-17). Авраамы фӕзындимӕ фидыды темӕ Райдианы чиныджы бацахсы иууыл ахсджиаг бынат ӕмӕ афтӕмӕй бацӕуӕн хайау свӕййы ӕгас Сыгъдӕг Фыстмӕ. Патриархтӕн зӕрдӕ бавӕрдӕуы ӕнӕнымӕц бирӕ цотӕй ӕмӕ, фидӕны кӕм ӕрцӕр-дзысты, уыцы зӕххытӕй. Авраам у, Ханаан кӕмӕн баззайдзӕни, уыцы номдзыд адӕмы рагфыдӕл (12:1-3; 13:15-17). Ахӕм дзырд Хуыцау радта Исаак (26:3-4) ӕмӕ Иаковӕн (35:11-12) дӕр.
Фидыд Райдианы чиныджы у, Хуыцау барвӕндӕй йӕхимӕ кӕй райсы, ахӕм иувӕрсыг хӕс. Хуыцауы уы цы фӕндон куыд кадджын ӕмӕ ӕнӕивгӕ у, уый зыны, адӕймаджы зӕрдӕйы арф фӕд чи уадзы, ахӕм нывты (15).
Райдианы чиныджы кӕронбӕттӕн хай нӕ ӕууӕндын кӕны: Хуыцау алкӕддӕр цӕттӕ у адӕймагӕн баххуыс кӕнынмӕ, цӕмӕй уый ба-фӕраза йӕ ӕппӕт зынтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕн, гадзрахатдзинад ӕмӕ бӕллӕхтӕн; цӕмӕй, йӕ фыдбонтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ницӕмӕ даргӕйӕ, ӕппынфӕ стагмӕ фӕуӕлахиз уа фыддзинадыл. Иосифы йе ’фсымӕртӕ мӕнгардӕй ауӕй кодтой Мысырмӕ. Фӕлӕ сын Хуыцау сӕ фыдвӕндтӕ фехӕлдта. Стонг аз куы скодта, уӕд Иосиф сси Мысыры адӕм ӕмӕ йӕ бинонты ирвӕзынгӕнӕг. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ хӕрзаудӕн, Хуыцауы хъомыс кӕддӕриддӕр хӕрамы тыхтыл уӕлахиз кӕй кӕны, уый.

